Республикæйы хъæууон хæдзарады министрады архайды, афтæ ма Парламентмæ æмæ адæммæ Президенты ныстуаны фæлгæтты йæ хæслæвæрдтæ куыд æххæст цæуынц, уыдæтты фæдыл ныхас цыдис Президент Гаглойты Аланæн хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Аланимæ цы кусæгон фембæлд уыд, уым.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ сæ разы цы сæйрагдæр хæс лæууы, уый у республикæйы хæлцадон æдасдзинад сифтонг кæнын æмæ экспортон потенциал бæстон кæныны тыххæй агросæудæджерадон комплекс саразын.

“Махæй алчи дæр зоны, хъæууон хæдзарад кæй хъуамæ ахса ахсджиагдæр бынат республикæйы экономикæйы. Ацы къабазы уавæр ныртæккæ хуымæтæг нæу, кæд нæ паддзахадæн йæ потенциал егъау у, уæддæр. Хъæууонхæдзарадон продукци уадзæг сæйраджыдæр сты хисæрмагонд хæдзарадтæ æмæ зæхкусæгон фермерон хæдзарадтæ. Хъæууонхæдзарадон продукцийæ республикæйы домæнтæ фылдæр бæрцæй ифтонг цæуынц Уæрæсейы Федерацийæ æрласгæ продукттæй”, – загъта министр.

Куыд ма загъта, афтæмæй нырма, хъыгагæн, нæ республикæйы нæй хъæууонхæдзарадон продукттæ куыстгæнæг кондадтæ æмæ хъæууон фæллойгæнджытæн проблемæ вæййы се ‘ркæнгæ продукци реализаци кæнын. Цæвиттонæн æрхаста, зæгъгæ, ивгъуыд аз нæмыгон культурæтæй тыллæг райстæуыд 56426 центнеры, уый та у йæ размæ азæй 28007 центнеры фылдæр, хуымзæххыты фæзуæттæ та фæфылдæр сты 707,8 гектары.

Фæлæ Мæргъийы фырты ныхæстæм гæсгæ нæмыгон культурæты æфснайын æмæ дарддæр бакусыны фæдыл куыстуæттæ кæй нæй, уый тыххæй фермертæ æвза-рынц зындзинæдтæ. Хъæууон хæдзарады министрад исы мадзæлттæ, цæмæй йæ дæлбаруæвæг куыстуат “Ногæй куыстгæнæг кондадты комплекс”-ы æххæст хъомысадæй скусын кæныны фæдыл.

“Ацы объект сæндидзын кæныны фæлгæтты нæ къухты бафтыд бæрæг æнтыстытæ, бæлвырддæрæй та куыстмыздты фæдыл хæстæй ссæрибар стæм, электрофикаци æрцыд кондадон фæзуат æмæ уый фæстæ та уадзын райдайдзыстæм комбихоллæгтæ”, – загъта министр.

Куыройы тыххæй дзургæйæ, министр банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй скуса, уый тыххæй хъæуы финансон фæрæзтæ 16 милуан сомы бæрц.

“Ахæм хъомысады ног куыройы аргъ у 22 милуан сомы бæрц. Фæлæ ам, цæмæй ма фæрæдийæм, уый тыххæй ссардтам, цы куырой нæм ис, уый куыст чи æрбæстон кæ-на, ахæм специалисттæ æмæ нæ финансон хæрдзтæ рауайдзысты къаддæр. Дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ ацы специалист хъуамæ æрцæуа æмæ йæм æркæса, цы уавæры ис, уый тыххæй сараза хатдзæг”, – загъта уый. Банысан ма кодта, зæгъгæ, цæмæй куырой нывыл куса, уый тыххæй йæ хъæуы элеватор дæр.

Дарддæр министр лæмбынæг радзырдта, уæрæсейаг бангты кредитон фæрæзты руаджы хъæууон хæдзарады инвестицион проекттæ реализаци кæныны тыххæй, кæцытæ нысан сты 2022-2025 азтæн республикæйы социалон экономикон рæзты паддзахадон программæйы. Йæ ныхæстæм гæсгæ хъуамæ реализаци æрцæуой дыргътæ æмæ халсæрттæ æфснайын æмæ кæронмæ бакусыны фæдыл проекттæ. Æмæ уый хорз разæнгардгæнæн фæрæз уыдзæн хъæууонхæдзарадон продукттæ уадзджытæн, цæмæй фылдæр кæной æркæнгæ продуктты гуырахст.

Хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххыты инвентаризацийы фæдыл куысты тыххæй дзургæйæ банысан кодта, зæгъгæ, дæ бахæсмæ гæсгæ паддзахадон исады æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитет “Югосельхознадзор”-ы службæимæ бæрæг кæнынц, хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæй нысанмæ здæхтæй куыд пайда цæуы. Бæрæг цæуынц, районты администрацитæ арендатортимæ цы бадзырдтæ сарæзтой, уыдон. Йæ ныхæстæм гæсгæ абоны бонмæ ахæм куыст фесты Цхинвал æмæ Знауыры районты æмæ ныр та æрывналдзысты Дзауы районмæ.

Куыд банысан кодта, афтæмæй министрадæн практикон æгъдауæй йæ бон нæу контроль кæна хъæууон хæдзарады нысаниуæджы зæххытæй нысанмæздæхтæй æмæ рационалонæй пайда кæнын. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, куыст цæуы нормативон-барадон базæ бацæттæ кæныны фæдыл, цæмæй зæххы фæдыл хъусдарды хайад æввахс рæстæджы æрæвнала хъусдарды функцитæм – басгæрстытæм.

Йæ рады президент банысан кодта, зæгъгæ, хъæуы ногæй æркæсын зæххы фæдыл бадзырдты хуызæгтæ æмæ формæтæм, кæцытæ раздæр арæзт цыдысты арендатортæ æмæ паддзахады æхсæн. Уыимæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, реалон инвесторæн республикæйы кæцыфæнды районы дæр зын у зæхх арендæйы райсын.

“Арендæйы зæххы фадыг чи райста æмæ йæ чи кусы, уыдонæн хъæуы æххуыс кæнын, фæлæ 10-15азы размæ бадзырдтæ чи сарæзтой æмæ арендон фиддонтæ чи нæ фидынц, нысанмæ гæсгæ зæххæй чи нæ пайда кæны æмæ йæ чи нæ кусы, уыдонæн сæ мах исдзыстæм, паддзахадон исады комитеты кæнæ тæрхондоны руаджы”, – фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæг.

Мæргъиты Алан ма радзырдта ног агротехникæ лизинджы бадзырдмæ гæсгæ самал кæныны фæдыл куысты тыххæй.

“Объективон аххосæгтæм гæсгæ хуымгонд зæххыты иумæйаг фæзуат у 2600 гектары бæрц. 2022 азы фæстиуджытæм гæсгæ хъæууонхæдзарадон культурæты байтыдтыты фæзуат схызт 3200 гектармæ. Сæйраджыдæр тыд цæуынц мæнæу, хор, нартхор æмæ сысджы. Техникæ кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ фæстаг дæсгай азты дæргъы куыстгонд нæ цæуынц 12000 гектары хуымзæххытæ æмæ скъутæр сты”, – банысан кодта министр. Куыд ма загъта, афтæмæй паддзахадон унитарон куыстуат “Ирагропромсервис”-ы балансыл чи ис, уыцы хъæууонхæдзарадон техникæйæн йæ 70 процент æлхæд æрцыдысты 2007-2011 азты æмæ сæ ресурс æххæстæй бакуыстой. Ахæм техникæйыл æгæр стыр уæз кæй цæуы, уымæ гæсгæ æмгъуыдæй раздæр фехæлынц æмæ уый та æркæны уæлдай финансон хæрдзтæм.

“Дæ хæслæвæрдмæ гæсгæ хъæууон хæдзарады министрад республикæйы хицауадимæ кусынц “Ирагропромсервис”-ы балансыл уæвæг хъæууонхæдзарадон техникæйы баххæст кæныныл. Мах ныхас кæнæм “Росагролизинг” – имæ техникæ самал кæныны фæдыл”,- загъта Мæргъиты Алан.

Ацы фарсты фæдыл ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, перспективæйы цы техникæ хъуамæ самал кæной, уый фадат ратдзæн бирæ хуымзæххытæ бакусын.

Министр ма президентæн радзырдта ныстуаны фæлгæтты хъæууонхæдзарадон продукттæ уадзджытæн æххуыс кæныны фæдыл уæлæмхас мадзæлттæ райсыны тыххæй хæслæвæрдтæ куыд æххæст цæуынц, уый тыххæй.

