РХИ-йы Президент Гаглойты Алан хайад райста Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуырадон советы рабадты, цыран ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим хыгъд радта 10 азы дæргъы бакæнгæ куысты тыххæй.

Тедеты Вадим бузныг загъта ХИПУ-йы коллектив æмæ студенттæн, афтæ ма республикæйы разамынадæн æмæ банысан кодта уыдоны комкоммæ бавæрд уæлдæр ахуыргæнæндоны æнтыстытæм фæстаг 10 азы дæргъы.

«Хицæнæй мæ банысан кæнын фæнды раздæры ректортæ Цыбырты Людвиг, Кокойты Теймураз æмæ дзæнæттаг Гаглойты Юрийы, кæцытæ университетæн разамынд кодтой æндæр æмæ æндæр азты, сæ бацамындтытæ мæнæн уыдысты ахсджиаг», – загъта Тедеты Вадим.

Ректор радзырдта, 2013 азæй фæстæмæ æххæст чи цæуынц, уыцы мадзæлтты комплексы тыххæй, кæцытæ здæхт уыдысты уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыры процесс æмæ зонадон архайд хуыздæр кæнынмæ.

Университеты ректор хыгъд радта   бакæнгæ куысты тыххæй

«Æххæстæй æркондæуыд фæткмæ ахуырадон документаци, афтæ ма стандарттæм гæсгæ нормативон-барадон базæ дæр. Университет дыууæ хатты – 2017 æмæ 2023 азты æнтысгæйæ рацыдис аккредитаци Ахуырад æмæ зонады министрады. Æппæт дæсныйæдты фæдыл дæр райстæуыд ахуырадон архайд кæныны фæдыл лицензи. Æдзухон куыст цæуы ахуырадон æмæ фæллойадон дисциплинæ хъахъхъæныны фæдыл. Ахуырадон процесс æххæстæй ифтонг у ахуыры æппæт хъæуæг техникон фæрæзтæй», – банысан кодта уый.

Тедеты Вадим ма банысан кодта, зæгъгæ, уæлдæр ахуыргæнæндоны базæйыл байгом сты ног дæсныйæдтæ: «Прикладон математикæ æмæ информатикæ», «Меди-цинон биохими», «Æхсæнадæмон ахастытæ», «Фæндагон змæлды организаци æмæ æдасдзинад», афтæ ма рæстæгæй-рæстæгмæ байгом вæййы «Актерон дæсныйад»-ы факультет.

«10 азы дæргъы уæлдæр ахуыргæнæндоны кусджытæ рауагътой 350 чиныгæй фылдæр, уыцы нымæцы ахуыргæнæн чингуытæ, зонадон чингуытæ, монографитæ, конференциты фæстиуджытæм гæсгæ зонадон куыстыты æмбырдгæндтæ æмæ æндæртæ. Хыгъдон рæстæджы уагъд æрцыдис 423 зонадон-практикон конференци æмæ тымбыл фынджы, кæцытæн сæ фылдæр хайæн уыдис æхсæнадæмон статус», – загъта ректор.

Тедеты Вадим радзырдта, ХИПУ-йы базæйыл арæзт кæй æрцыд Зонады хайад æмæ ацы аз уый рацарæзт кæй æрцæудзæн Ирæтты истори æмæ нартзонынадон центрмæ. Уыимæ уый паддзахады сæргълæууæгæн загъта бузныг, центр саразыны йын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, университеты зонадон царды уый уыдзæн историон цау.

Йæ доклады ма ректор афтæ банысан кодта, зæгъгæ, уæлдæр ахуыргæнæндон активон æххуыс кæны студенттæн æмæ сæм æвзæрын кæны зонадмæ цымыдисдзинад.

«Иууыл цæттæдæр студенттæ сæ зонадон къухдариуæггæнджыты разамындæй хайад райсынц æрвылазон зонадон-студентон конференциты. Иттæг хорз чи ахуыр кæнынц, уыцы студенттæ раразмæ æрцæуынц номыл стипендитæ райсынмæ, уыцыиу рæстæджы иттæг хорз академион стипендитæ дæр исгæйæ. Раздæр сфидаргонд номыл стипендитæм фæстаг 10 азы дæргъы бафтыд Боллойы фырты номыл стипенди фæйнæ 7 мин сомы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны банчы стипенди фæйнæ 5 мин сомы. Ацы аз номыл стипенди фæйнæ 5 мин сомы дæттын райдайдзæн «Мир-Мост-Осетия»-йы фонд дæр», – загъта уый.

Квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсыты тыххæй дзургæйæ, Тедеты Вадим радзырдта, зæгъгæ, уæлдæр ахуыргæнæндоны кусджытæ ахæм курсытæ рацыдысты куыд ХИПУ-йы, афтæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ зонадон организациты дæр, ахæмтæ куыд МГТУ, РУДН, РИСИ, СКФУ, ЮФУ, ПГЛУ, СКГМИ, СОГУ æмæ æндæртæ.

«ХИПУ-йы æрыгон ахуыргæнджытæн æппæт уавæртæ дæр ис сæ профессионалон рæзтæн. Фыццаджыдæр уый æмæ сын фадат ис Уæрæсейы Федераци æмæ Донбассы уæлдæр ахуыргæнæндæтты диссертацитæ ныффыссынæн, квалификаци  фæбæрзонддæргæнæн курсыты æнæаргъæй хайад исынæн», – йæ ныхасмæ бафтыдта уый.

