Ивгъуыд аз хъæды хæдзарады управлени цы куыст бакодта, ууыл æрæджы дзырд цыдис сæ хыгъдон æмбырды. Йæ сæйраг хæстæ раздæрау нымад цыдысты республикæйы хъæды фонд хъахъхъæнын, хъæды хæдзарадон æмæ хъæд æндидзынгæнæн куыстытыл контроль кæнын, афтæ ма хъæдцæттæгæнæн куыстытæн  разамынд кæнын. Йæ дæлбар сты паддзахадон-унитарон куыстуат «Югослеспромхоз» йæ филиалтимæ Дзау, Знауыр æмæ Ленингоры районты.

Управленийы хистæр Чилæхсаты Таймураз куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны хъæды фонд æдæппæт у 186 435 гектары, уыцы нымæцы паддзахады хъæды фонд – 161 730 гектары, Леуахийы паддзахадон æвæрд хъæд та – 24 705 гектары.

Хъæды сæйрагдæр фæзуæттæ ахсынц тæрс бæлæстæ (68 проценты). Уымæй уæлдай ма Дзауы районы хъæды зынгæ фæзуæттæ ахсынц нæзы æмæ соцъи бæлæстæ. Республикæйы территорийыл ма зайынц ахæм бæласы мыггæгтæ, куыд тулдз, кæрз æмæ æндæртæ.

Хъæд цæттæ цæуы нысанмæздæхтæй дзы пайда кæныны, афтæ ма бæлæстæ лыг цæуынц хъæдмæ зилыны нысанæн, æххæст цæуынц санитарон-æнæнизгæнæн мадзæлттæ.

Фæстаг рæстæджы хъæдæй раст пайда кæныныл контроль фæтыхджындæр. Билеттæм гæсгæ, фæлхасгæнджытæн аивгъуыйгæ азы реализаци æрцыд 8 038 кубикон метры хъæдæрмæг, уый та у 2018 азимæ абаргæйæ 923 кубикон метры фылдæр. Уыцы нымæцы 2 217 кубикон метры уыдысты хъуыддагон хъæдæрмæг, сугæн та  æрцæттæ чындæуыд 5 821 кубикон метры. Республикæйы тыхон структурæтæн хъуыддагон хъæдæрмæг æрцæттæ чындæуыд 80 кубикон метры.

Сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы хъæд æнæзакъонæй цæгъдыны ныхмæ тох кæнынмæ. Хыгъдон рæстæджы арæзт æрцыд 11 акты 26 мин сомы аргъ æмæ бахаст æрцыдысты республикæйы бюджетмæ.

Тох цыдис хъæды зынгсирвæзты ныхмæ дæр. Хыгъдон рæстæджы республикæйы æппæт территорийыл æдæппæт фæзындис 6 зынгсирвæзты. Райсгæ оперативон мадзæлтты фæстиуæгæн сæ уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ æмæ бынæттон цæрджыты æххуысæй, рæстæгыл ахуыссын кодтой. Æрмæст Знауыры районы, хъыгагæн, цы зынгсирвæзт уыд, уый разиан кодта 2 576 810 сомы аргъ. Бæрæг куыст цыдис хъæды ресурстæ сног кæныны фæдыл. Ленингоры районы соцъийы талатæ сагъд æрцыд 1800 иуæджы, иу ахæм та Цхинвалы районы. Хъæд цæттæ кæнынæй республикæйы бюджетмæ æхцайы фæрæзтæ бацыд 1 271 331 сомы, план та уыд 800 000 сомы, хивастæй хъæд цæгъдыны тыххæй ивартæ та уыдысты 26 000 сомы.

Хыгъдон рæстæджы бæрæг куыст бакодта паддзахадон-унитарон куыстуат «Югослеспромхоз» районты йæ филиалтимæ. Уыдон цæттæ кодтой хъуыддагон хъæдæрмæг, афтæ ма – цæрджытæн æмæ организацитæн сугтæ дæр. Хыгъдон рæстæджы ацы паддзахадон унитарон куыстуат хъæды продукци æдæппæт æрцæттæ кодта 2 267 кубикон метры.

Республикæйы æппæт бюджетон организацитæ дæр хъармгæнæн сезонмæ рæстæгыл ифтонг æрцыдысты сугтæй. Хыгъдон рæстæджы «Югослеспромхоз» æдæппæт æфтиæгтæ райста 4 234 780 сомы, бюджетмæ та хъалонтæ бахастæуыд 1301 686 сомы.

Докладгæнæг ма æрдзырдта, ацы аз сæ разы цы хæстæ лæууы, уыдоныл дæр. Банысан кодта хъæдтæй пайда кæныны фæдыл куыст кæй хъæуы фæхуыздæр кæнын, кæй фæбæрзонд-дæр хъæуы хъæды фонд цæттæ кæныны гъæд, агротехникон æмгъуыдты кæй хъæуы хъæды культурæтæ садзын сифтонг кæнын. Афтæ ма хъусдард аздæхта хъæдхъахъхъæнджытæн формæйон дарæс æмæ автотранспорт самал кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ. Банысан ма кодта хъæды хæдзарады административон бæстыхай арæзт кæй æрцыд 1973 азы æмæ йæ капиталон цалцæг кæнын кæй хъæуы.

Хыгъдон æмбырды хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Бекъойты Геннади. Йæ раныхасы уый контролмæ райста, раныхасгæнæг цы домæнты тыххæй загъта, уыдоны. Чилæхсаты Таймуразæн бахæс кодта, цæмæй ауадзой хъæды æххæст инвентаризаци æмæ саразой республикæйы хъæды хæдзарады рæзты дырыс программæ.

«Дæтты æмрæнхъ хъæдтæ дæр сты республикæйы сæйраг хъæздыгдзинад, уыдон ахсынц сæйраг бынат йæ æрдзон ресурсты æхсæн. Æмæ, мах хъуамæ аудгæ æмæ рационалонæй пайда кæнæм ацы потенциалæй. Цæмæй хъæды хæдзарады управлени эффективонæй æмæ æппæт гуырахстæй куса, уый тыххæй хъæуы хъæды хæдзарады программæ сног кæнын, хъæды инвентаризаци ауадзын æмæ нормативон-барадон базæ фæ-хуыздæр кæнын. Цæмæй проблемон фарстытæ фæдфæдылонæй скъуыддзаг цæуой, уый тыххæй алцы дæр æмбæрстгонд хъуамæ уа», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.