Æрдз хъахъхъæныны дунеон бон алы аз дæр нысан цæуы 5-æм июны. Уый цытæн Мыхуыры хæдзармæ фæхуыдтой нæ республикæйы Æрдз хъахъхъæныны комитеты геологи æмæ æрдзы ресурстæй пайда кæныны хайады сæргълæууæг Кочысаты Роксанæйы.

Уый  радзырдта, нæ алфæмблай æрдзы нæхæдæг куыд чъизи кæнæм, уый экологты сагъæсы кæй æппары. «Æрдзон  ресурстæ фæстаг азты адæймаг кæй ихсыйын кæны, уый сусæггаг нæу. Бирæ сырдты, мæргъты, уыцы нымæцы кæсæгты хуызтæ сты фесæфынхъус. Уыдоны æмрæнхъ къаддæр кæнынц, нæ æрдзы цы стæм хуыз зайæгойтæ ис, уыдон дæр. Цæмæй æрдзы флорæ æмæ фаунæ хъахъхъæд цæуой, уый тыххæй бакусын хъæуы сæрмагонд программæтыл», – дзырдта уый.

Журналисттæ цымыдис кодтой, æрдзхъахъхъæнынады фадыджы проблемæтыл паддзахадон органтæ куыд контроль кæнынц, цы æфхæрæн мадзæлттæ ист æрцæуы. Уый тыххæй та йæ дзуапп уыд, барадхалджыты ныхмæ бæрæг фыдракæндты фæдыл акттæ арæзт кæй æрцæуы æмæ сæ прокуратурæмæ кæй бадæттынц.

«Æрæджы журналисттæн уæ комитеты сæрдар фехъусын кодта, зæгъгæ, Ставрополæй æрласдзыстæм уæрццытæ. Цы стадийыл ис уыцы фарст?», – цымыдис кодта «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы журналист.

Кочысаты чызг куыд загъта, афтæмæй активонæй куыст цæуы уыцы фарстыл. Фæлæ браконьертæ сæ монцты фæдыл цæуынц, ницæмæ дарынц фæткойтæ. Нæ хъуыды кæнынц, цы зиан хæссынц нæ алфæмблай æрдзæн. Афтæмæй, иуæрдыгæй сæ рапарахат кæныныл архайæм, аннæмæй та – сæ скуынæг кæныныл. Хæдзардзин ахаст дарын хъæуы тобæ бынæттæм. Алчи дæр зоны ахæм бынæтты нæй бар бæлас лыг кæнын, цуан кæнын, кæсæгтæ ахсын, дыргътæ æмбырд кæнын. Уымæн æмæ тæссаг у, куы скуынæг уой, уымæй. Ацы фæткойтæ куы хъахъхъæнæм, уæд бæрæг фæфылдæр уыдзысты сагты уæздан хуызтæ, дзæбидыртæ, сæгуыттæ, æрсытæ.

«Цы мадзæлттæ уадзы уæ хайад, цæмæй æрдзæн цъусдæр фыдракæнд цæуа», ацы фарстæн та афтæ сдзуапп кодта  Кочысаты Роксанæ:

«Экологийыл аудæг  махæй хъуамæ уа алчидæр. Пластикон хауæццæгтæй раст спайда кæныны фарста ахсджиаг у. Бæрæг  куыд у, афтæмæй  полиэтиленæй пакеттæ сæдæ азмæ дæр нæ бамбийынц. Не ‘рвылбоны царды ахæм пакеттæй афтæ арæх пайда кæнæм æмæ йæ фылдæр хатт æмбаргæ дæр нæ фæкæнæм, цы знаггад хæссæм, уый. Экологтæ амонынц, кæй хъæуы ахизын, биологон æгъдауæй цы пакеттæ æмбийынц, ахæмтæм. Зæгъæм, гæххæттæй конд чи у, ахæм хызынтæм. Уыдон 2-3 азмæ кислород æмæ доны фæрцы свæййынц органикон буарадтæ. Целлофаны пакет та мæрмæ куы бахауы, уæд зæххы уæлцъар æмæ дон сæнад кæны. Куы сæ басудзынц, уæд та уæлдай марг у. Сыгъд химикон буарадтæ чъизи кæнынц уæлдæф».

                                   УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.