Адæймаг Хуыцаумæ куы скувы æмæ йын йæхи куы фæфæдзæхсы, уæд фыццаджы фыццаг цы хæрзиуæг ракуры, уый у æнæниздзинад. Уый алкæмæн дæр тынг зынаргъ у, уымæн æмæ зонæм, æнæ æнæниздзинад нæ рухс бæллицтæ, нæ царды плæнттæ кæй нæ сæххæст уыдзысты. Гъе, фæлæ, хъыгагæн, алчи иугъуызон æнæниздзинад нæ рахæссы æрдзæй, стæй йыл нæхæдæг дæр хатт тынг нæ фæаудæм æмæ фæцуды, бахъæуы нæ хоскæныны сæр. Æмæ уæд нæ уæлхъус æрбалæууы урс халоны мидæг дохтыр. Æрбалæууы, цæмæй нын нæ низ фæсура æмæ царды ныфс адæймаджы бауадза. Дохтырыл хъуыды кæнгæйæ, бирæты нæмттæ айзæлынц нæ хъусты, сæ фæлгондз ауайы нæ цæстыты раз, кæд уыдонæй бирæтæ нал сты не ‘хсæн, уæддæр. Дохтыртæй йæхицæн ном чи кæны адæмы ‘хсæн, уыдонæй сæ иу – Цхинвалы районы Дменисы хъæуы амбулаторийы дохтыр Тыбылты Татьянæ Таймуразы чызг.

Бирæ сты йæ лæггæдтæ канд Дменисы нæ, фæлæ уымæ æв-вахс хъæуты цæрджытæн дæр – дохтыртерапевт Тыбылты Татьянæйæн. Уый у Хуыцауæй ратгæ дохтыр æмæ рынчынты дзæбæх кæны канд йæ зонындзинæдты руаджы нæ, фæлæ сæ тавы йæ зæрдæйы уарзтæй æмæ йæ равдаугæ хъарм ныхасæй дæр.

Татьянæ у тынг æнкъараг адæймаг. Астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд райдыдта хъуыды кæнын цард æмæ мæлæты ‘хсæн цы тох цæуы, уыдæттыл. Уæд нæ зæххыл ссыгъдис хæсты арт. Мардысты æнæаххос адæм, уæззау цæфтæй-иу бирæтæ бахаудысты рынчындонмæ. Рыстис, тынг рыстис йæ зæрдæ йæ хиуæттæй, зонгæтæй-иу исчи куы амардис, уæд. Тынг æй фæндыд, истæмæй сын иучысыл уæддæр куы баххуыс кæнид. Растдæр уый тыххæй сфæнд кодта дохтыр суæвын дæр. Æмæ сæххæст йæ бæллиц: æнтысгæйæ радта фæлварæнтæ Цæгат Ирыстоны медицинон академимæ. Дисæн ын хастой йæ ахуырфæразондзинад. Институты программæ йæм фаг нæ фæкаст, цымыдис кодта æндæр ахуыргæндты медицинон тракттæм дæр æмæ-иу арæх уыдон кæсгæйæ, йæ рæстæг æрвыста библиотекæйы.

