Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд знон банысан кодта йæ сырæзты 26 азы бон. Уый сырæзт уæззау уавæрты, бæстæйы хъахъхъæнын куы хъуыд, уæд. Уыцы рæстæджы тох кодта знаджы ныхмæ дæр æмæ хæсты фæстиуæгæн чи райтынг, уыцы фыдракæндты ныхмæ дæр.

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ арфæ кæнынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ.

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, Милицийы къорд йæ сырæзты азты кæй уыд иунæг организацигонд хæстон иуæг, кæцы йæхимæ райста æндыгъд уавæрты барвæтк ифтонг кæныны уæззау уаргъ. Йæ кусджытæ, зæгъгæ, сæ цардæн тæссаг уавæрты архайдтой, цæмæй æрхъулагонд горæты цæрджытæ цардæн ахсджиаг фæрæзтæй ифтонг цыдаиккой.

Дарддæр дзырдта къорд куыд рæзт æмæ йæ къахыл цадæггай куыд лæууыд – чысылнымæц уæвгæйæ æхсæнгарз æмæ техникæйы хъуагдзинад æййафгæйæ, йæ бындурæвæрæг æмæ фыццаг командир Гæззаты Вадимы разæнгардæй, цыдысты размæ æмæ лæгæрстой бирæ цæлхдурты сæрты. Сæ иузæрдиондзинад æмæ Фыдыбæстæмæ æгæрон уарзтæй уыдон сбæлвырд кодтой, Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ рухс фидæны тыххæй æппæтæн дæр кæй ис сфæразæн.

Наниты Игорь зæрдыл æрлæууын кодта, гуырдзиаг тыхгæнджыты ныхмæ тохты сабыр царды сæраппонд сæ сæртæ нывондæн чи рхаста, уыцы хъæбатыр лæппуты нæмттæ: Гæззаты Вадим, Сиукъаты Таймураз, Санахъоты Гришик, Гæбæраты Станислав, Дзабиты Геннади, Гуыбаты Зураб, Зæгъойты Анатоли, Тедеты Таймураз, Михайленко Саша, Коцты Таир æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон нæмттæ, зæгъгæ, фыст сты Ирыстоны историйы æмæ адæмы зæрдыл лæугæйæ баззайдзысты ныфсхастдзинад æмæ хъæбатырдзинады цæвиттоны хуызы.

Къаддæр хайбавæрд нæ уыд Милицийы къордæн 2008 азы августы агрессийы рæстæджы дæр. Бирæнымæц гуырдзиаг техникæ æмæ æфсады ныхмæ тохы хъæбатырæй фæмард сты Дзæххойты Валери, Быценты Гайоз, Къæбысты Алан, Мæлдзыгаты Сослан, Плиты Тамаз, Санахъоты Алан. Уыцы агрессийы рæстæджы бирæтæ фесты уæззау цæфтæ, бирæтæ та баззадысты сахъатджынæй.

Наниты Игорь куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ гуырдзиаг агрессийы рæстæджы хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинад равдисыны тыххæй милицийы 14 кусæджы хорзæхджын æрцыдысты уæлдæр паддзахадон хорзæх – орден «Уацамонгæ»-йæ, хъыгагæн, уыдонæй æхсæз –  сæ мæлæты фæстæ.

Мидхъуыддæгты министры ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд у министрады иууыл хæстхъомдæр дæлхай, кæцы æхсæнадон фæтк хъахъхъæны цыфæнды уæззау оперативон уавæрты дæр. Уымæй дарддæр ма милицийы кусджытæ фæтк хъахъхъæнынц алыхуызон мадзæлтты, уæлвæткон уавæрты æмæ фæндагон змæлды æдасдзинад ифтонг кæныны рейдон мадзæлтты рæстæджы.

Къорды ныры сæйраг хæстæ, ныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, сты профессионалон æмвæзад æмæ хæстон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнын. Дзырдта ма къорды æнтыстытыл дунеон æмæ республикон æмвæзадыл уагъдцæуæг ерысты, цыран бацахсынц призон бынæттæ. Ныфс бавæрдта, Милицийы къорд нырæй фæстæмæ дæр намысджынæй кæй æххæст кæндзæн, бæстæйы уæлдæр къухдариуæгад сын сæ разы цы хæстæ æвæры, уыдон.

Президент Бибылты Анатоли рес-публикæйы къухдариуæгады номæй, адæмы æмæ йæхи номæй зæрдиаг арфæ ракодта Милицийы къордæн, сæ сырæзтыл 26 азы кæй сæххæст, уый тыххæй.

«Сымах уæ сырæзтæй рацыдыстут бæстæйы рæзты уæззау фæндæгтыл. Активон хайадисджытæ уыдыстут, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы агресси сарæзта, уым, сымах хъахъхъæдтат бæстæйы барвæтк. Уæ алы къахдзæф дæр баст уыд Республикæйы уавæр фæхуыздæр кæнынимæ. Уымæн æвдисæн сты уæ паддзахадон хорзæхтæ.

Хъыгагæн, уыцы æндыгъд уавæрты æвыдæй нæ баззадысты уæ рæнхъытæ, уе ‘хсæнæй фæхъуыдысты уе ‘мкусджытæ дæр», – дзырдта Президент. Бахатыд мадзалы хайадисджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой, ацы къорды рæнхъытæй бæстæйы сæрибардзинад хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

Дарддæр æрсидт Милицийы къордмæ, цæмæй ноджыдæр тырной профессионалон бæрзæндтæм, уымæн æмæ кæдфæнды дæр ис, цæмæ тырнæм, ахæм хъуыддæгтæ. Уый та, зæгъгæ, фæахъаз уыдзæн сæрмагонд сконды профессионалон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. Республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй ныфс бавæрдта, арæзт кæй цæудзæн æппæт дæр, цæмæй хуыздæр кæна сæрмагонд къорды материалон æмæ техникон уавæр. Йæ цæст сын ноджыдæр бауарзта æнтыстытæ.

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды иуæй – иу кусджытæ цытджын мадзалы рæстæджы райстой паддзахадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæ. Уый фæстæ къорды кусджытæ плацы рацыдысты цытджын маршæй.

Уыцы бон ма милицийы къорды кусджытæ командон скондимæ иумæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой, алы рæстæджыты хæстон архæйдтыты фæмардуæвæг хæстонты мысæн бынæтты.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.