Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæтмæ Донецкы Адæмон Республикæйæ æрцыд лигъдæттæ – 42 адæймаджы. Уыдон цæрынц ресторан «Виктория»-йы уазæгдоны. Мах сæ бабæрæг кодтам æмæ бацымыдис кодтам, куыд æрвитынц сæ царды бонтæ, уымæ.

– Стыр бузныг стæм уæ Хицауадæй æмæ æмткæй ирон адæмæй. Кæмфæнды ма уæм алыран дæр æнкъарæм зæрдæбын ахаст. Нæ сабитæй къаннæгдæртæ цæуынц сабиты рæвдауæндонмæ. Скъоладзаутæ – скъоламæ, цыран сæм рæвдаугæ ахаст дарынц канд ахуыргæнджытæ нæ, фæлæ ма се ‘мкъласонтæ дæр. Нæ ныййарджытæй иу сфæнд кодта йæ чызгæн дистанцион формæйы ахуырад равзарын. Хæслæвæрдтæ йын мобилон бастдзинады фæрцы рарвитынц Донецкæй, йæ раздæры ахуыргæнджытæ. Фæлæ сымах афтæ макуы ахъуыды кæнут, ома, уæ ахуыры процессмæ нын исты претензитæ ис. Сывæллон йæхæдæг æфсæрмдзæстыг у æмæ йын зын уыдаид скъолайы. Мад бады йемæ æмæ йын æххуыс кæны», – зæгъы Светлана Логачева.

Динара Ивченкова та радзырдта, лигъдæттæй бирæтæ кусын кæй райдыдтой. «Нæ иу кусы дзулфыцæн комбинаты, иннæ та хуыйæн фабрикæйы. Сывæллæтты рæвдауæндонмæ та логопедæй кусынмæ айстой æндæры. Нæ чызджытæй сæ иу та кусын райдыдта цардуагон лæггæдты сферæйы. Цалынмæ митбонтæ уыд, уæдмæ дыууæ хатты экскурсийы уыдыстæм Згъуыбиры. Нæ сывæллæттæ стыр æвæрццаг эмоцитæ райстой. Мах, хистæртæ дæр, æрдзы хъæбысы чысыл æрбайрох кодтам нæ бирæ фыдæбæттæ, æппынæдзух нæ зæрдæты цы тас æмæ маст ис, уый цыма фæрогдæр ис. Арæх ацæуæм Згъудеры кувæндонмæ. Уырдыгæй горæт армытъæпæнау зыны æмæ йæм фæкæсæм. Ам тезгъо кæнын тынг уарзынц нæ сывæллæттæ. Улæфæн парчы дæр арæх вæййæм, ам та бæхтыл сбадынц нæ сабитæ. Бæхты хицау сæ æхца никуы айсы. Стыр бузныг стæм уæ адæмæй. Куы ‘рцыдыстæм, уæд таксийы фирмæ «Эконом» фехъусын кодта, цæттæ кæй у мах æрвылхатт дæр æнæаргъæй ласынмæ. Фыццаг бонты, æцæгæйдæр, спайда кодтам уыдон лæггæлдтæй, фæлæ сæм фæстагмæ никуыуал бахатыдыстæм.

Лигъдæттæ нæ республикæмæ куы æрцыдысты, уæд семæ уыд иу аздзыд саби – чысыл Богдан. Фыццаг бонты сывæллон мадæй никæдæм куымдта. Цыма йæ чысыл зонд æмбæрста, сæ цæрæн бынатæй кæй ралыгъдысты æмæ йын йæ райгуырæн къуым алы бон дæр æхсгæ кæй кæнынц. Ныр уый, ам чи цæры, уыдонæн ссис сæ «хъазæн хъул». Уый хъæлдзæг ратæх-батæхмæ лигъдæттæм ныфс фæзыны, Донецкы Адæмон Республикæйæн фидæн кæй ис.

