Цхинвалы районы цæрæг фæсивæды иу къорд æрæджы фембæлдысты ЗАО «Остелеком»-ы ног сæргълæууæг  Николай Фирсовимæ.

Фембæлды рæстæджы уыдон дзырдтой, Мегафоны лæггæдтæй пайдагæнгæйæ, цы зындзинæдтыл æмбæлынц, уый тыххæй æмæ байхъуыстой компанийы сæргълæууæджы дзуаппытæм.

Николай Фирсов банысан кодта, æппæт æнæразыдзинæдтæ дæр оператормæ хæссын кæй хъæуы, гæххæттыл фыстæй «Мегафон»-ы компанийы офистæм. Уый, дам уымæн хъæуы æмæ техникон кусджытæ хъуамæ лæмбынæг зоной проблемæтæ æмæ сын уа уавæрæн иумæйагæй аргъ скæныны фадат.

Хъæппæрисон къорды уæнгтæй иу, Хуыгаты Алан, æрдзырдта, фæстаг рæстæджы иууыл фылдæр дзырд кæуыл цæуы, уыцы темæйы фæдыл: лимиты фæудимæ интернет трафикы тыгъдад нолмæ цæмæн æрхауы. Фембæлды рæстæджы фæсивæд æмæ компанийы сæргълæууæг дзырдтой æппæт риссаг фарстатыл. Уыдон хаудысты «Мегафон»-ы кусджыты æмахастыты тыххæй дæр. Клиентимæ уыдонæн хатт сæвзæры быцæутæ. Лæппуты къорды цымыдис кодта, раздæры «Мегафон»-ы къухдариуæгад куыд дзырдта, ома, 30-40 проценты бæрц фæкъаддæр уыдзысты тарифон планы æмæ опциты оптимизацийы фарстатæ. Уый фæдыл бастдзинады офисы ахæм дзуапп радтой. Уыцы бадзырд æххæст кæй не ‘рцыд, уый аххосаг, дам, уыд ног ифтонггæрзты райсыны хъуыддаг кæй ныкъуылымпы ис, уый. Уый фæрцы хъуамæ республикæйы территорийыл ивд æрцыдаид 64 сæйраг станц. Ныр, дам, къухы бафтыд гъæдджын ифтонггæрзтæ асламдæр аргъыл чи уадзы, ахæм стыр компаниимæ бадзурын. Ифтонггæрзтæ райстой декабры мæйы æмæ ныридæгæн уыдонæн сæ иу хай ивд æрцыд.

Николай Фирсов ма куыд загъта, афтæмæй абоны бон къухы бафтыд стыр куыст бакæнын мидæггагон административон фæсауæрцы маркетингон раиртæстыты абонентты домæнтæ сахуыр кæнын, тарифон плантæ æмæ опциты раивын æмæ универсализаци кæныны охыл. Уый ма загъта, зæгъгæ, раздæр ацы фарстатæм æвналдæуыд æнæсистемон æгъдауæй. Фæлæ размæ куыд цæуæм, афтæ нæ компани хуыздæр кæндзæн йæ куыст алы фæдыздæхты дæр. Куысты хæрзгъæд та къухы нæ бафтдзæн, хызæг уæрæхдæр куынæ ‘рцæуа, уæд. Беседæ кæныны рæстæджы ма хъæппæрис чи равдыста, уыцы лæппуты къордæн загъта, зæгъгæ, РХИ-йы Хицауадимæ цы бадзырдтæ сарæзтой, уыдон æххæст кæнынц цадæггай. Сæрмагондæй арæзт æрцыд ног тарифон план «Студенческий». Активонæй кусы ног интернет-опци «Ночной драйв» дæр. Уый фадат дæтты интернетæн æхсæвы фыццаг сахатæй райсомы авд сахаты онг асламдæрæй пайда кæнынæн. Уымæй дарддæр ЗАО «Остелеком»-ы гендиректор куыд зæгъы, афтæмæй компани сарæзта æмæ спайда кодта ног тарифон план «Универсальный VIP»-æй. Уый та дæтты 1 Мбайты аргъ 50 проценты фаг кæныны фадат. Ис ма нæм лæвæрдгонд трафикы гуырахст фæфылдæр кæныны фæнд, йæ аргъ ын нæ фæфылдæргæнгæйæ. Уыдон та уыдзысты ахæм популярон опцитæ, куыд «Лайт», «Лайт+», «Медиум» æмæ æндæртæ.

Николай Фирсовы ныхæстæм гæсгæ тагъд фæуыдзысты 10-тестон станцы монтаж æмæ мобилон бастдзинад æмæ интернеты тыгъдад æмæ аргъы оптимизаци здæхт трафикон планты ивындзинæдтæ, афтæмæй уавæр бæлвырд фæхуыздæр уыдзæнис. Уый ма зæрдæ бавæрдта, зæгъгæ, æмгъуыдтæ хæлд не ‘рцæудзысты, уымæн æмæ уый у ЗАО «Остелеком»-ы принципиалон позици.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.