Мæй æмæ æрдæджы размæ бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыстой не ‘мбæстæгтæ Хъазиты Батыр, йæ цардæмбал Болататы Нелли, стæй сæ кæстæртæ Александр æмæ Маринæ. Уыдонмæ Украинæйы зæххæй æрæхъуыст æнамонды хабар, зæгъгæ, бабын уæ хъæбул æмæ æфсымæр Хъазиты Сослан. Бинонтæ кæд мæты бын фесты, уæддæр сæм æнамонды хабар дам-думтæй кæй ‘рыхъуыст, уый сæ цасдæрбæрцæй сабыр кодта.

Хъазиты Сослан йæ контрактон хæс æххæст кæны Цæгат Ирыстоны Уæрæсейы 429 æфсæддон полчъы. Полчъы æфсæддонтæ, уыцы нымæцы Сослан дæр хайад истой январы мæйы райдианы Хъырымы цы æфсæддон ахуыртæ уагъд цыд, уым. Иу рæстæджы Сосланмæ Ирыстонæй фехъуыст цины хабар, зæгъгæ, фæзынд дын, фыды ном дыл чи сæвæрдта, ахæм кæстæр. Сослан бацин кодта, бафæн-дыд æй æрцæуа Ирыстонмæ, фена йæ ноггуырд чызгы,  йæ цардæмбалæн йæ къух фæрог кæна. Фæлæ йæм раст нæ каст, æфсæдтон ахуырты рæстæджы йæ хæстæ искæмæн ныууадза, уый дæр. Уыимæ ма бæлвырд нæ зыдта, полчъы командæгæнджытæ йын цы зæгъдзысты, уый дæр. Фæлæ йын йæ уавæр бамбæрстой æмæ йын загътой, зæгъгæ, сæрибар цæуыс фондз боны æмгъуыдмæ æмæ уал боны фæстæ хъуамæ слæууай де ‘мхæстонты фарсмæ. Сослан арæвдз кодта йæхи æмæ дыккаг бон балæууыд, Дзæуджыхъæуы йæ цардæмбал æмæ ноггуырд кæм уыдысты, уыцы гуырæн хæдзары раз. Сослан йе ‘мкъай Нинæйæн бамбарын кодта, ноггуырдмæ йын иунæгæй кæсын зын  кæй уыдзæнис, уый æмæ аскъуыддзаг кодтой цæмæй æрцæуой Цхинвалмæ æмæ уой Сосланы мад æмæ фыды цур.  Афтæ бæргæ бакодтой, фæлæ Сослан сæ цуры бирæ нæ бафæстиат, фæстæмæ атагъд кодта йæ хæстон æмбæлттæм.

Æфсæддон ахуыртæ кодтой дарддæр. Уæдмæ Уæрæсе æрæвнæлдта Луганск æмæ Донецкы фашистон тыххæйисджытæй асыгъдæг кæнынмæ. Фыццаг фашистты ныхмæ чи слæууыд, уыдон уыдысты Сослан йæ контрактон хæс кæимæ фыста, уыцы полчъы хæстонтæ. Райдианы дæр  бæрæг уыд, Украинæ аст азы æрмæст Донбассы цæрджыты нæ куынæг кодта, фæлæ ма сæхи стыр хæстмæ кæй цæттæ кодтой, уый дæр. Уыцы аххосагмæ гæсгæ кæд Уæрæсе æмæ Донбассы хæстонтæн фыццаг бонты сæ разы сæвзæрд стыр æмæ бирæ алыгъуызон зындзинæдтæ, уæддæр цас сæ бон уыд, уыйбæрц фæрæзтой, æххуыс сæм фæзынд æмæ цалдæр боны фæстæ бандеронтæ æмæ украинаг хæстонтæ лæууын райдыдтой фæстæмæ.