Светлана Логачева радзырдта, сæ сывæллæттæ скъолайæ дарддæр кæй цæуынц нæ горæты цы алыгъуызон секцитæ æмæ кружоктæ уæвынад кæны, уыдонмæ дæр: ленккæнын, гимнастикæ, шахматтæ, хъæдырмæгыл ны-вæфтыдтæ кæныны кружокмæ. «Нæ лæппутæй сæ иу та футболмæ бацыд. Уый ныридæгæн хайад райста Цæгат Ирыстон-Аланийы цæуæг ерысты. Нæхæдæг дæр æмæ нæ сывæллæттæ дæр архайæм ирон æвзаг сахуыр кæныныл».

Ахæм ныхæстæ куы кодтам, уæд лæппутæй сæ иу, Миша, æрбаздæхт скъолайæ хъæлдзæгæй. Дзырдта, скъолайæ фистæгæй кæй æрцыд, бирæ, дам уарзын уæ горæты уынгты цæуын. Шахматты кружокы, дам, мын ныфс бавæрдтой, президентон æвзæрстыты фæстæ, дам, нæ Донецкмæ кæй акæндзысты ерыстæм. Ацы цаумæ тынг æнхъæлмæ кæсы Миша, уый йæ райгуырæн къуымы дæр шахматтæй хъазыд, уыдис ын фыццаг разряд хистæрты ‘хсæн. Лæппу мын равдыста гæххæтты габаз, цыран фыст уыд ирон ныхæстæ.

Мишайы мад райгондæй зæгъы, йæ фыртæн бирæ ирон æмбæлттæ кæй фæзынд. Уазæгдонмæ дæр, дам, æм æрбацæуынц, хъазынмæ. «Уæддæр нæ хæдзармæ фæнды. Сæ фыдты мысынц сабитæ»… Фæлæ фæстæмæ аздæхыныл дзурын нырма раджы у.

«Мах ныфс ис, тагъд хæст кæй фæуыдзæнис. Уым цы хæстонтæ хæцы æмæ Донецк чи сæрибар кæны нацисттæй, уыдон ныфс æвæрынц, куыддæр операци фæуа, афтæ Уæрæсейы Федераци кæй бавналдзæнис пырх горæт ара-зынмæ. Мах уырны, æцæгдæр афтæ кæй уыдзæнис! Донецкы цæрæг адæм та 2014 азы сарæзтой сæ равзæрст, нæ фидæн мах уынæм æрмæстдæр Уæрæсейы Федерациимæ иумæ. Мах иууылдæр кувæм Хуыцаумæ, бæллæм, цæмæй хæст тагъддæр фæуа, фæлæ æмбарæм, ахæм хъуыддæгтæ бонтæ, къуыритæ æмæ мæйтæм скъуыддзаг кæй нæ цæуынц», – зæгъы Светланæ.

Ацæргæ сылгоймаг Алефтина Нагорная дæр Цхинвалмæ æрцыд йæ сæры хицауимæ. Уый радзырдта, кæм цард, уым минæтæ кæй æрхауд. Удзиан дзы не ‘рцыд, фæлæ йæ алфæмблай ныппырх алцыдæр. Уымæн Донецкы сты йæ сывæллæттæ. Фæсмон кæны, йæхи цæмæн бааууон кодта,  йæ сывæллæтты та арты цæхæры цæмæн ныууагъта. Фæлæ, дам, нæм æхсæвы нæ фырт фæмидæг, загъта, æвæстиатæй цæуын кæй хъæуы. Сæ хъæбулы хъæбултæ та Уæрæсейы регионтæй сæ иуы сты. Ныр дыууæ зæронды уыдоны уындмæ бæлгæйæ æнкъард кæнынц.

Лигъдæттæ се ‘ппæт дæр æхсæвæй-бонæй сæ хъус дарынц ног хабæрттæм. Æсæвæй-бонæй кувынц, цæмæй мачиуал амæла, уæлдайдæр та – сабитæ.

Уыдоны ныфс ис, сæрдмæ сæхимæ  ацæуынæй. «Ныфс нæ ис, сæрды нæхи хæдзæрттæм кæй аздæхдзыстæм. Зæгъынц, 9-æм майы парад Донецкы дæр нысан кæндзысты»… – зæгъы Светланæ Логачева.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.