Урсбазыр бæлæттау атахтысты йæ ахуыры азтæ Татьянæйæн æмæ 2000-æм азы йæ диплом куы райста, уæд æрыздæхт йæ райгуы-рæн горæт Цхинвалмæ æмæ уайтагъд кусын райдыдта поликлиникæйы. Цалдæр азы бакусыны фæстæ Татьянæйы йæ хъысмæт ахаста Мæскуымæ. Зын уыд райдианы æнæзонгæ адæмы ‘хсæн æрцахуыр уæвын, фæлæ йæхи нал басаста æмæ кусынмæ бацыд поликлиникæмæ. Нæ фæтыхст æцæгæлон адæмы ‘хсæн куыстуарзаг чызг. Коллектив ын куы бафиппайдтой йæ куыстуарзондзинад, йæ адæймагон хорз миниуджытæ, уæд æй æррæвдыдтой æмæ уый дæр  зæрдиагæй æрæвнæлдта йæ куыстмæ. Цы поликлиникæйы куыста, уым бирæ уыдис дæсны, фæлтæрд дохтыртæ æмæ сын зонгæ кодта сæ фæлтæрддзинадимæ. Хъæстаг нæ уыд йæ куыст, йæ цардæй. Фæлæ зæрдæ æхсайдта йæ ныййарджытæм, йæ райгуырæн бæстæм æмæ-иу йæ улæфты рæстæджы йæ уарзон Цхинвалмæ куы æрцыд, уæд-иу æй йæ къах нал хаста фæстæмæ æмæ 8 азы фæстæ бынтондæр æрыздæхт йæ райгуырæн горæтмæ. Ныр æм фылдæр æмæ хуыздæр уыд куысты фæлтæрддзинад æмæ йæ уайтагъд кусынмæ арвыстой Цхинвалы районы Дменисы хъæуы амбулаторимæ дохтырæй. Фæстæдæр та ссис районы поликлиникæйы сæйраг дохтыр, афтæмæй æнувыдæй архайы районы цæрджыты æнæниздзинад фæхуыздæр кæныныл. Райгонд сты хъæуы цæрджытæ сæ дохтырæй. Аргъ æмæ сын кад кæны Татьянæ йæхæдæг дæр.

«Хæларзæрдæ адæм сты дменисæгтæ. Хæст сыл кæд йæ дæр-зæг арм æрæвæрдта æмæ æндæр арæнгæрон хъæуты цæрджытау уыдон дæр фæтыхстысты, уæддæр нæ ферох кодтой, рагæй фæстæмæ хъæуæн традицион чи систы, уыцы миниуджытæ: тыхст рæстæджы кæрæдзимæ се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнын; кæрæдзийы циныл цин кæнын, сæ хъыгыл та – хъыг кæнын. Мæнмæ гæсгæ уыдон сты адæймаджы иууыл рæсугъддæр миниуджытæ æмæ сæ дæлæмæ нæ уадзынц ацы хъæубæстæ. Сæ хъарм ахаст сын æнкъарын æз дæр æмæ раст цыма ацы хъæуы схъомыл дæн, афтæ æнцон мын у се ‘хсæн кусын. Æмæ мæнæн дæр цас мæ бон у, уыйас сын мæ хъус дарын се ‘нæниздзинадмæ», – загъта мидбылхудгæйæ дохтыр æмæ йæ рæсугъд цæсгом ноджы фæрухсдæр.

Дменисæгтæ Татьянæйы аудындзинад сæхиуыл иууыл тынгдæр банкъардтой æгъатыр низ Covid-19-ы фæзынды рæстæджы. Цы ныффæрæзтой уæд йæ дыууæ къахы иу хæдзарæй иннæ хæдзармæ рацу-бацу кæнынæй. Уымæн нæ уыдис иунæг ахæм бон дæр, æмæ йæ рынчынты ма бабæрæг кодтаид.

 Йемæ чи кусы, уыцы медицинон хоты хъуыдымæ гæсгæ уый хи-цæн кæны йæ бирæвæрсыг зо-нындзинæдтæй, йæ арф хъуыды-кæнынадæй. Уайтагъд рафæл-гъауы рынчыны цæмæй хъæрзы, уый æнæ аппаратурæйæ дæр.

Татьянæйы хорзы кой хъæуы цæрджыты ‘хсæн уайтагъд ай-хъуыст. Æрмæст йæ фæзындæй дæр рынчын æрсабыр вæййы, фенцондæр ын вæййы. Мæнæ цы зæгъынц дменисæгтæ Тыбылты Татьянæйы тыххæй.

