Куыд зонæм, афтæмæй ацы аз августы мæйы кæрон Хуссар Ирыстоны криминалон милицийы бæстыхайы, уæды Мидхъуыддæгты министр Наниты Игоры амарынмæ бафæлвæрды аххос сæм бавдисгæйæ, барадхъахъхъæнæг органтæ æрцахстой цалдæр лæппуйы. Уыдонæй иу – Дзабиты Инал фарсты рæстæджы амард. Æхсæнады цæстæнгасæй ацы хъуыддагæн уыд егъау резонанс, горæты центры уагъд цыд митингтæ æмæ домдтой, цæмæй ацы æвзонг лæппуйы амæлæты аххосджынтæ закъоны домæнтæм гæсгæ æфхæрд æрцæуой.

Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ, Дзабиты Иналы амæлæты тыххæй цы  уголовон хъуыддаг конд æрцыд, уый фæстиуджыты фæдыл сæрмагонд фæткмæ гæсгæ æдзух информаци дæтты йæ бинонтæн.

Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы фæдагурæг Бестауты Алан æрæджы информацион фæрæзтæн куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 111 сæйраг тæрхондонон экспертизæты уагъд æрцыд комплексон тæрхондонон-медицинон экспертизæ ацы хъуыддаджы фæдыл. РХИ-йы Генералон прокуратурæйы фæдагурæн управлени Дзабиты Иналы амæлæты цауы фæдыл цы уголовон хъуыддаг бакодта, уый фæстиуджытимæ куы базонгæ сты, уæд æфхæрдбаййафæг фарсы ‘рдыгæй нæдæр фыстæй, нæдæр ныхасæй фæндондзинад æвдыст не ‘рцыд уæрæсейаг экспертизæйы фæстæ уæлæм-хас тæрхондонон-медицинон экспертизæ ауа-дзыны тыххæй.

Фæдагурæджы ныхæстæм гæсгæ æфхæрдбаййафæг фарсæн ахæм бартæ лæвæрд æрцыд развæлгъау фæдагурæн органтæй. Уымæй размæ дæр æфхæрдбаййафæг Соттиты Оксанæ æмæ йæ адвокатæй цы куырдиæттæ райстой, уыдонмæ куыд æркастæуыд, афтæ ныр дæр æнæ хъусдард нæ баззайдзысты, кæд æфхæрд-баййафæг фарс та ахæм фæндондзинад ногæй равдиса, уæд.

Аланы ныхæстæм гæсгæ, фæдагуырды рæстæджы кæд уыдонæн уголовон хъуыддаджы æмæ ауадзгæ фæдагурæн мадзæлтты фæдыл æппæт информаци лæвæрд цæуы сæрмагонд фæткмæ гæсгæ, уæддæр æмбæрст нæу æфхæрдбаййафæг фарсы позици, фыдракæнд сбæрæг кæныны æууæлтæ æмæ бæрæг уголовон хъуыддаг æвзарыны объективондзинады фæдыл.

Прокуратурæйы минæвар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уголовон хъуыддаджы фæдыл дарддæр уагъд цæуы фæдагуырд æмæ операти-вон мадзæлттæ, кæцытæ здæхт сты, цы фыдра-кæнд арæзт æрцыд, уый æууæлтæ сбæрæг кæнынмæ.

«Уыцы нымæцы 2020 азы 23 – 28 августмæ ахст чи æрцыдысты – Дзабиты И.С, Цхуырбаты Н. А. æмæ Хъуылымбегты Г.Б.-мæ ахасты æбарадон архæйдтыты хайад чи райста, уыдон бæрæг цæудзысты. Уыдон архæйдтытæн лæвæрд æрцæудзæн æмбæлон барадон аргъ. Уыцы фыдракæнды аххосджынтæ се ‘ппæт дæр бæрæг закъонон фæткмæ гæсгæ конд æрцæудзысты уголовон бæрндзинадмæ», – банысан кодта прокуратурæйы минæвар.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн управлени УФ- йы Уголовон Кодексы 293 статьямæ гæсгæ «службæйон хæстæм куыдфæндыйы цæстæй кæсын æмæ йæ æвæджиаг хæстæ куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ æххæст кæны, цæй фæстиуæгæн хæлд цæуынц æмбæстæгты закъонон бартæ æмæ интерестæ», уголовон хъуыддаг бакодта Мидхъуыддæгты министрады криминалон милицийы къухдариуæггæнæг, булкъон Бибылты Джемалмæ ахасты.

Уымæй дарддæр ма ацы уголовон хъуыддаг бæрæг кæныны фæлгæтты развæлгъау фæдагуырды органты руаджы ист æрцыд уынаффæ, дыууæ зæрдæхсайгæйæн ахæсты бадын баивын – бæстæйæ дарддæр кæй никæдæм ацæудзысты, ууыл сæ къухтæ æрфыссын æмæ сæхи куыд æмбæлы, афтæ дарын. Уый нæ нысан кæны афтæ, æмæ уголовон тæрхондонон хъуыддагæй иуварс цæуынц.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.