Дунеон бастдзинæдтты тыххæй дзургæйæ, Тедеты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, 2013 азæй ХИПУ уæрæх кæнын райдыдта дунеон бастдзинæдтæ Уæрæсейы Федераци æмæ постсоветон тыгъдады уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ.  10 азы дæргъы къухтæ æрфыстæуыд æндæр æмæ æндæр ахуыргæнæн уагдæттимæ æмгуысткæнынады тыххæй 60 бадзырд æмæ сразыдзинадыл.

Уыимæ ма загъта, зæгъгæ, 2015 азы ХИПУ ссис университетты евразиаг ассоциацийы æххæстбарджын уæнг.

Хыгъды кæронбæттæны ахуырады советы уæнгтæ бузныджы ныхæстæ загътой архайæг ректорæн, афтæ банысан кæнгæйæ, зæгъгæ, уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыры прцесс хуыздæр кæны азæй азмæ.

Гаглойты Алан йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, Тедеты Вадимы разамындæй ХИПУ-йæн ис зынгæ æнтыстытæ, афтæ ма бузныг загъта профессорон-ахуыргæнджыты скондæн сæ куысты æмæ республикæйы ахуырады рæзтмæ сæ бавæрды тыххæй.

«Мах иууылдæр хъуыды кæнæм, нæ университет пырхæнтæй куыд æндидзыдта.  Ныртæккæ мах цы уынæм, уый – иттæг хорз модернизацигонд бæстыхæйттæ, æрбæстонгонд ахуырадон процесс, диссаджы музейон комплекс. Æппæт уыдæттæ фылдæрбæрцæй сты уæлдæр ахуыргæнæндоны, йæ ректор Тедеты Вадимы разамынды руаджы», – загъта Президент.

Уый райгондæй банысан кодта ахæм факт, ахуыргæнджыты скондæн сæ бон кæй у квалификацийы æмвæзад бæрзонддæр кæнын, диссертацитæ хъахъхъæнынимæ баст фарстытæ скъуыддзаг кæнын æмæ къухыбафтгæ сразыдзинæдтæм гæсгæ зонадон нæмттæ райсын.

Уæвæг проблемæтыл дзургæйæ, Гаглойты Алан банысан кодта, специалисттæ кæй нæ фаг кæнынц.

«Квалификациджын кадртæ кæй нæ фаг кæнынц, уый къуылымпы кæны рæзты процесс æмæ мах хæсджын стæм ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнын. Фæнды мæ уæ хъусдард аздахын ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ популяризаци кæныны фарстмæ. Æз нымайын афтæ æмæ проблемæйы скъуыддзаг кæнын райдайын хъæуы бинонтæй, цыран сывæллæттæм æвзæрын кæнын хъæуы мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ сæ ахуыр кæнын хъæуы патриоттæ уæвыныл», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Уый æрсидт зонадон интеллигенцийы минæвæрттæм, цæмæй æххæст бæрндзинады цæстæй кæсой ацы проблемæмæ, Хуссар Ирыстоны разамынады ‘рдыгæй æххуысы тыххæй ныфс бавæргæйæ.

Бакæнгæ куысты тыххæй ректоры хыгъдмæ раздæхгæйæ, Президент банысан кодта, йæхæдæг дæр кæй у ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны рауагъдон æмæ уымæй сæрыстыр кæй у.

«Æз мæхæдæг дæр дæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты рауагъдон, мæ чызг дæр ахуыр кæны ам. Æз сæрыстыр дæн уыдæттæй. Университеты дарддæр кусынц ахæм ахуыргæнджытæ, кæцытæ сæ профессийыл сты иттæг æнувыд. Бæрзондквалификациджын кадртæ цæттæ кæнынæй дарддæр уыдон сæрмагонд хъусдард здахынц фæсивæды удварнон-хæрзæгъдауон хъомыладмæ, æрыгон фæлтæрмæ æвзæрын кæнынц Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, ахуыр сæ кæнынц нæ традицитæ æмæ æгъдæуттыл,  æцæг хæлардзинадыл æмæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн    кусыныл», – загъта уый.

Йæ раныхасы кæрон Гаглойты Алан ноджыдæр банысан кодта, Тедеты Вадимы разамынадæй ХИПУ-йæн кæй ис зынгæ æнтыстытæ.

«Уæрæсейы Федерацийы зынгæдæр университеттимæ æмгуысткæнынад дарддæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад хынцгæйæ,  ХИПУ-йы разамынады бакæнгæ куыстæн аргъ кæнгæйæ, кæд æмæ закъондæттынады ‘рдыгæй ницы ныхдуртæ ис, уæд æз фæндон хæссын, цæмæй Тедеты Вадим Ботазы фырты кандидатурæ раразмæ æрцæуа радон æмгъуыдмæ ректоры бынатмæ», – загъта Гаглойты Алан.

Тедеты Вадим бузныг загъта ахуырадон советæн æмæ республикæйы разамынадæн се ‘ууæнчы тыххæй æмæ йæ цæттæдзинад загъта ректоры бынатмæ æвзæрстыты хайад исынмæ. Ахуырадон советы уынаффæмæ гæсгæ ректоры бынатмæ æвзæрстытæ уыдзысты 2023 азы 6 июлы.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.