Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади комментари скодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №9 Барамындæй  фидаргонд «Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæдыл уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындæн, кæцыйыл къух фыст æрцыд 3 июлы, Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнтæй ахизгæйæ базарадон минæварады системæ саразыны тыххæй куыст сорганизаци кæныны нысанæн, кæцытæ сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон рæзты министрады юрисдикцийы бын.

«Бæстæтæ-партнерты ‘хсæн базарадон-экономикон бастдзинæдты рæзтæн фæахъаз кæныны нысанæн Экономикон рæзты министрад уадзы планбæрцон куыст базарадон минæвæрттæ саразынæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл цы товартæ арæзт цæ-уынц, уыдон размæ кæныныл», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Вице-премьеры ныхæстæм гæсгæ, базарадон минæвæртты баконд фадат ратдзæн республикæйы хæларадон партнертæ æмæ дунейы æндæр сабырдзинад уарзæгой бæстæтимæ кæрæдзийы бастдзинад æмæ базарадон ахастытæ ног, ноджы уæлдæр æмвæзадмæ ракæнын, æддагэкономикон здæхты республикæйы æнæреализацигонд хъомысад раргом кæнынæн.

«Æввахс азты мах уый хъæуы саразын», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Президенты Барамынд фидаргонд æрцыд 2009 азы 1 декабры Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн базарадон минæвæрттæ саразыны тыххæй Сразыдзинад среализаци кæныны фæлгæтты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.