Хуссарирыстойнаг боксер Гæджиты Гурам ссис Сочийы уагъдцæуæг æппæтуæрæсейон ерысты бронзæйон призер. Тренер Дзигойты Ацæмæзы хъомылгæнинаг фыццаг тохы фæуæлахиз Краснодары минæварыл. Уый фæстæ йæ ныхмæлæууæг уыд дагъыстайнаг боксер. Фыццаг раунды Гурам архайдта хъавгæйæ, фæлæ стæй дыккаг раунды фæрæвдздæр кодта йæ архайд. Æртыккаг раунды та ирдæй бæрæг уыд йæ ныхмæлууæгæй  тыхджындæр кæй у, уый. Фæлæ фондз тæрхонгæнæгæй æртæ уæлахиздзауыл банымадтой Дагъыстаны минæвары. Гурамы тренер Дзигойты Ацæмæз куыд хъусын кæны, афтæмæй уый тыххæй бадæттой протест, домдтой, цæмæй дыккаг раундмæ ногæй бакæсой. Фæлæ уæддæр тæрхонгæджытæ сæ уынаффæ нал аивтой.

ФУТБОЛ

Райдыдта футболæй фыццаг дивизионы чемпионат. Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Новороссийскы «Черноморец»-имæ. Алайнæгтæ архайдтой хуыздæр, фæлæ ныхмæлæууæг командæйы кулдуары раз цы тæссаг уавæртæ сывзæрын кодтой, уыдонæй не спайда кодтой. 65-æм минутыл дзæуджыхъæуккæгты размæбырсæджы фысымтæ сæ иварон фæзуаты кæй сфæлдæхтой, уымæ гæсгæ тæрхонгæнæг снысан кодта 11-метрон цæф. Уый хорз сæххæст кодта Гуырцъыты Батраз. Ирыстоны футболон командæйы хъазджыты уыцы хабар ноджы сразæнгард кодта размæ ноджы стырдæр тыхтæй абырсынмæ. Фæлæ æнæнхъæлæджы 81-æм минутыл «Черноморец»-ы размæбырсæгæн банытст хыгъд сæмхуызон кæнын. Хъазты фæудмæ хыгъд нал фæивта.

«Алани» дыккаг туры 24-æм июлы хъаздзæн Нижнекамскы «Нефтехимик»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.