Ныфсдæттæг ныстуан

Хуссар Ирыстон бавзæрста дыууæ геноциды, дыууæ хатты фæцæйхæццæ кодта сæрсæфæнмæ, дыууæ хатты Иры сахъгуырдты бахъуыд æнæмсæр тохты бацæуыны сæр, дыууæ хатты дæр нæ фарсмæ æрбалæууыд Стыр Уæрæсе. Стыр Уæрæсе нæ банымадта хæдбар паддзахадыл. Майы 29 бон та махæн у кады, цыты, сæрибардзинады бæрæгбон – Хæдбардзинады Акт райсыны бон.

Ацы аз, ацы бæрæгбон нысан кæнгæйæ, нæ адæмы раз ныстуанимæ ралæууыд йæ адæмы патриот, нæ дзыллæйы раздзæуæг, ирвæдæныл æнувыд архайæг, нæ Президент Гаглойты Алан.

Нæ иумæйаг бæрæгбонимæ баиу нæ Президенты Ныстуан дæр. Зæгъын уал хъæуы, Президент Гаглойы фырт йæ афæдзон куысты йæхи кæй равдыста куырыхонæй, арæхстджынæй, дардмæ уынагæй. Йæ куысты сæйраг рахæцæн сты йæ адæм. Йæ адæмыл хъуыдыгæнгæйæ, йæ сæйраг бæллицтæ сты: йæ адæм хъуамæ цæрой æнæниз æмæ зæрдæхъæлдзæгæй, ифтонг уой царды хæрзиуджытæй, тугæй цы сæрибардзинад райстой, уый хъуамæ семæ уа цæргæцæрæнбонты.

Йæ афæдзон куысты бæлвыр-дæй разындысты дзыллæйы царды ахсджиаг фарстатæ, Хуссар Ирыстоны политикон уавæр. Бирæ хъуыддæгтæ йын бантыст, цæмæй Уæрæсе æмæ æндæр адæмтæ зоной æмæ нымайой кæй ис Хуссар Ир, хæдбар Республикæ. Бирæ дзырдта йæ райрæзты тыххæй, дарддæр йæ разы цы аразинаг хæстæ æвæры, уыдон тыххæй.

Президент йæ афæдзон куысты стыр хъусдард здæхта йæ адæмы æнæниздзинадмæ, бæрæг фæхуыздæр, фæрæвдздæр сты нæ медицинон уагдæттæ.

Культурон фарст йæ хъуыдыйы ис кæддæриддæр, аразы æппæт дæр, цæмæй рæзой æмæ размæ цæуой ирон кафты, зарды, театралон аивад.

Президенты æххуысы руаджы Иры кад бæрзонд исынц не спортсментæ дæр.

Нæ адæм хорз æмбарынц, наци се ‘взаг æмæ се’гъдæуттæй наци кæй сты, уый. Йæ Ныстуаны Республикæйы сæргълæууæг фидар ныфсы ныхæстæ загъта сæ рæзты тыххæй. Ацы хъуыддæгтыл йæхæдæг æнувыд кæй у, уый уынæм мах дæр. Дзуры йæ мадæлон æвзагыл, рæхсы йыл йæ хъуыдытæ æххæстæй равдисынмæ.

Ныфс нæ ис, кæй æрдомдзæн бæрнон бынæтты кусджытæй дæр, цæмæй зоной æмæ дзурой сæ мадæлон æвзагыл, цæмæй сывæллæтты рæвдауæндæтты, скъолаты фæтыхджындæр кæной ирон æвзагмæ хъусдард.

Президентæн йæ ныстуаны сæйраг фарстатæ сты нæ поли-тикон æмæ экономикон уавæр. Уыдон фæхуыздæр кæныны тыххæй цы хъуыдытæ загъта, уыдон сты уырнинаг.

Нæ Президент у йæ адæмы патриот, рох дзы ницы у, æппæтыл дæр архайы, фæлæ, йæхи загъдау, алцæмæн иунæджытæй аразæн нæй, адæм хъуамæ базмæлой сæхæдæг дæр. Чи цы хъуыддаджы лæуд у, уым бæрндзинад хъуамæ хæсса.

Президенты Ныстуан у тынг вазыгджын, дуджы домæнтæ дзы комкоммæ зынынц. Уый æрмæст йæхи хæстыл нæ дзуры, фæлæ алкæйы дæр хæсджын кæны, цæмæй нырмæ куы уыд, афтæ нæ, фæлæ алчи дæр йæ хæстæ æххæст кæнынмæ æрæвнала æнувыддæрæй.

ПЛИТЫ Гацыр

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты

ирон литературæйы историйы кафедрæйы

 сæргълæууæг, профессор

 

ПЛИТЫ Инал: «Ног министрад саразыны фæнд мæ зæрдæмæ цæуы»

Тынг æхсызгон мын уыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы ныхæстæ, куыст æмæ социалон фарстатыл уынаффæ кæныны тыххæй хицæн министрад арæзт кæй цæуы. Ныфс мæ ис, уый руаджы къухы бафтдзæн пенситы хъуыддаджы æмбæлон фæтк æрæвæрын.

Хъыгагæн, ныртæккæ пенситæ кусæгон стажимæ лæмæгъ баст сты. Æмæ стыр кусæгон стажимæ пенсийы чи рацæуы, уымæн йæ пенсийыл стаж æмæ мызды хъомыс нæ разынынц. Иуæй-иу хæдзарадон субъекттæ халынц 8 сахатон кусæн боны фæлгæттæ. Социалон фондмæ чи хъуамæ фида хъалон, уыцы хæдзарадон субъекттæй алчи йæ хæстæ æмхуызон не ʻххæст кæны. Уый æндавы социалон уавæрыл.

Уыимæ ма Хуссар Ирыстоны нормативон-барадон акттæ ивгъуыд дуджы ист æрцыдысты (иу – Закъон, иннæ та – Хицауады барамынд). Уыцы акттæн сæ ном Уæрæсейы бæлвырд нормативон-барадон акты хуызæн у, фæлæ йæ мидисæй æппæрст æрцыдысты, мæгуыр адæмы пайдайæн дзы цы пункттæ  фыст уыдысты, уыдон. Фæстиуæгæн та уынæм – уæрæсейаг акты хорзæй цы уыд, уыдон хуссаррыстойнаг документæй ист æрцыд.

Ныфс мæ ис, ног министрад ацы фарстамæ дæр кæй æркæсдзæн. Фидарæй мæ уырны: Президенты фæндон æххæстбæрцæй конд куы æрцæуа, уæд дзæвгар фæхуыздæр уыдзæн не ‘мбæстæгтæй уæззаудæр уавæры чи ис, уыдоны уавæр.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.