Джиоты Мананæ: Уый у, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, алцæмæ дæр чи цымыдис кæны, ахæм хæдæфсарм адæймаг, кæцы иттæг хорз зоны йæ дæсныйад. Нæ хъæуы цæрджытæ уыцы æгъатыр низы дзæмбытæй æвыдæй кæй аирвæзтысты, уды зиан ныл кæй не ‘рцыд, уый у Татьянæйы æнтыст. Цыдис хæдзæрттæм, хос сын кодта æмæ фæдзæхста, цæмæй æнæхъуаджы æддæмæ ма хизой æмæ низ тынгдæр ма парахат кæной. Ацы уæззау низæй ма искуы сæдас уыдзыстæм, уый æнхъæл нал уыдтæн æмæ раст хъуамæ зæгъон, дохтыр æмæ мæм медицинон  хоты иузæрдион архайд исдуг хуымæтæджы ныфсæвæрæгау фæкаст æмæ сæ мæхицæн ницы уадиссаг ныфс æвæрдтон, фæлæ мæ рыстытæ æнæнхъæлæджы фæрогдæр сты æмæ фырæхцондзинадæй, нæ уавæрыл нын чи тыхст, уыцы дохтырæн бузныг зæгъын дæр нал арæхстæн.

Икъаты Ануси: Татьянæйæн йæхицæн дæр кæд тæссаг уыд низ ыл бахæцынæй, уæддæр нæ ауæрста йæхиуыл.

Æрвылбон дæр сæумæрайсомæй изæрмæ архайдта рынчынтимæ. Йæхицæн цæуын йæ бон кæмæн нæ уыд, уыцы рынчынтæм та тагъд кодта хæдзæрттæм, рафыста-иу сын æмбæлон хостæ, барста сын сæ туджы æлхъывдад, сæ тæвд æмæ иста æмбæлон мадзæлттæ. Дзырдта сæм фæлмæн æмæ аудгæ хъæлæсæй æмæ сын сæ ныфсыл уæлдай ныфс æфтыдта, уырныдта сæ, сæ дохтыры иузæрдион ахасты руаджы кæй фæуæлахиз уыдзысты сæ низыл. Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, дохтырæн йæ хостæй йæ фæлмæн ныхас, йæ аудгæ ахаст хуыздæр æххуыс кæнынц рынчынæн. Мах дзы райгонд стæм æмæ райгондæй фæцæрæд Татьянæ йæхæдæг дæр.

«Ацы низ тæссаг у. Уый канд рæуджытыл, зæрдæйы дадзинтыл не ‘ндавы, фæлæ ма адæймаджы психологийыл дæр. Уый рахатгæйæ, æз архайдтон сæ зæрдæйы уагыл дæр сын бандавыныл. Ныфсытæ сын æвæрдтон, цæмæй ма тæрсой, фæлæ хъусой мæ амындтытæм, дзырдтон, сæ фарсмæ кæй дæн æмæ сын тас кæй нæу. Куыд ма загътон, хъæубæстæн кæрæдзиимæ ахæм хъарм ахаст ис, æмæ-иу дзы кæмæдæр цавæрдæр хос куынæуал уыд, уæд-иу сæ æнæвгъауæй радтой кæрæдзийæн. Æмæ, табу Хуыцауæн, кæрæдзийæн æххуысы руаджы дзы ацы низы амæттаг ничи бацис. Йæ хъус нæм дардта Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг дæр. Дменис йæхи хъæу у, æмæ æнцой нæ ардта. Æрвылбон дæр мæм дзырдта рынчынтæн сæ уавæр базоныны тыххæй. Уый цымыдис кодта æввахс хъæуты цæрджыты уавæрмæ дæр. Æмæ æз рынчынты ныфс куыд сдæн, афтæ Мамытайы фырт та мæныл æфтыдта ныфс. Уымæн æмæ иумæ æнцондæр у цыфæнды зындзи-нæдтæ дæр ныссæттын», – загъта Тыбылты Татьянæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм рæстæджы нæ адæмы тынг хъæуы Татьянæйы хуызæн дохтырты сæр. Ахæмтæ та нæ республикæйы бирæ ис æмæ цы рынчынты сдзæбæх кæнынц, уыдоны арфæтæ сыл æрцæуæд.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.