ПРЕЗИДЕНТ БИБЫЛТЫ АНАТОЛИ ХИСÆРМАГОНД ХЪУСДАРДМÆ РАЙСТА АНСАМБЛЬ «СИМД»-Ы ХЪЫСМÆТ

Кæддæр номдзыд советон поэт Хъайсын Кулиев загъта: «Ирон адæм сæ æрдхæрæйнаджы кафт Симд йедтæмæ куы ницы сфæлдыстаиккой, уæддæр фаг у, цæмæй сæ схонæм стыр адæм». Æмæ уый хуымæтæджы нæ загъта афтæ. Алы нацийæн дæр сæйраг йæ аивад у, нырыккон нæ, национ, традицион аивад, фыдæлтæй йын чи баззад, уыцы аивад. Уыцы аивадмæ гæсгæ йын зонынц æндæр адæмтæ йæ истори дæр æмæ йæ абон дæр, уыцы аивадмæ гæсгæ йæ ахуыр кæны истори дæр. Зæгъæм, махæн нæ фыдæлтæ æрдхæрæйнаджы кафт Симд нæ ныууагътой, фæлæ дунеон нысаниуæджы стыр горæттæ, денджызон флоттæ кæнæ æфсæддон аэродромтæ, уæд уыдонæй дæр афтæ загътаид номдзыд поэт?.. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ загътаид.

Симд æрдхæрæйнаджы, зæдты кафт кæй у, уый фыццаг хатт нæ хъусæм  – уымæйдæр дунейы алы къуымты æмæ дунейы алы адæмты зындгонд лæгтæй. Сæрыстыр дзы уыдыстæм æмæ уыдзыстæм. Фæлæ дзырд ныртæккæ цæуы, нæ диссаджы кафтæн йæхиуыл нæ, фæлæ, йæ ном чи хæссы, уыцы паддзахадон ансамблыл.

Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд» – Ирыстонæн йæ хуссар хайы цæсгом æмæ сæрыстырдзинад. Цал азы лæггад кæны ирон аивадæн, цал национ кафт æмæ æндæр адæмты кæфтытæ рахаста сценæмæкæсджыты рæгъмæ бæрзонд аивадон культурæ æмæ уæздан темпераментимæ, цал ирон адæмон зарæджы систа бæрзонд профессионалон æмвæзадмæ, минмырон, зæлланггæнаг хъæлæсты фæрцы, уыцы нæмæцы æндæр адæмты зарджытæ дæр!

Йæ хъæздыг æмæ хæдгъуыз репертуаримæ кæм не ‘рзылд – нæ кæддæры иумиаг Райгуырæн бæстæ Советон Цæдисы алы къуымты, гъе та дард фæсарæнты! Кæм нæ табу кодтой йæ диссаджы аивадæн, кæм ыл не мбæлдысты дæргъвæтъин къухæмдзæгъдимæ!..

Кæд ын зын уыд, уæддæр!

Зын та йын уымæн уыд, æмæ уæд Гуырдзыстоны сконды уыдыстæм. Гуырдзыйæн та сæ шовинистон политикæ здæхт уыд ирон национ культурæ хурх кæнынмæ, нæ аивады размæцыдæн цæлхдуртæ æвæрынмæ. Кæд-иу цæдисон къухдариуæгады æмвæзадыл рахастæуыд, «Симд» искæдæм гастролты ацæуа, ахæм уынаффæ, уый йедтæмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад ахæмтыл разы никуы уыдысты. Уый уыд æгомыг, фысы цармы æмбæхст геноцид, уымæн æмæ сын уæд сæ национ фыдæх æмæ маргæйдзаг политикæ æргомæй равдисыны фадат нæма уыд. Архайдтой сусæгæй, сæ архайды нысан: цас гæнæн ис, уый бæрц хъуамæ ныгæд цæуа Ирыстоны фарн, ирон лæгæн йæ фæндаг хъуамæ йæхи бар ма уа, ма йын хъумæ уа йæхи æххæстæй равдисыны фадат…

