Мидхъуыддæгты фæдагурæн рæстæгмæдарæн изоляторы фыднады фæстиуæгæн цы æмбæстаг амард, уый фæдыл æмбæлон органты ‘рдыгæй уагъд цæуы фæдагурæн мадзæлттæ.

Æхсæнады стыр, резонансон цау чи ссис, уый фæдыл Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы кусджытæ кæнынц æнæмæнгхъæуæг процессуалон æмæ фæдагурæн куыст, цæмæй бæлвырд æрцæуой не ‘мбæстаг Дзабиты Иналы амæлæты цауы аххосджынтæ.  Уый фæдыл информацион фæрæзтæн информаци радта Генералон прокуратурæйы фæдагурæн управленийы коррупцион здæхты фыдракæндтæ раиртасыны уæлдай ахсджиаг хъуыддæгты фæдыл хисдæр фæдагурæг, фыццаг къласы юрист Танделаты Эдуард. Йæ ныхæстæм гæсгæ Дзабиты Иналы амæлæты зæрдæхсайгæтæм ахасты уголовон хъуыддаджы фæдыл ахст æрцыдысты: Криминалон милицийы уголовон фæдысгæрсты хайады сæргълæууæг Сланты Ирбег Иналы фырт, хисдæр оперæххæстбарджынтæ Хуыгаты Марат Славикы фырт, Багаты Алан Сергейы фырт, Къозонты Сергей Владимиры фырт, Тадтаты Артур Виталийы фырт, оперæххæстбарджын Годжыцаты Зауыр Зурабы фырт, криминалон милицийы терроризм æмæ экстремизмы хайады сæргълæууæг Джиоты Андрей Лаверы фырт.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, уыцы номхыгъдтæ фæдагуырды рæстæджы кæнæ фыл-дæр кæндзысты, кæнæ – къаддæр. Ацы хъуыддаджы развæлгъау зæрдæхсайгæ уыдысты аст кусæджы, фæлæ дзы иумæ ницы азым ссардæуыд фæдагуырды рæстæджы æмæ иуварс æрцыд.

Генералон прокуратурæйы хиддæр фæдагурæг ма зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 28 августы æбæрæг цæсгæмттæм ахасты конд æрцыд уголовон хъуыддаг Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 286 уацы 3 хайы пункт «йæ бæрныуæвæг хæстæ кæй фæфылдæр кодта», уый фæдыл. Ацы уац кæройнаг нæу, ивд цæу-дзæн, фæдагуырды рæстæджы йæм хаст цæудзæн ног эпизодтæ.

Танделаты Эдуард ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Генералон прокуратурæйы фæдагурæн управленийы уголовон хъуыддаг бакæныны фæлгæтты нысан æрцыд тæрхондонон – медицинон экспертизæ, кæцы уагъд цæудзæн Хуссар Ирыстоны территорийыл.

«Амæлæты аххосæгтæ сбæрæг кæныны нысанæн уагъд цæуы экспертизæ. Махмæ ис уыцы хъуыддаджы специалисттæ, кæцытæ æххæстбарджын сты бæрæг экспертизæ нырыккон ифтонггæрзты руаджы ауадзыны фæдыл. Уым кусы, дыууæ азы куысты стаж кæмæн ис, ахæм специалист», – банысан кодта уый.

 Уавæрæй  пайдагæнгæйæ,  прокуратурæйы  минæвар  æрсидт не ‘мбæстæгтæм, цæмæй нæ бæстæйы ныртæккæ цы уавæр сæвзæрд, уый фæстиуæгæн провокациты фæдыл ма цæуой. Уымæн æмæ амæлæты цауы зæрдæхсайгæ чи сты, уыдон бинонтæм цæуы æвзидæнтæ, сæ исад скуынæг кæныны онг. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ уыдон зианджынты ‘рдыгæй не сты, фæлæ æндæр цымыдисгæнæг цæсгæмттæй, кæцытæ архайынц, цæмæй се ‘хсæн тугисыны цаутæ сцырын кæной æмæ бæстæйы æхсæнадон-политикон царды уавæр схæццæ кæной.

Бæстæйы æндыгъд уавæр сæвзæрын кæнын раст нæ у, фæлæ барадхъахъхъæнæг органты ацы архайд дæр раппæлинаг нæу. Адæймаджы ныхмæ физикон тыхæй пайда кæнын æмæ фыдæвзарæнтæ сты закъоны ныхмæ ист мадзæлттæ. Фыдгæнæг хъуамæ æфхæрд баййафа закъонмæ гæсгæ, уымæн æмæ демократон æмæ размæдзыд паддзахад стæм æмæ ма хъуамæ халæм уыцы принциптæ. Æмæ ахæм фыдмардæй цы æвзонг цардцух лæппу фæмард, уый цæрын фæндыд, фæндыд æй йæ сабиты хъомыл кæнын, йæ цард аразын, йе ‘мгæртты рæгъы цæуын. Æмæ кæд фыдгæнæг уыд, уæд та æфхæрд хъуамæ æрцыдаид тæрхон æрцыдаид тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.