Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Донецкы Адæмон Республикæйы Юстицийы министрады минæвæртты Донецкы респуликæйы Юстицийы министры хæстæ æххæcтгæнæг Яков Ходосы сæргълæудæй, кæцытæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты дыууæбонон кусæгон балцы, цæмæй хайад райсой РХИ-йы Юстицийы министрады сырæзтыл 27 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты, уымæй дарддæр ма официалон балцы фæлгæтты дыууæ республикæйы Юстициты министрадтæ сæ къухтæ æрфыстой Барадон æмгуысткæнынады фæндæтты тыххæй меморандумыл.

Уазджытæн «æгас цу» зæгъгæйæ, Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, абон Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæты Юстициты министрадты ‘хсæн ахастытæ сты позитивон æмæ фæивтой хуыздæрæрдæм. Уыцы ивындзинæдты характер нысан æрцыд, абон министрадтæ цы Меморандумыл æрфыстой сæ къухтæ, уым.

«Æз афтæ нымайын, æмæ уыцы документ у нормативон-барадон акт, кæцы уаг дæтдзæн дыууæ министрадты куыстæн æмæ æмахастытæн, уыимæ ма, кæй зæгъын æй хъæуы, ахъаз уыдзæн уыцы ахастыты рæзтæн, кæцытæ рагæй æрбиноныг сты, фæлæ сæ абон рахастат гæххæтмæ æмæ юридиконæй фидар æрцыдысты», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Дарддæр бæстæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстон йæ хъус дары Донецкы республикæйы цæуæг цаутæм.

«Мах нæ хъус лæмбынæг дарæм Донецкы Адæмон Республикæйы уавæрмæ. Минскы фембæлдтыты руаджы цы къахдзæфтæ арæзт цæуы, уыдон, стыр хъыгагæн, арæх хæлд цæуынц», – загъта Президент.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны фæнды, цæмæй Донецкы уа сабырад æмæ хæрзиуæгон цард.  Дыууæ паддзахады ‘хсæн цы политикон ахастытæ æмæ процесстæ цæуы, уыдон та куыдфæндыйæ дæр рæздзысты дарддæр дæр.

«Мах фæнд кæнæм æмæ дарддæр дæр кусдзыстæм, цæмæй  Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы республикæты ‘хсæн цы ахастытæ ис, уыдон аххæссой ахастыты архайды уæрæх фадгуытыл», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

 Яков Ходос йæ рады бузныг загъта Бибылты Анатолийæн зæрдиаг химæрайсты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы Меморандум у фыццаг, кæцыйыл сæ къух æрфыстой Донецкы Адæмон Республикæйы министрад.

«Абон мах сарæзтам ахсджиаг къахдзæф. Донецкы Адæмон Республикæйы министрадæн уый у фыццаг меморандум, кæцыйыл æрфыстой сæ къух. Уый тыххæй уын – стыр бузныг. Æцæгæйдæр, нæ адæмтæ рагæй систы æфсымæрон æмæ ныр ацы ахастытæ мах рахастам юридикон вектормæ. Мах нæ къух æрфыстам Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы республикæты ‘хсæн  Барадон æмгуысткæнынады фæндты тыххæй меморандумыл. Ацы Меморандумы фæлгæтты арæзт æрцæудзæн кусæгон къорд, кæцы бакусдзæн æмæ сараздзæн фæндагон картæ не ‘мбæстæгтæн юридикон æмæ барадон фарстатæ фæхуымæтæгдæр кæныны тыххæй», – загъта донецкаг делегацийы сæргълæууæг. Уый ныфсимæ банысан кодта, зæгъгæ, уыцы здæхты дарддæр дæр куыст цæудзæн.

РХИ-йы Президент банысан кодта, зæгъгæ, Меморандумыл къухтæ кæй æрфыстæуыд, уый дыууæ республикæйы министрадтæн дæр ахсджиаг къахдзæф у.

«Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы республикæтæ ахастытæ аразынц æфсымæрдзинад æмæ кæрæдзийæн æххуысы бындурыл. Уыцы ахастытæ ахъаз уыдзысты республикæты æм-гуысткæнынады рæзтæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы Юстициты министрадты фæлтæрддзинад кæрæдзийæн амонын феххуыс уыдзæн дыууæ ведомствоты куыстæн дæр. Президент сын уый тыххæй загъта æнтысты фæндиæгтæ.

«Фидарæй мæ уырны, Хуссар Ирыстон æмæ Донецк сæ къухтæ цы документыл æрфыстой, уыцы фæлгæтон бадзырд  уæрæхæй уæрæхдæр кæй кæндзæн æмæ æппæт министрадтæ æмæ ведомствоты ‘хсæн æмахастыты тенденци  уæрæхдæр кæй кæндзæн æмæ рæздзæн. Æнæуый дæр афтæ хъуамæ уой ахастытæ хæларадон республикæты ‘хсæн», – банысан кодта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Химæрайсты кæрон уазджытæ æмæ фысымтæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.