Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Максим Горькийы номыл Донецкы национ медицинон университеты ректор Григори Игнатенко æмæ Æхсæнадæмон бастдзинæдты æмæ инновацион архайды фæдыл Донецкы национ медицинон университеты проректор Любовь Волковайы.

Фембæлды ма хайад райста РХИ-йы ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ ахуырады фадыджы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ‘хсæн тагъд рæстæджы æхсæнведомствойон бардзырдтыл сæ къухтæ æрфысдзысты, кæцытæ дарддæр кæндзысты, дыууæ республикæйы къухдариуæгад бæрзонд æмвæзадыл къухтæ цы бадзырдтыл æрфыстой, уыдон.

«Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Донецкы Адæмон Республикæйы бæрæг ведомствотæн, бакуыст цы бадзырдтыл æрцыд æмæ къух æрфыссынмæ цæттæ чи у, уыдон тыххæй. Æз хъуыды кæнын, æмæ нын ацы бадзырдтæ фадат ратдзысты, цæмæй нæ структурæтæ æххæстæй æмгуыст кæной æмæ архайой. Уый нын стыр пайда уыдзæн», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта Донецкы Адæмон Республикæйы медицинæ стыр æмвæзадыл кæй ис æмæ, ацы фадыджы ахсджиаг кæй у фæлтæрддзинад кæрæдзимæ дæттын.

«Мæн фæнды, цæмæй нæ дохтыртæ цæуой сымахмæ, уæ специалисттæ та – махмæ. Æмæ мæ ныфс ис, ацы фарст кæй аскъуыддзаг кæндзыстæм, бадзырдыл нæ къухтæ куы æрфыссæм, уæд», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Йæ рады Донецкы национ медицинон университеты ректор бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн, кæй йæ райста  йæхимæ  æмæ  фехъусын  кодта, кæй  фембæлд Тыбылты Александры номыл  Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор æмæ профессорон-ахуыргæнджыты скондимæ.

«ХИПУ-йы ахуырадон корпусæн æмбæлы   стыр аргъ скæнын, уый у классикон университет, кæцы гæнæн ис æмæ конкуренци кæна фæсарæйнаг уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ.

Вадим Ботазы фыртимæ мах уынаффæ кодтам фæсдипломон ахуырады тыххæй. Æз, куыд Донецкы национ медицинон университеты ректор, афтæ араздзынæн, мæ бон цы уа, уый, цæмæй æрхонæм нæхимæ уæ абитуриентты алыхуызон здæхтыты æмæ сын дæттæм фæсдипломон ахуырад. Мæхи ‘рдыгæй та æз дзырд дæттын, бæрзонд цæттæдзинад кæй райсдзысты», –  загъта Григори  Игнатенко.

Донецкы национ медицинон университеты ректор банысан кодта Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы кусджыты ‘хсæн кадрон дефицит баххæст кæныны, афтæ ма кæрæдзи зонады кандидаты æмæ зонады докторты къæпхæнтæ нымайыны æнæмæнгхъæуæгдзинад. Уый ма банысан кодта, хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн стыр хайбавæрд кæй ис ахуырады фадыджы райрæзты хъуыддагмæ.

«Абон мах хъуамæ ахуыр кæнæм райрæзты перспективæтæ æмæ афтæ саразын хъæуы, цæмæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Донецкы национ медицинон университет суой XXI æнусы нырыккон, динамикон æгъдауæй рæзгæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ, кæцытæ  дунейы ахуырадон тыгъдады ахсдзысты раззагон  позицитæ.

Æмæ, ды Анатолий Ильяйы фырт, куыд Александр Захарченко дæр, афтæ аразыс æппæт дæр, цæмæй ахуырад рахиза рæзты серьезон фæндагмæ æмæ уа конкуренцимæ цæттæ», – загъта Григори Игнатенко.

Фембæлды кæрон Григори Игнатенко фехъусын кодта, зæгъгæ, Донецкы национ медицинон университеты зонадон советы уынаффæмæ гæсгæ æмæ ректоры бардзырды бындурыл Бибылты Анатолийæн лæвæрд цæуы Максим Горькийы номыл Донецкы национ медицинон университеты профессоры кадджын ном «нырыккон зонад æмæ ахуырады рæзтмæ стыр хайбавæрды, М. Горькийы номыл Донецкы национ медицинон университеты позитивон ном, кад æмæ ахадындзинад бæрзонд кæныны активон хайад исыны тыххæй».

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.