Химæрайст Президентмæ

Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæларадон ахастытæ арфæй арфдæр кæнынц, рæзы æмгуыстад дæр. Ацы бонты уыцы нысанæн нæ республикæмæ æрцыдысты Донецкы Адæмон Республикæйы ахуырад æмæ зонады министр Евгени Горохов, йæ хæдивæг Михаил Кушаков, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Александр Оприщенко, Донецкы Максим Горькийы номыл национ медицинон университеты ректор Григори Игнатенко æмæ ацы университеты дунеон бастдзинæдты æмæ инновацион архайды фæдыл проректор Любовь   Волкова.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта уазджытæн æмæ загъта, зæгъгæ, йын тынг æхсызгон у сæ фенд нæ зæххыл.

Уазджыты æрцыды нысан у ахуырады æмæ æнæниздзинад хъахъ-хъæныны къабæзты æмгуыстад райтынг кæныны тыххæй   сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссын.

Президент райгондæй баззад, къухтæ фыст кæуыл æрцыд, уыцы æхсæнпаддзахадон бадзырды фæлгæтты размæ кæй цæуы, дыууæ бæстæйы профилон ведомствоты ‘хсæн сразыдзинæдтыл кусын æмæ сыл къухтæ æрфыссыны процесс. Уыцы æмархайд, зæгъгæ, махæн ныфс дæтты, Донецкы Республикæ æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ рæзын кæнынæн. Махмæ, зæгъгæ, ис бирæ проекттæ æмæ кусдзыстæм сæ реализаци кæныныл.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, абон дыууæ республикæйы дæр нысан кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы тыххæй хъынцъымы æмæ мысæн бон.

«Хъыгагæн, абон Донецкы республикæйы мах уынæм терроризм æмæ фашизмы айзæлд. Донецкы Адæмон Республикæйы цы сценари райтынг, уымæй пайда цыдис Хуссар Ирыстоны дæр 2008 азы. Мах хорз æмбарæм, Донецкы Адæмон Республикæйы цытæ цæуы, æмæ кæддæриддæр цæттæ стæм æххуысмæ æрцæуынмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Евгени Горохов йæ рады банысан кодта, ахуырад кæй у иугæнæг ахсджиаг фактортæй сæ иу. Культурæ æмæ ахуырад кæм сты, уым, зæгъгæ, хæстæн ма хъуамæ уа бынат. Хæст кæм вæййы, уым кæддæриддæр вæййы пырхæнтæ æмæ хæццæдзинад.

Горохов ма куыд загъта, афтæмæй сæ разы цы хæстæ лæууы, уыдонæй сæ иу у Донецкы Адæмон Республикæйы демографион ситуаци хуыздæр кæнын, æвзонг фæлтæрмæ та райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æвзæрын кæнын.

Йæ раныхасы ма уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд мах бахъахъхъæдтам уæлдæр ахуырад, уæддæр бахъыгдард æрцыд астæуккаг æмæ астæуккаг специлон ахуырад. Ныртæккæ уавæр хуыздæрæрдæм фæивыны тыххæй цæуы стыр куыст. Уымæй дарддæр ма куыст цæуы ахæм фæдыздæхты, цæмæй сын банымайой сæ дипломтæ æмæ сæ зонадон куыстытæ. «Ахуырад æмæ зонадон уагдæттæн, мах хъуамæ сбæлвырд кæнæм, ахæм æмвæзадыл кæй стæм, уый», – загъта Евгени Горохов.

Йæ раныхасы ма уый загъта, зæгъгæ, цæттæ  сты хуссарирыстойнаг студентты сæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм райсынмæ.

Президент ноджыдæр раарфæ кодта уазджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, абон къухтæ цы Сразыдзинадыл фыст æрцæудзысты, уый ахъаз  уыдзæн куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Донецкы Адæмон Республикæйы æвзонг фæлтæрæн дæр. Афтæ уыдзæн Æнæниздзинады къабазы дæр. Не ‘взонг фæсивæд зонгæ кæндзысты кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ æмæ уый та æнæмæнг хуыздæрæрдæм æндавдзæн дыууæ бæстæйы цæрджытыл.

 

Къухтæ æрфыстой сразыдзинæдтыл

Президент Бибылты Анатолийы фæстæ донецкаг уазджыты йæхимæ райста Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Уый дæр банысан кодта, тынг æхсызгон ын кæй у абон Ахуырады æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы Сразыдзинадыл сæ къухтæ кæй æрфысдзысты, уый». Ахуырад у адæмты иугæнæг æмæ Æнæиздзинад та у нæ дыууæ бæстæйы адæмты чи хъæуы, ахæм къабаз. Махæн дæр нæ къух аразы, цæмæй кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл цайдагъ кæнæм. Уый тыххæй нæ республикæйы разамынад стыр хъусдард здахы ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ культурæйы размæцыдмæ. Мах æмбарæм, иумæ куы кусæм, уæд нын кæй бантысдзæнис, аккаг фæлтæр схъомыл кæнын, кæцытæ хъуамæ цæрой куыд æмбæлы, афтæ, æмæ сæ цард та аразой зæрдæйы фæндиаг. Уый бирæбæрцæй кæнгæ у махæй, чи сæ ахуыр кæны æмæ сын се ‘нæниздзинадыл чи ауды, уыдонæй. Ацы хъуыддаджы тынг архайы Бибылты Анатоли æмæ дзы стæм бузныг. Дыууæ бæстæты ‘хсæн ацы Сразыдзинæдтыл къух æрфыссын нысан кæны ноджыдæр размæ иу æнтысджын къахдзæф. Махæн ахæм къахдзæфтæ аразын кæй æнтысы, кæрæдзимæ нын хæларадон ахастытæ кæй ис, уый ирд цæвиттон у нæ кæстæртæн æмæ йæ уыдон дæр кæй дарддæр кæндзысты, уый дызæрдыггаг нæу», – загъта Хицауады Сæрдар.

Евгени Горохов дæр бафиппайдта, зæгъгæ, махæн тынг æхсызгон у, кæй нын загътат, цæмæй нæ сывæллæттæ баулæфой ахæм рæсугъд æрдзы хъæбысы. Уæлдай бузныг та зæгъын Гасситы Наталийæн йæ ахæм æрхъуыдыйы тыххæй, зæгъгæ, сывæллæттæ æрмæст улæфгæ нæ кæндзысты, фæлæ зонгæ кæндзысты кæрæдзиимæ дæр.

Уый фæстæ ахуырады къабазы æмгуыстады тыххæй Сразыдзинадыл сæ къухтæ  æрфыстой РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Натали æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ахуырад æмæ зонады министр Евгени Горохов.

Медицинæйы къабазы æмгуыстад райтынг кæныны тыххæй Сразыдзинадыл та сæ къухтæ æрфыстой РХИ-йы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы Æнæниздзинад хъахъ-хъæныны министр Александр Оприщенко.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.