Компани «Мегафон Хуссар Ирыстон» 15 июны презентаци сарæзта смартфонты ног тарифон плæнттæн.

Нæ республикæйы бастдзинады иунæг монополист ныр та йæ абонентты хæрзиуæгæн бакуыста 5 тарифон планыл, 350 сомæй 2 500 сомы онг. Уыдон сты S,M,L,XL,XXL.

Тарифтæ цы нысан кæнынц, æмæ сæ хорздзинад цæй мидæг ис, ууыл æрдзырдта презентацийы рæстæджы ацы компанийы гендиректор Роман Коврига: «Мах регуляронæй уынаффæ кæнæм нæ уæрæсейаг коллегæтимæ, цæмæй «Мегафон-Хуссар Ирыстон»-ы интернет æмæ мобилон бастдзинады лæггæдты фæдыл тарифон опцитæ æмæ лæггæдты гъæд уой нырыккон æмвæзадыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах хынцæм, цæрджытæн сæ бон стыр аргъ фидын кæй нæу, уый. Ацы фарст аскъуыддзаг кæнынмæ здæхт сты махæн дæр нæ архайдтытæ. Ахæм позици ис “Мегафон-Хуссар Ирыстон”-ы директорты советæн дæр. Уыдон хъуыды дæр у, цæмæй лæггæдты гъæд æмæ тарифтæ кæрæдзийæн дзуапп дæттой», – дзырдта Роман Коврига.

Уый ма компанийы номæй хатыр ракуырдта абоненттæй, хатт Кавказы филиалы биллингон системæйы аххосæй аваритæ кæй æрцæуы, æмæ цалынмæ локализаци æрцæуынц, уæдмæ информацион технологитæй кæй фæиппæрд вæййынц. Уый тыххæй, зæгъгæ, мах ивгъуыд аз нæ абоненттæн ныфс бавæрдтам, компани кæй сарæзта мидадминистративон хайад, кæцы кусдзæн инциденттæ ма æруадзыныл. Цæмæй интернет фæхуыздæр уа æмæ бастдзинад æнæкъуылымпыйæ куса, уый тыххæй та æрцыд стыр ивындзинæдтæ радиохызæг æмæ зæронд ифтонггæрзтæ баивыны фæдыл.

Бынæттон абоненттæ активондæрæй, цæмæй пайда кæной Мегафоны лæггæдтæй, уый тыххæй бакуыстæуыд уæлæмхас трафиктыл.

 Уый фæстæ экраныл разынд тарифон плæнтты таблицæ S, кæцыйы аргъ уыдзæн 350 сомы, абонентæн фадат дæтты 150 минут æнæаргъæй ныхас кæнын «Мегафон Хуссар Ирыстон”-ы хызæджы æмæ æрдæг гигабайт та лæвæрд цæудзæн интернет.

 М  пакетæй чи пайда кæна, уыцы абонентæн та лæвæрд цæуы S пакетæй пайдагæнджытæй 50 минуты фылдæр, уыцы нымæцы Цæгат Кавказы Мегафонмæ дæр. Ацы тарифон плæнттæ архайдзысты, цы регионы цæрут, æрмæстдæр уым. Фæлæ уыимæ иумæ уæ бон уыдзæн æппæт опцитæ дæр баиу кæнын, ома, «Соседние страны», «Легкое путешествие» æмæ æнд.

Тарифон плæнттæй иууыл зынаргъдæр тариф у XXL, уымæн йæ аргъ у 2 500 сомы. Ацы тариф абонентæн лæвар кæны 200 æнæаргъ минуты «Мегафон»-ы абоненттæн, 20 гб та –  интернет-трафик.

«Мегафон-Хуссар Ирыстон»-ы коммерцион директор Санахъоты Ларисæ куыд зæгъы, афтæмæй: «Тарифон плæнттæ XL, XXL сты æнæ-лимитонтæ. XL у видеохостинг, XXL-æн йæхимидæг ис æнæлимитон трафик, WhatsApp, Messenger æмæ æндæр популярон пакеттæй пайда цæудзæн æнæаргъæй.

Ацы тарифты фыццаг абоненттæ систы «Мегафон»-ы кусджытæ сæхæдæг.

“Мегафон”-ы ног тарифтимæ зонгæ кæныны фæдыл мадзал ацыд кафе «Винченцо»-йы кæрты. Цытджын мадзалмæ æрбацæуджыты ‘хсæн уагъд цыд алыгъуызон викторинæтæ. Æрæмбырдуæвджытæм лæвæрдæуыд фарстатæ «Мегафон-Хуссар Ирыстон»-ы истори æмæ куысты фæдыл. Уæлахиздзаутæ лæварæн райстой XL æнæаргъ трафиктæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.