Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ  иуварс кæныны фæдыл министр Тадтаты Алан 4 октябры фембæлд, УФ-йы Уæлвæткон министрады делегацийыл. Уыдон æрцыдысты министрадыл дæс азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсынмæ.

Уæрæсейаг делегацийы сæргъы уыд УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг, инæлар-майор Николай Гречушкин. Уый бузныг загъта, бæрæгбоны хайад райсынмæ сæ фæхуынды тыххæй.

«Нæ ахастытæн ис стратегион нысаниуæг. Министрадты ахастытæ дæр сты не ‘мархайдæн»,- дзырдта ныхасгæнæг.

Уый æрымысыд, Уæрæсейы ирвæзын-гæнджытæ активон хайад кæй истой Хуссар Ирыстоны хæстон архæйдтыты фæстæ æндидзынгæнæн процессы, æххуыс кодтой хуссарирыстойнаг Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрад аразынæн. Истори дарддæр кæны, зæгъгæ,  æмæ мах дæр уыцы хæларадон æмæ хорз ахастытæ дарддæр кæндзыстæм.

Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан дæр банысан кодта, зæгъгæ, æнæ Уæрæсейы коллегæты æххуысæй абон ацы нысаниуæгджын бон нысан нæ цыдаид. Уый арфæ ракодта йæ уæрæсейаг коллегæтæн сæ алы сидтмæ дæр оперативон хъусдард кæй здахынц, уый тыххæй.

«Министрады æппæт инфраструктурæ, штатон нымæц æмæ æппæт æнæмæнгхъæуæг фæрæзтыл уæд бакуыстой УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрад Цæгат Кавказы регионалон центримæ иумæ. Ноджыдæр мæ бузныг зæгъын фæнды уыдонæн.

Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй махмæ æххæстбæрцæй архайы Уæлвæткон уавæрты министрад. Уый æнкъарæм мах, уынынц æй адæм дæр», дзырдта ныхасгæнæг.

Ныртæккæ дыууæ министрады цæттæ кæнынц сразыдзинад, кæцымæ гæсгæ фæхуымæтæгдæр уыдзысты юридикон фæзилæнтæ санитарон авиацийæ пайда кæныны хъуыдда-джы.

Æрæджы Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министр Евгени Зиничевимæ фембæлды рæстæджы йæ хуссарирыстойнаг коллегæимæ уый ныфс бавæрдта, æппæт снысангонд плæнттæ кæй æрцæу-дзысты биноныг царды, æмгуыстад та дарддæр цæудзæн.

Тадтаты Алан ма стыр бузныг загъта, уæлдай тæссагдзинады уавæрты ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер»-ы специалисттæн, кæцытæ ныр æртæ азы дæргъы Хуссар Ирыстоны территори сыгъдæг кæнынц хæлæн æмæ цардæн тæссаг æрмæджытæй. Уыдон иузæрдион куысты руаджы сыгъдæг æрцыд хъæууонхæдзарады сæ пайда кæныны нысанæн 150 гектары зæххытæ, кæцытæй ныр сты æдас.

Мæнæн æхсызгон у, сымахимæ нæ бæрæгбонæй хайджын кæй стут, уый. Министрады сырæзтыл 10 азы кæй сæххæст, уый стыр юбилей кæд нæу, уæддæр уыцы рæстæг бирæ арæзт æрцыд, зæгъгæ, ма загъта Тадтаты Алан.

Фембæлды кæрон Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады минæ-вæрттæ бæрæгбоны цытæн министрадæн æмæ сæрмагондæй Тадтаты Аланæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.