32-аздзыд æвзонг сылгоймаг æнхъæлдта, ныртæккæ нæ республикæйы цы санитарон-эпидемиологон уавæр апарахат, уый йæ иувæрсты кæй ахиздзæн. Уымæн æмæ сылгоймаг рынчынгæнаг никуы уыд, стæй пандеми куы райдыдта, уæдæй нырмæ архайы дохтырты амындтытæ æххæст кæныныл. Суанг ма хъæумæ дæр ацыд, цæмæй йæхи сизоляци кæна бирæ адæмæй. Фæлæ, хъыгагæн, ацы низ кæмфæндыдæр ссардзæнис йæ амæттаджы.

«Нæ хаудтæн, коронавирус тæссаг кæмæн у, уыдон нымæцмæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ  тарстæн тынг. Респираторон низтæй стæм хатт фæрынчын вæййын. Октябры райдианы мæхи æвзæр хатын райдыдтон, мæ тæвд абарстон æмæ мын 37,5 уыд. Уалынмæ хид кæнын райдыдтон. Фæлæ зæгъын, уазал сдæн, хъæуы хъарм дон алкæмæн нæй, æмæ уый размæ бон уазал доны цыдæртæ ахсадтон. Фæлæ цалдæр боны куы фæтæвд кодтон, уæд бамбæрстон, коронавирусæй кæй фæрынчын дæн. Мæ хъуыр афтæ рыст, æмæ дзы къæбæр нал хызт. Фырæххормагæй мæ зæрдæ хæццæ кодта», – мысы сылгоймаг.

Дарддæр ацыд дохтырмæ æмæ йæм цы симптомтæ ис, уый куы радзырдта, уæд ын рафыста витаминтæ, антибиотиктæ æмæ тугтæнæггæнæн хостæ. Хæдзары хос кæнын райдыдта, фæлæ йæ дохтыр нæ бафæдзæхста, фæсонтыл хуыссын гæнæн кæй нæй, уымæ гæсгæ цалдæр бонмæ йæ рæуджыты уавæр фæкарздæр, хуыфын райдыдта. Рынчындонмæ та бацыд æмæ йын тест æмæ КТ сарæзтой. Цалынмæ тесты хатдзæгтæ нæ сарæзтой, уæдмæ йæ зонгæ дохтыры фæрцы схуыссын кодтой рынчындоны.

«Уæддæр йедзаг уыд рынчындон, уæлæмхас сынтæг сæвæрдтой палатæйы æмæ мæ уым схуыссын кодтой. Мæхи æвзæр хатыдтæн, уæлдæф мын нæ фаг кодта, тынг-иу куы сулæфыдтæн, уæд та-иу хуыфынмæ фæдæн, цыма мæ улæфæнты авджы цъæлтæ уыд.  Рысты тасæй тынг улæфын дæр нал уæндыдтæн. Мæ рæуджытæ 48 проценты  хъыгдард кæй сты, уый мын æнцойад нæ лæвæрдта. Бынтондæр сæдых дæн. Фондз къахдзæф     акæ­ныны фæстæ-иу мын уæлдæф нал фаг кодта. Мæ цæсгом схъулон ис, мæ царм бампылд», – дзуры, æрæджы коронавирусыл чи фæуæлахиз, уыцы сылгоймаг.

Уый ма зæгъы, дохтыртæ йæм сæ хъус иттæг хорз кæй дардтой.  «Дохтыртæ Мæргъиты Маринæ, Цхуырбаты Ирмæ æмæ Гаглойты Жаннæ цы ныффæрæзтой алы рынчынмæ дæр сæрмагонд хъусдард дарынæй, уый диссаг у. Медицинон хотæ Гæбæраты Людмилæ æмæ Козаты Альбинæ сæ сынтæджытæ радтой пациенттæн æмæ-иу сæхæдæг къæлидоры схуыссыдысты тæрхджытыл. Рынчынтæ-иу сыл куы сбуцтæ кодтой, уæддæр-иу хъазæн ныхæс­тæ кæнын райдыдтой. Райсомæй изæрмæ та-иу сын æрулæфт нæ уыд».

Медикты æмрæнхъ ма уый бузныг у, рынчындонмæ æххуысмæ цы бархионтæ бацыдысты, уыдонæй дæр.

«Рынчындонæй мæ рафыстой къуырийы размæ, дохтыртæ мын цы амындтытæ скодтой, уыдон æххæст кæнын. Ныр мæхи бирæ хатты хуыздæр хатын. Адæмæн та мæ зæгъын фæнды, цæмæй сæхи хизой, фæлæ ма тæрсой ацы низæй. Кæд  фæрынчын уой, уæддæр ын ис хос. Йæ ныхмæ тох цæуы алыгъуызон методтæ æмæ медицинон препараттæй. Уыдон дефицит уыдысты дыууæ къуырийы размæ, фæлæ ныр аптекæты фæзынд хостæ. Нæ президент æмæ æндæр бизнесменты фæрцы рынчындон дæр ифтонг цæуы хостæй. Алчи дæр хызт уæд рынæй! Куы фæрынчын уат, уæд та тæрсгæ ма фæкæнут!», – зæгъы, æрæджы рынчындонæй чи рацыд, ахæм сылгоймаг.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.