 Нæ номдзыд, не ‘рдхæрæйнаджы кафæг Къæбысты Аслæнбег (Пыцыкк) Иликъо Сухишвилийы ансамблы куы кафыд, уæд уымæн дæр сусæг-æргомæй афтæ нуæзтой йæ туг. Йæ цæстæвæрæн кафтæй сын сæ ансамблы кад бæрзонд кæй иста, уый йын нæ барстой. Концерты рæстæджы-иу ын йæ цухъаты дыстæ кæрæдзимæ нылхынцъ кодтой, цæмæй радон номырмæ байрæджы кодтаид, фæтыхстаид æмæ йæ бон кæронмæ мауал бауыдаид сценæмæкæсæджы йæ уацары бакæнын. Хуымæтæджы сæм нæ баззад ахæм ныхас адæмон æмбисонды хуызы: «Хорз лæг у, фæлæ ирон у…». Абон дæр сæрыстыр цы Сухишвилийы ансамблæй сты, уый дæр сын Хетæгкаты Владимиры фæрцы кæй сырæзт æмæ сномдзыд, уый та сын уæлдай рæхуыст уыд.

Ахæм æндыгъд уавæры дæр, кæд ын йæ хурхмæ згæ кард дардтой, уæддæр нæ ахуыссыд ансамбль «Симд»-æн йæ аивадон цæхæр. Рæзт йæ профессионалон æмвæзад, хъæздыгæй-хъæздыгдæр кодта йæ репертуар. Гуырдзиаг шовинизмы æфсон-дзæй бæргæ фервæзт, фæлæ, дам, амонд алы хатт иунæгæй не ‘рцæуы, йемæ фæбалц вæййы æнамонддзинад дæр… Йæ фæндæгтæм ын гуырдзы бар нал дардтой, фæлæ фехæлд нæ дарæг, нæ уромæг Советон Цæдис дæр æмæ уыцы фæндæгтæ бынтондæр ныссуйтæ сты…

Фæлæ нæ рывæрдта йæ гæрзтæ нæ уарзон ансамбль. Хуыздæрæнхъæл, хуыздæр сомбоныл æууæнкимæ кодта йæ куыст, йæ аивадон арт мынæг кæнын нæ уагъта. Ахæм уавæр æндæвта ансамблы хъысмæтыл, куыднæ йыл æндæвта… Уыдис-иу ын мидæггагон конфликттæ. Кæм-иу коллектив къухдариуæгады не ‘мбæрста, кæм та – иннæрдæм. Ахæм уавæрты кусгæйæ дæр нæ уарзон ансамбль иу æмæ дыууæ хатты нæ фæцис цæстæвæрæн, иу æмæ дыууæ хатты не скад кодта Ирыстон æмæ ирон адæмæн, йæ рæсугъд, йæ зæрдæмæхъаргæ аивадæй… Фæлæ уæддæр иу æндыгъд уавæрæй иннæмæ хизын æндæвта ансамблы профессионалон æмвæзадыл дæр æмæ курдиатджын коллективы зæрдæйы равгыл дæр…

Ахæм æндыгъд уавæр та дзы сæвзæрд фæстаг рæстæджы дæр. Æмæ ма афтæ куы уаид æмæ-иу тыхст рæстæджы кæрæдзи фарсмæ куы балæууиккам, алкæй зæрдæмæ дæр-иу фæндаг куы ссариккам, чи рæдийы, уый рафæлгъауын æмæ йын цæстуарзонæй йæ ных бакъуырын куы зониккам, уæд-иу æнцонæй бæргæ рахизиккам цыфæнды зын уавæрæй дæр, фæлæ… Фæлæ не ‘хсæндзарды бирæ ис ахæмтæ, кæцытæн сæ уд сæ дзæцц у æндыгъд уавæры артыл ноджы хус сугтæ æппарын. Йæ ахуыссын кæныны бæсты! Чысыл исты, уæд интернет-тыгъдады иууылдæр зондамонджытæ æмæ критиктæй агæпп кæнынц, дам-думты зæй рауадзынц алцæуыл дæр æмæ алкæуыл дæр. Афтæмæй куыд æмæ цас цæрынмæ хъавæм, уый бæрæг нæу.

Фæлæ бæрæг у иу хъуыддаг, нæ паддзахады сæргълæууæг бæстонæй æрæвнæлдта ацы хъуыддагæн, боныфæстагмæ, кæрон скæнынмæ, ансамблы хъысмæт сæрмагондæй йæхи бæрндзинадмæ райсгæйæ.

