Ивгъуыд къуыри РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев ауагъта хыгъдон æмбырд, цыран хайад райста Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

Министры ныхæстæм гæсгæ, 2018 азимæ абаргæйæ, 2019 азы хоры æмæ хъæдуры культурæты тыллæгæрконд фæфылдæр. 2019 азы, иумæйаг сисгæйæ, райстæуыд 944 милуан сомы аргъ фылдæр хъæууонхæдзарадон продукттæ. Уыдонæй 93,4 проценты æркодтой сæрмагонд хæдзарадтæ, 7 процент та – зæхкусæгон-фермерон хæдзарадтæ.

Министр ма дзырдта, цас тыллæг райстой ивгъуыд азы республикæйы хицæн районты æмæ куыд æндавы, æфснайæн техникæимæ проблемæтæ кæй ис, уый хъæууон хæдзарады куыстыл.

«Фылдæр нæм тауынц хъæбæрхор, фæззыгæнд мæнæу æмæ сысджы. Фæлæ се ‘фснайыны хъуыддаджы вæййы проблемæтæ. Знауыры районы ранæй-рæтты тыд уыд хъæдур æмæ халсæртты культурæтæ. Картоф та байтыдтой Дзауы районы. Цхинвалы районы фылдæр ис дыргътæ. Цы дыууæ егъау фæткъуыбæлæсты дыргъдон дзы ис, уыдонимæ ноджы тагъд бафтдзæнис, Дменисы хъæуы цы талатæ ныккалдтой уый дæр.

Министр дзырдта хъæууон хæдзарады техникæйы цухдзинадыл дæр. Комбайн æмæ нæм æфснайæн техникæйæ кæд рæстæгæй-рæстæгмæ баххæст вæййы «Ирагропромсервис» уæддæр хæлгæ дæр тагъд фæкæнынц æмæ та уый фæдыл иу проблемæ йæ фæдыл расайы иннæйы.

Статистикæмæ гæсгæ нæ республикæйы цæрджытæн сæ 40 проценты цæрынц хъæуты, уыдонæй алы хæдзар дæр кæны зæххы куыст, кæд уæй кæныны фаг нæ, уæддæр архайынц сæ бинонты фаг дыргътæ æркæныныл. Фермертæ æмæ арендатортæн æххуыс кæныны хæс министрадыл сæвæрдта Хицауад, уымæ гæсгæ уыдон тыллæг куы æфснайынц, уæд сæ фарсмæ балæууы паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагропромсервис». Уыцы лæггæдты аргъæн фермертæ æмæ арендатортæ фидынц æрмæстдæр 1,35 проценты, иннæ суммæ фиды паддзахад.

Министр ма радзырдта ивгъуыд аз республикæйы ветеринарон кусджытæ лæмбынæг æмæ ахадгæ куыст кæй бакодтой. Профилактикон мадзæлттæ уагъд æрцыд алы хъæуы дæр, цæмæй ма бауадзой, фæстаг азты цæрджыты цы фосы низтæ тыхсын кодтой, уыдоны ныхмæ. Вакцинаци æрцыдысты 10 мин ставдкъах фос. Уымæй дарддæр дезинфекци цыдысты, цы бынæтты баст уыдысты æмæ хизынмæ кæдæм фæцæуынц, уыцы сæрвæттæ дæр.

Рабадты фæстиуджытæм гæсгæ вице-премьер бахæс кодта хъæууон хæдзарады министрады кусджытæн, цæмæй 2020 азы ауадзой стурты инвентаризаци æгас республикæйы. Фæфылдæр ма кæной хъæууон хæдзарады кусынæн бæзгæ зæххытæ æмæ ауадзой мониторинг республикæйы эпизоотикон уавæры фæдыл.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.