Сослан æмæ йе ‘мбал хæстонтæ ахæццæ сты Запо-рожьейы областмæ æмæ, куыд фæзæгъынц, хæсты æн-хъæлмæ кæсæн ис бирæ æнамонддзинæдтæм. Иу стыр абырсты рæстæджы ныхмæлæуджытæ разындысты тыхджындæр, æхстой сæ стыр калиброн æхсæнгæрзтæй, фæкодтой сæ минæты бын æмæ сæ бахъуыд фæстæмæ алæууын. Иу афон, кæд уавæр æрсабыр, Уæрæсейы хæстонтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, нал сытынг уыдзысты хъомысджын æхстытæ, уæддæр хъуыддаг афтæ нæ рауадис. Ногæй, ноджы стырдæр тыхтимæ украинаг хæстонтæ бырсын райдыдтой размæ, фæлæ уæдмæ уæрæсейаг æмæ донбассаг хæстонтæм æххуысмæ фæзындысты æндæр дæлхæйдтæ. Цалдæр сахаты æнæрлæугæ, æппынæдзух æхстыты фæстæ, украинаг хæстонтæ базыдтой сæ бон æмæ ныууагътой, уæдмæ цы бынæттæ бацахстой, уыдон. Иуахæмы, бынтон æнæнхъæлæджы дардæй рауагътой ракетæ. Æрхауд, Сослан йе ‘мхæстонтимæ размæ кæм бырстой, уыцы бынаты. Уæд цалдæрæй бабын сты уадид, цалдæрæй фесты уæззау цæфтæ. Сосланæн фадат уыдис йæхи баауон кæнынæн, фæлæ йе ‘ххуыс хъуыд, чи фæцæф ис, уыцы æмхæстонты æмæ сын æххуыс кодта. Цæф хæстонты хаста, украинаг хæстонтæ сæхицæн цы æмбæхсæн бынæттæ æрцæттæ кодтой, уырдæм. Уæдмæ та ногæй, Сослан кæм уыд, уым фехæлд æндæр  хæлæн нæмыг. Фæцæф Сослан йæхæдæг дæр æмæ кæд йæ рахис цонгæй туг калд, уæддæр дарддæр æххуыс кодта, йæхицæй тынгдæр æххуыс кæмæн хъуыд, уыцы хæстонтæн. Уæдмæ сæм фæзынд æндæр æххуысгæнджытæ, æмæ куыд цæф хæстонты, афтæ чи фæмард, уыцы хæстонты дæр ластой æфсæддон госпиталмæ. Сосланæн дæр фыццаг цалдæр боны йе ‘нæниздзинад фидар кодтой Буйнакскы рынчындоны, фæлæ, цæмæй йæхиуæттæм æввахсдæр уа, уый тыххæй йæхи ракæнын кодта Дзæуджыхъæуы рынчыдæттæй иумæ. Сослан тагъд кæй адзæбæх уыдзæнис, уыцы ныфс ын æвæрдтой йæ дохтыртæ. Афтæ дæр ма йын дзырдтой, зæгъгæ, тагъд фендзынæ, æхсæв бонæй чи нал хицæн кодта, уыцы мад æмæ фыдыл, дæ хо Маринæ æмæ де ‘фсымæр Александр, дæ цардæмбал Нинæ æмæ дæ чызг Данæйы.

Батыр бæргæ фехъуыста йæ фырт удæгас кæй разынд, бæргæ йæ цинæн кæрон дæр нал уыд, фæлæ маст æмæ алыгъуызон хъуыдытæ бакодтой сæ кæнон. Йæ фидар æмæ йын æндон уæнгтыл фæтых хъæбулы маст æмæ  бахауд рынчындонмæ. Йæ уавæр афтæ мæгуырау уыд æмæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, йæ акæнын бахъæудзæнис  республикæйæн æддæмæ. Уыцы хабар Сослан куыддæр фехъуыста, афтæ, кæд йæхæдæг кæронмæ нæма сдзæбæх, уæддæр æрцыд Цхинвалмæ æмæ балæууыд йæ фыды раз. Ныр, куыд Батыр йæхæдæг, афтæ йæ дохтыртæ дæр фæхатыдысты йæ уавæр бонæй-бонмæ кæй хуыздæр кæны, уый.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.