14 марты уыд Прокуратурæйы коллегийы рауæрæхгонд рабадт, цыран хатдзæгтæ арæзт æрцыд 2021 азы ведомствойы бакæнгæ куыстæн. Мадзалы хайад райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Рабадты хыгъдон доклад сарæзта Хуссар Иыстоны Генералон прокурор Багаты Магомед. Уый радзырдта хыгъдон рæстæджы республикæйы криминогенон уавæры фæстиуджытыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, 2020 азимæ абаргæйæ, 2021 азы республикæйы фыдракæндты æмвæзад фæкъаддæр дыууæ иуæджы.

«Кæд 2020 азы фыдракæндты нымæц уыд 135, уæд 2021 азы та ацы бæрæггæнæн æрныллæгдæр 133 иуæджы онг. Фæфылæр сты фыдракæндты раргом кæныны бæрæггæнæнтæ дæр, 2020 азы раргом æрцыд 108 фыдракæнды, 2021 азы та – 115. Проценттæм ракæнгæйæ та сты: 2020 азы раргомгонд æрцыд 80 проценты, 2021 азы та – 86,5 проценты. Уæззау фыдракæндты нымæц 2020 азы уыд 81 проценты, 2021 азы та – 84 проценты.  Хыгъдон аз уæззау фыдракæндтæ регистраци æрцыд 7 иуæджы фылдæр: 2021 азы – 43 иуæджы, уый размæ азы та – 36».

Генпрокурор лæмбынæг радзырдта, 2021 азы цы фыдракæндтæ æрцыд æмæ дзы рар-гомгонд цал æрцыд, æппæт уыдæтты тыххæй дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд бирæ нæ, уæддæр уый размæ азимæ абаргæйæ, 2021 азы æппæт фыдракæндтæ дæр фæкъаддæр сты. Радзырдта фыдракæндтæ рабæрæг кæныны тыххæй прокуратурæйы, Мидхъуыддæгты министрады, Уæлвæткон уавæрты министрад, Фæндагон змæлды æдасдзинады паддзахадон инспекцийы, Юстицийы министрады æмархайды тыххæй.

Багаты Магомед банысан кодта, зæгъгæ, æппæт уголовон хъуыддæгты раргом кæныны фæстиуæгæн развæлгъау фæдысгæрсты тыххæй цы дыууæ мæйы æмгъуыд ис, уый хæлд цæуы. Йæ аххосæгтæ сты, 2021 азы пандеми ма апарахаты тыххæй цы мадзæлттæ ист æрцыд, уыдон. Банысан ма кодта æндæр аххосæгтæ дæр.

Генпрокурор куыд загъта, афтæмæй статистикæмæ гæсгæ, фылдæр фыдракæндтæ аразынц нæлгоймæгтæ. Уымæй дæр 30 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, чи нæ кусы æмæ ма уый размæ кæуыл стæрхон чындæуыд, ахæмтæ.

Банысан ма кодта, зæгъгæ, 2021 азы фæстиуджытæм гæсгæ, прокуратурæйы æрдыгæй нысан æрцыдысты хатдзæгон фæстиуджытæ æмæ фæндæттæ.

«Æппæт æмвæзады прокурортæ дæр æдзухæй хъуамæ анализ аразой  архайды æппæт здæхтыты цухдзинæдтæн, куыд цæстдардон, афтæ организацион куысты дæр, фæдфæдылонæй бæрæг цæуæд прокурорты куысты æвæрццаг æмæ æппæрццаг фæлтæрддзинад, мадзæлттæ ист цæуæд республикæйы цардархайды æппæт фадгуыты закъон халыны цаутæ иппæрд кæныны хъуыддаджы, уыимæ ма фæтыхджын кæнæд  коррупцийы ныхмæ архайд, сæрмагондæй та финансон-бюджетон фадыджы, бюджетон фæрæзты эффективон æмæ нысанмæздæхтæй хардз кæныныл контроль кæныны фæдыл Нымайæн палатæимæ иумæ сæ æххæстбартæ реализаци кæнгæйæ», – загъта Генпрокурор.

Уыимæ иумæ ма банысан кодта, зæгъгæ, сæ дæлбар органтыл æмæ хицауиуæгады органтыл прокуророн хъусдард фæактивондæр кæнын хъæуы, фæгъæдджындæр кæнын хъæуы фыдракæндты профилактикæ, фæтыхджындæр кæнын хъæуы барадон пропагандæ.

Багаты Магомед хъусдард аздæхта æвзонг специалисттæ æмæ фæдысгæрсты кусджыты профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинады хъуыддагмæ, афтæ ма бахахх кодта, зæгъгæ, фæтыхджындæр кæндзысты æхсæнадæмон æмгуысткæнынад æмæ Уæрæсейы Федерацийы, Абхазы, Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæтæ æмæ æндæр бæстæты барадхъахъхъæнæг органтимæ æмархайд фæактивондæр кæндзысты.

Мадзалы раныхас кодта Президент Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, тынг ахсджиаг у закъæттæ æххæст кæнынмæ лæмбынæг хъусдард, кæцы æххæст кæны прокуратурæ.

Бæстæйы сæргълæууæг дзырдта наркоманийы проблемæйыл дæр

«Хъусдард аздахын мæ фæнды уæ куысты ахæм здæхтмæ, куыд наркоманийы ныхмæ тох кæнын. Хъыгагæн, мах уынæм, не ‘мбæстæгтæй бирæтæ наркотиктæй кæй пайда кæнынц, уый. Мах хъæуы агурын фадæттæ ацы негативон фæзынды ныхмæ тох кæныны тыххæй. Уый не ‘хсæнады трагеди у», – загъта Президент æмæ банысан кодта, зæгъгæ, наркотиктæ чи парахат кæны, уыдон алы фæрæзтæй дæр архайынц, æмæ афтæмæй алыгъуызон уæззау наркотиктæ ласынц республикæмæ. «Наркотиктæ чи парахат кæны, уыдон сты фыдгæнджытæ, уымæн æмæ нын куынæг кæнынц нæ сывæллæтты, æмæ сæ ныхмæ хъæуы карз тох».

Президент дзырдта коррупцийы тыххæй дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, коррупцийы ныхмæ тохы фæдыл прокуратурæйы кусджытæн йæхæдæг дæр у сæ фыццаг æххуысгæнæг.

Бибылты Анатоли прокуратурæйы кусджытæн бахæс кодта, цæмæй  сæ хъус лæмбынæг æрдарой фыццаграды хъæуæг товартæ æмæ медицинон препаратты æргътæм.

«Æрæджы æз Генералон прокурорæн бахæс кодтон цæмæй прокуратурæ контроль кæна æргътыл. Æргътæ хæрдмæ куы цæуой, уæд нæ ас адæм, хроникон низтимæ адæймæгтæ цы хъуамæ кæной? Нæ хæс у ацы фарстатæ аскъуыддзаг кæнын, профилон структурæтимæ æнгом куыст кæнгæйæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Уыимæ иумæ ма ведомствойы кусджытæн фехъусын кодта сæ мыздтæ кæй фæфылдæр уыдзысты ацы азы январæй.

Прокуратурæйы куысты тыххæй та загъта: «Уæ куыстæй райгонд нæ дæн, – уый зæгъын мæ бон нæу. Сымах æнæмæнгæй дæр бакуыстат. Коронавирусы пандемийы фæкъуындæггонд мадзæлттæ уæ куыстыл сæ фæд кæй ныууагътой, уый дæр банысан кæнын хъæуы, фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ, уæ куыст нымад цæуы рæстæмбисыл».

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.