“Хъыгагæн банысан кæнын хъæуы, республикæйы хъæуты царды æмвæзад ныллæгдæр кæй у æмæ æгуыстдзинад та фылдæр, уыцы аххосæгтæ сты, фæстаг дæсгай азты хъæууон цæрджыты нымæц кæй къаддæр кæны, уымæн. Уымæ гæсгæ къаддæр кæнынц зæхкусæгон (фермерон) хæдзарадтæ, индивидуалон амалиуæггæнджытæ æмæ хæдзаргæрон зæххы фадгуытæ. Ацы процесс дарддæр кæны”, – банысан кодта Мæргъийы фырт. Уыимæ ма йæ ныхæстæм гæсгæ хæдзариуæгады ахæм формæтæн æххуыс кæныны тыххæй райсын хъæуы мадзæлттæ. Æмæ уый фадат радтид хъæууон цæрджыты амалиуæгадон архайдмæ разæнгард кæнынæн, ног кондадтæ организаци кæнынæн æмæ хъæумæ фæсивæды æрбакæнынæн.

“Зындгонд куыд у, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы ахæм æххуыс уæлдай тынгдæр исынц райдайæг фермертæ. Уæрæсейы фермерон хæдзарадтæ æмæ хъæууонхæдзарадон коперативты ассоциацийы зонæнтæм гæсгæ æрмæст 2019 азы 3 мин кусæгæй фылдæр райстой, цæмæй ахæм хæдзарадтæ райстаиккой. Ног кусæгон бынæттæ саразын у хъæуты фæсивæды æруромыны, хъæууон цæрджыты æфтиæгтæ бæрзонддæр æмæ хъæууон территориты рæзын кæныны ахсджиагдæр мадзæлттæй сæ иу” – загъта уый.

Куыд ма загъта, афтæмæй ацы фарстыл куыст цæуы хицауады.

Президент йæ рады ныхас æрыфтыдта чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады льготон кредиткæнынады фарстыл, фæрæзтæй нысанмæ здæхтæй пайда кæныны тыххæй паддзахадон программæйы фæлгæтты бизнес проекттæ организаци кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй.

“Иуæй иу амалиуæггæнджытæ кредиттæ райсынц хъæууон хæдзарады рæзты тыххæй æмæ сæ хардз та бакæнынц æндæр цæуылдæрты. Уымæ гæсгæ хъæууон хæдзарады министрады минæвæрттæ хъуамæ контроль кæной, финансон фæрæзтæ цы проекттæн лæвæрд цæуынц, уыдон реализаци кæныныл”, – загъта президент. Фембæлды рæстæджы ма уый хъусдард аздæхта хъæрмуатон хæдзарадтæ организаци кæнынмæ.

 “Практикæ куыд уынын кæны, афтæмæй ахæм хæдзарадтæ иууыл цыбырдæр æмгъуыдты дæттынц тынг хорз фæстиуæг. Хъæрмуатон хæдзарадтæ организаци кæнын хъæуы уымæн æмæ хъæууонхæдзарадон продукцийы фылдæр хай нæ республикæмæ ласт цæуы æддейæ æмæ уый та баст у бæрæг зындзинæдтæ æмæ уæлæмхас хæрдзтимæ. Ахæм хæдзарадтæ саразын ахъаз кæндзæнис кусæгон бынæттæ фылдæр кæнынæн, афтæ ма рауадзгæ хæлцадон продукцийы хиаргъ къаддæр кæнынæн”, – загъта Гаглойты Алан.

Фембæлды ма дзырд цыдис хъæууон хæдзарады кадртæй ифтонг кæныныл дæр.

“Республикæйы хъæууонхæдзарадон къабазы кадртæй ифтонг кæныны фарст лæууы карзæй. Алы здæхыты дæр æнкъардæуы профессионалон специалистты – агрономты, механизаторты, ветеринарты, фосдарджыты, зоотехникты хъуагдзинад”, – банысан кодта министр.

Куыд ма загъта, афтæмæй ацы азы райдианы Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарады министр Димитр Патрушевимæ кусæгон фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис Уæрæсейы æндæр уæлдæр ахуырадон уагдæтты базæйыл квалификациджын кадртæ бацæттæ кæнынæн нæ республикæйæн баххуыс кæныны фарстыл.

“Уæлæмхас квотæтæм ахуырмæ райсыны фæлгæтты бакæнгæ куысты фæстиуджытæм гæсгæ республикæйы æмбæстæгтæн 2023-2024 ахуыры азы лæвæрд æрцыд цыппар квотæйы”, – банысан кодта министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ министрад æппæт дæр араздзæн, цæмæй эффективонæй нысан цæуой банысангонд сразыдзинæдтæ, куыст дарддæр цæудзæн Уæрæсейы профилон уагдæттимæ æмгуыст кæнынад фидардæр æмæ рæзын кæныныл.

     БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.