Ацы бонты Президент Бибылты Анатоли фембæлд ансамбль «Симд»-ы коллективимæ, лæмбынæгдæр базонгæ сæ проблемæтимæ. Коллективы базонгæ кодта сæ ног аивадон къухдариуæггæнæгимæ.  Уый  у  зындгонд кафæг, Цæгат Ирыстоны Адæмон кæфтыты академион ансамбль «Алан»-ы раздæры солист, Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Гуылæрты Радион. Паддзахады сæргълæууæг ирдæй равдыста йæ принципиалон позици ансамблы фидæны хъысмæтмæ ахасты æмæ бамбарын кодта, кæй йæм ис фæндвидар тырнындзинад «Симд» ног æмвæзадмæ сисыны тыххæй.

«Мæн тынг зæрдæбынæй фæнды, цæмæй «Симд»-ы фенон, нæ сæр бæрзæндты кæмæй хастам, сæрыстыр кæмæй уыдыстæм, ахæм æмвæзадыл, кæцы уыд нæ адæмы адæмон исад. Æмæ уыцы фæндиаг сæххæст кæныны хъуыддаджы мæн ницы бауромдзæн» – загъта Бибылты Анатоли.

Ансамблы коллективимæ ныхас кæнгæйæ, Президент æрсидт се ‘ппæтмæ дæр, цæмæй æрбангом уой æмæ балæууой сæ ног аивадон къухдариуæггæнæджы фарсмæ, цæмæй ногæй сæндидза ансамблы раздæры фидауц æмæ профессионалондзинад. Уый сын фидар ныфс бавæрдта, иудадзыг сæ фарсмæ кæй уыдзæн æмæ сын æппæт-варсон æххуыс кæй кæндзæн техникон фæлындзынады, ног концертон дарæс æмæ сын комфортабелон транспорт самал кæныны хъуыддаджы дæр.

«Хъусын уын кæнын стыр бæрндзинадимæ, «Симд» кæй уыдзæн мæ æдзухон хъусдарды бын, цæмæй кæддæриддæр зонгæ уон, цы проблемæтæ-иу уæм фæзына, уыдонимæ. Уый тыххæй, цæмæй сымахæн уа кусыны, уе сфæлдыстадон потенциал райхалыны фадæттæ. Тынг ахсджиаг у, уæхи ‘хсæн, куыд коллектив, афтæ куы уа хъæрмуд ахаст, куы уæм уа фидар дисциплинæ, уæ профессионалондзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ тырнындзинад.

 Махæн абон нæ хæс у «Симд»-æн йæ уæвынады, йæ куыстадон формат фæивын, ног къæпхæнмæ йæ схизын кæнын. Сымах стут национ исад цæрдхъомгæнджытæ æмæ хъуамæ иууылдæр æппæтварсонæй уат уыцы бæрнон хæсы аккаг. Мæн фидарæй уырны, сымах уе ‘ппæт дæр кæй стут уыцы фæндоныл хæст, цæмæй «Симд» ныллæууа рæзты фæндагыл, æмæ мæ уырны, иумиаг тыхты фæрцы уый нæ къухы кæй бафт-дзæн».

Ансамблы бындурон сконд æххæстбæрцæй йæ куыстмæ хъуамæ æрæвнала ацы бонты. Фембæлды рæстæджы куыд рабæрæг, афтæмæй зæрдæйы фæндиаг фæстиуджытæ къухы бафтын кæныны тыххæй хъæуы удуæлдай куыст кæнын.

Паддзахады сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ансамблы алы кусæг дæр хъуамæ йæ къух бафысса сæрмагонд кусæгон бадзырдыл, цæмæй алчи дæр æнкъара фылдæр бæрндзинад.

Мах «Симд»-ы хъæуы бынтон æнæниз, бæрзонд æмæ хæрзконд чи уа, ахæмтæ. Ансамблы алы артист дæр хъуамæ уа цæвиттойнаг, æнæхъæн коллектив та – рæсугъддзинад æмæ сæрыстырдзинады символ. Уый мæнæн тынг ахсджинаг у» – йæ ныхас балхынцъ кодта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.