Бæрæг куыд у, афтæмæй æвзæр хъуыдытæй алы хатт дæр зындæр вæййы фервæзæн. Цæмæй ахæм хъуыдытæй дæхи фæиппæрд кæнай, уый тыххæй хиуыл хъæуы бирæ кусын, тыхтæ æрæмбырд кæнын æмæ тренировкæ кæнын. Фæлæ ис цалдæр фæрæзы, кæцытæ уын баххуыс кæндзысты позитивон уагмæ уæ æркæнынæн.

Нæ сæры магъз нын фадат нæ дæтты, цæмæй ферох кæнæм не ‘взæр мысинæгтæ æмæ нæ уæззау царды фæлварæнтæ. Уымæй нæ сæры магъз архайы, цæмæй ныл фидæны нæ ивгъуыд рæдыдтытæ мауал æрцæуой. Фæлæ негативон хъуыдытæ алы хатт дæр фæхъыгдарынц хорз хъуыддæгтæ æрцæуынæн. Ахæм хъуыдытæ нын фадат нæ дæттынц алы боныл дæр æхсызгонæй æмбæлын æмæ амондджынæй цæрын.

Бар ма дæттут, цæмæй уыл негативон хъуыдытæ фæтых уой.

Куыддæр уæм фæзыной ахæм хъуыдытæ, афтæ уыл фæтых уыдзысты дызæрдыгдзинад, æнæууæнкдзинад æмæ æнæныфсхастдзинад. Ахæм хъуыдытимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, адæймагæн хорзæй йæ къухты ницы бафтдзæнис. Ауадзут уæ негатив æмæ уе ‘взæр хъуыдытæ. Уыдон уæ æрмæстдæр фæстæмæ кæнынц. Куыддæр фæхатат уæхи æрхæндæгæй, æппæрццаг хъуыдытимæ, афтæ аирхæфсут уæхи исты хорз хиирхæфсæн мадзæлттыл. Уæхи куы банкъарат мæстыгæр æмæ ныфссастæй, уæд цалдæр хатты арф ныуулæфут. Уæ хъусдард аздахут уæ эмоцитæм нæ, фæлæ цы уæлдæф улæфут, уыцы процессмæ.

 Уæ хъуыдытæ аздахут позитивон фæндаджы ‘рдæм.

Алы мастæн анализ ма кæнут. Ахуыр кæнут алы ран дæр агурын æвæрццаг моменттæ, концентраци сыл кæнут æмæ сæм уæ хъусдард аздахут.

Уый тыххæй уæ хъæуы райсын гæххæтт æмæ фыссæнгарз. Алы бон дæр дзы фыссут, иу боны мидæг уыл цы æртæ хорз хъуыддаджы бантыст саразын, уыдон. Ахъуыды кæнут сæ аххосагыл. Ма уæ ферох уæт чысыл ницæйаг хъуыддæгтæ дæр, уымæн æмæ æнæ уыдонæй уæ къухты уæлахиз нæ бафтыдаид. Ахæм номхыгъд уын æххуыс уыдзæн æмæ уын ныфс дæтдзæн уæ дарддæры архайдтытæн æмæ уæ сомбоны уæлахизтæн.

Фылдæр дæттут æмæ фылдæр райсат.

Зæрдæхæлар куы уæм, уæд нæхæдæг дæр уыдзыстæм амондджындæр. Исты хорз хъуыддаг саразут искæмæн, уæлдай нæу, чи уа, æнæзонгæ дæр уæд. Исчи æххуысхъуаг куы уа, куы тыхса, уæд ын баххуыс кæнут, фæкæсут æм. Адæм уæ фæбузныг уыдзысты æмæ уæ уыцы хорз хабæрттæ та уæхи дæр байдзаг кæндзысты æвæрццаг энергийæ.

Æхцондзинад исут ныры моменттæй.

Цæмæй скъуыддзаг скæнат бафидаргонд хъуыдытæн, уый тыххæй алы боныл дæр позитивонæй æмбæлут, зæрдæрайгæйæ кæсут уæ сомбонмæ, алы хъуыддаджы дæр агурут позитивондзинад, æххуыс кæнут уæ алыварс адæмæн, уæ бон куыд у, уыйас, уæ къух сæм фæдаргъ кæнут. Цæрут ам æмæ ацы тæккæ, сомы бонæй нæ, фæлæ. Æмæ уæм куыстæй цы уæфты бонтæ æнхъæлмæ кæсы разæй, уыдоны ныфсæй дæр развæлгъау ма цæрут, ма йæм æнхъæлмæ кæсут развæлгъау.

Цæмæй уын æнцондæр уа, уый тыххæй уæхимæ радтут цалдæр ахæм фарсты:

1.  Цæй тыххæй дæн æз абон бузныг?

2. Мæ бон цы у саразын мæхицæн, цæмæй суон хъæлдзæгдæр æмæ зæрдæрайгæдæр?

3. Мæ бон у ныртæккæ искæмæн йæ зæрдæ барухс кæнон æмæ йæ самондджын кæнон?

Куыддæриддæр сахуыр уат уæ хъуыдытыл контроль кæнын, афтæ йыл уæ сæры магъз сахуыр уыдзæн æмæ уын позитивон хъуыдыкæнынад суыдзæн, куыд æрвылбонон архайд, афтæ.

Æрмæг бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.