Цахæм сты Цхинвалы историон хайы перспективæтæ? Цас æдас уыдзæн Зæронд хид бахъахъхъæнын, кæцыйыл æрæджы сæххæст 130 азы? Гæнæн ис йæ реставраци, æви хидæй пайда кæныны æмгъуыд раджы ацыд?

Ацы æмæ бирæ æндæр фарстытыл уынаффæ кодтой цæугæ æмбырды Хицауады сæрдар Джуссойты Константины къухдариуæгадæй. Хайад дзы истой РХИ-йы арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Джуссойты Алан, культурæйы министрады историон æмæ культурон бынты хайады хистæр Багаты Ларисæ, хидтæн проекттæаразæн къабазы специалист Цæгат Ирыстонæй инженер-конструктор Гулуты Нох æмæ æхсæнадон архайджытæ.

Æмбырд уагъд цыд Леуахийы цæугæдоны цур зæронд хиды фарсмæ, кæцы нымад цæуы горæт Цхинвалы визитон карточкæтæй сæ иуыл. Арæзтады министрады экспертон хатдзæгмæ гæсгæ, хид дзуапп нал дæтты æдасдзинады домæнтæн 70 проценты æмæ реставрацион мадзæлттæ æдасдзинады проблемæтæ нæ аскъуыддзаг кæндзысты. Культурæйы министрадмæ цы документ ис, уым арæзт æрцыд ныхмæвæрд хатдзæг. Цæгатирыстойнаг специалисты хъуыдымæ гæсгæ, хиды уæлдоны конструкци, кæцы сноггонд æрцыд 50-æм  азты лæууы, цæугæдон кæй сихсыйын кодта, ахæм агуыритæй быцæутыл, кæцыйæн техникон нормæтæм гæсгæ, категорион æгъдауæй нæй пайдагæнæн.

Зæронд хиды районы цæрджыты фæндон бахынцгæйæ, архайæг Инвестпрограммæмæ хаст æрцыд ног хиды арæзтады тыххæй пункт, йе ‘ддаг хуыз ын бахъахъхъæнгæйæ, фæлæ активисттæ-æхсæнадон архайджыты протесттæм гæсгæ, кæцытæ нымайынц, зæгъгæ, хид хъуамæ бахъахъхъæд æрцæуа йæ абоны хуызы, горæты цæрджыты хъуыды дыууæ дихы фæцис æмæ фарст баззад гомæй.

«Æнæмæнгхъæуæг у горæт Цхинвалы центр фæткмæ æркæнын, куыд горæты цæрджытæ, афтæ столицæйы туристтæ æмæ уазджытæн дæр æй зæрдæмæдзæугæ аразын. Леуахийы донбылгæрон Цхинвалы историон хайимæ иумæ хъуамæ арæзт æрцæуа иугонд стилы, цæмæй суа улæфæн комлексон зонæ. Уыимæ, ахс-джиаг у хиды раздæры хуыз бахъахъхъæнын», – банысан кодта Хицауады Сæрдар. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, йæхæдæг, бындурон цхинвайлаг уæвгæйæ, цымыдис кæны горæты зæронд къуымтæ бахъахъхъæнынмæ.

Джуссойты Константин фæндон бахаста æввахс рæстæджы тымбыл фынг ауадзыны тыххæй, цыран хайад райсдзысты æппæт цымыдисгæнæг фæрстæ æмæ æруынаффæ кæндзысты раразмæгонд фарстытыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.