5-æм октябры Уголовон фæдагуырды кусджытæ нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Ардæм хауынц слестгæнджытæ, оперативон кусджытæ, эксперттæ, криминалисттæ, кинологтæ, шофыртæ æмæ æндæртæ.

Уголовон фæдагуырды кусджытæн арфæ кæнынмæ æрбацыдис Мидхъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг милицийы булкъон Цхуырбаты Андрей.

«Уæ профессионалон бæрæгбоны тыххæй уын зæрдæбын арфæ кæнын! Ут кæддæридæр æнæниз, æнæмаст æмæ зæрдæрухс. Милицийы уголовон фæдагуырды хай у, не’мбæстæгты сабырдзинад чи хъахъхъæны, уый. Искуы исты фыдракæнд куы æрцæуы, уæд фыццаг фæдисонтæ вæййут сымах. Уæ куыст у тынг зын, фæлæ ахсджиаг. Нæ Республикæйы сабыр цард сымахыл баст у æмæ мæ уырны, уæ куысты æнтыстджын кæй уыдзыстут» – загъта Цхуырбаты Андрей.

Сæ службæйон хæстæ  хорз кæй æххæст кæнынц æмæ Уголовон фæдагуырды сырæзтыл 100 азы кæй сæххæст ис, уый сæраппонд цалдæр кусæджы хорзæхджын æрцыдысты «100 лет милиции» æмæ «За доблесть в службе»-йы майдантæй, кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй.

Уголовон фæдагуырды кусджытæ удуæлдай тох кæнынц фыдгæнджытимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм куыст æнцон нæу, бирæтæ дзы сæ цард дæр рауæлдай кодтой æмæ фæмардысты фыдгæнджыты къухтæй. Ахæм куыст адæймагæй домы хъæбатырдзинад, æнувыддзинад, хъуамæ уай ныфсхаст æмæ уыимæ æгъдауджын дæр. Сæ куысты спецификæ ахæм у æмæ сын се’нтыстытæ адæм нæ базонынц. Афтæмæй та криминалимæ тох иу минут дæр иу ран нæ лæууы.

1918 азы 5-æм октябры Уæрæсейы Советон Социалистон Федеративон Республикæ райста уагæвæрд «Уголовон фæдагуырды хайы сырæзты тыххæй». Уый уыд æнæмæнгхъæуæг къахдзæф фыдгæнджыты æмæ бандитты ныхмæ тохы. Ацы юридикон документ ссис Уголовон фæдагуырды службæйы бон нысан кæныны бындур. Уымæ гæсгæ йæ алы аз дæр нысан кæнынц 5-æм октябры.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.