Цхинвал 15 азы размæ радон хатт ссис гуырдзиаг агрессорты мысан. Фондз боны фæстæ та æвæрд æрцыд тæпп хуссайраг ирæтты æфхæрын æмæ физикон æгъдауæй скуынæг кæныны æгæрон даргъ историйы, – ныффыста йæ телеграм-каналы Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, 08.08.08 у ахæм бон æмæ Гуырдзыстонимæ ныхасгæнæн дæр нал уыд æмæ хъæугæ дæр нал кодта.

«Хъуыд адæмы бахъахъхъæнын. Уый сарæзта Уæрæсе. Уый сарæзтой Хуссар Ирыстоны цæрджытæ дæр, кæцытæ слæууыдысты сæ Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ, куыд æндæр хæттыты афтæ», – банысан кодта Меняйло.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, ацы бон уымæн кæй  у хисæрмагонд зæрдылдарæн бон – Меняйло хайад иста Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæныны операцийы.

«Мæнæн бахæс кодтой абхазаг здæхты Сауденджызон флоты тыхты æфсæдты къорды сæргъ слæууын. Къорды сконды уыдысты Сауденджызон флоты наутæ æмæ уæлдæфон-десантон æфсæдтæ», – загъта уый.

«15 азы дæргъы Хуссар Ирыстон цæры сабыр æмæ хæдбарæй. Мах  æй зонæм, цы аргъæй æлхæд æрцыд уыцы сабырдзинад æмæ хæдбардзинад», – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.