Уæрæсейы  Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова Цхинвалы сабыр цæрджыты ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийыл 15 азы сæххæсты тыххæй радта ахæм  комментаритæ:

«Абон мысæм 15 азы размæ Хуссар Кавказы æрцæугæ трагедийы цаутæ. 2008 азы 7-æм августæй 8-æм августмæ æхсæвы Михаил Саакашвилийы режим, циникон æгъдауæй фехæлдта гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл дунеон сразыдзинæдтæ, гадзрахатæй Хуссар Ирыстонмæ бабырсгæйæ. Уыцы-иу рæстæджы бабырстой, уæрæсейаг фидауынгæнджытæ цы бынæтты уыдысты, уырдæм дæр. Уыцы фыдракæндон авантюрæйы аххосæй Хуссар Ирыстоны цæрджыты æмæ уæрæсейаг æфсæддонты ‘хсæн бирæ уды зиæнттæ æрцыд. Ницæмæй провокацигонд Гуырдзыстоны агрессийы характер фæстæдæр официалонæй фидаргонд æрцыд, сæрмагондæй Кавказы конфликты аххосæгтæ равзарыны фæдыл Æхсæнадæмон къамисы доклады. Х. Тальявинийы сæргълæудæй къамис арæзт æрцыд Европæйаг Цæдисы эгидæйы бын.

Уыцы боны цауты хъуыд æвæстиатæй аскъуыддзаг кæнын. Сæвзæргæ уавæрты Уæрæсейы бахъуыд тыхæй агрессоры сабырадмæ æркæныны сæр. 26 августы нæ паддзахад Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны банымадта суверенон хæдбар паддзахадтыл. Ивгъуыд азты хæдбар демократон паддзахадты арæзтады вазыгджын фæндагыл ацы бæстæтæн сæ къухы бафтыд ахадгæ æнтыстытæ. Фæсарæйнаг бæстæтимæ сæ бастдзинæдты хызæг уæрæхæй уæрæхдæр кæны, рæзы сæ авторитет   дунеон аренæйы.

2008 азы октябры арæзт æрцыд ног бадзырдон формат – Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл дунеон Женевæйаг дискусситæ, кæцыты сæйраг хæс у ног геополитикон реалиты регионалон æдасдзинады фидар системæ саразын. Уый тыххæй Женевæйаг фæзуатæн уникалон фадæттæ ис, уымæн æмæ Гуырдзыстонæн фадат ис Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ комкоммæ диалогæн. Æнæ комкоммæ диалогæй Тбилис – Сухум – Цхинвалы ахастытæн æрбæстонгæнæн нæй.

Фæстаг азты Женевæйы эгидæйæ стыр куыст бакондæуыд, уый фæрцы уыцы æртæ паддзахады арæнтыл хъахъхъæд цæуы æдасдзинады рæстæмбис æмвæзад. Дунеон Женевæйаг дискусситы фæлгæтты архайынц дыууæ кусæгон къорды, æдасдзинад æмæ гуманитарон проблематикæйы алы фарстайыл дæр уынаффæ кæнгæйæ.

Æппæт быцæудзинæдтæм нæкæсгæйæ, Женевæйаг дискусситы хайадисджытæн бантыст гуырдзиаг-абхазаг  æмæ гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг арæнтыл Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм рæстæгыл хъус æрдарыны механизмтæ скусын кæнын, афтæ ма æхсæвæй-бонæй архайæг бастдзинады «тæвд хахх»-ыл сразы уæвын.

Арæны дыууæ фарсы уæвæг барадхъахъхъæнæг органты хаххыл  арæзт æрцыд æхсæнадæмон организациты (ЕЦ, ИНО, ЕÆÆО), Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны бынæттон æмбæстагон администрациты структурæты минæвæртты координацийы алгоритмтæ.

Практикон быцæудзинæдты æрнывыл кæнынмæ, гуманитарон проблемæтæ эффективонæй аскъуыддзаг кæнынмæ æмæ регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинадыл негативонæй бандавын йæ бон кæмæн у, уыцы æндæр фарстатæ скъуыддзаг кæныны хъуыддагмæ уымæн ис ахадæн практикон  хайбавæрд

Фæлæ уæддæр хъавынц Женевæйаг дискусситы фидардзинад сбæрæг кæнын. Русофобийы уылæныл нæ ныгуылæйнаг оппоненттæ  бацархайдтой дунеон Женевæйаг дискусситы цалдæр рабадты аивын. Æрмæстдæр диалог æруромыны аххосæй регионалон   тæссагдзинады рæзт кæй фæхатыдысты, уый сæ раздæхта форматы раздæры куыстмæ. Нæ зæрдæ дарæм, фембæлдтыты дарддæры динамикæ  æмæ бадзырдты боны фæтк политикон конъюнктурæйы  амæттаг кæй нæ фæуыдзысты, ууыл.

Уæрæсейы нырма дæр уырны, зæгъгæ, регионы фидар æдасдзинад уыдзæн, тыхæй не спайда кæныны тыххæй юридиконæй хæсæвæрæн сразыдзинадыл сæ къухтæ куы æрфыссой иуæрдыгæй Гуырдзыстон æмæ иннæ ‘рдыгæй та Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон, уæд, уыимæ иумæ ма се ‘хсæн цы паддзахадон арæнтæ ис, уыдоны делимитаци кæнын æмæ сæ фæстагмæ демаркаци кæнгæйæ.

Абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг цæдисонтимæ иумæ дарддæр архайдзыстæм ацы принципиалон фарстаты фæдыл дунеон Женевæйаг дискусситы практикон куыст райдайыныл, уыимæ гуырдзиаг фарсы конструктивон архайдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Дызæрдыггæнæн нæй ууыл, æмæ   æдасдзинады фадыджы фидар бадзырдтæ пайда кæй уыдзысты регионы æртæ фарсы интерестæн дæр.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.