Ныр цалдæр мæйы дæргъы нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады фадыджы кусджытæ сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, тох кæнынц, æппæт дунейы цардыл цы вирус бандæвта, уый ныхмæ. Нæ медицинон уагдæтты кусджытæ та радон хатт балæууыдысты сæ тыхст адæмы фарсмæ æмæ æхсæвæй-бонæй æнæрулæфгæйæ,  сæ профессийы ардбахæрд куыд домы, уымæ гæсгæ æххæст кæнынц сæ хæс. Кæд тæссаг æмæ хæцгæ низ у, уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, ахызтысты уыцы тасы сæрты æмæ, фыццаг рады, æрæвнæлдтой  адæмы мæлæтхæссæг низæй ирвæзын кæнынмæ. Нæ республикæйы сæрмагонд медицинон уагдæтты кусджыты æмрæнхъ лæууынц нæ районты рынчындæтты медицинон кусджытæ. Уыдон  сæ уавæртæм æмæ фадæттæм  нæ кæсгæйæ, хæстон хъайтартау, слæууыдысты иумиаг знаг СОVID-19 ныхмæ.

Дзауы районы рынчындоны сæйраг дохтыр Гасситы Константин куыд загъта,  афтæмæй ныртæккæ эпидемиологон уавæр иннæ мæйтæм абаргæйæ у стабилон.  Уый нын куыд загъта, афтæмæй ацы вирусæй, хъыгагæн, сæ рынчындоны кусджытæй бирæтæ фæрынчын сты. «Нæ рынчындоны нæм кусы дыууæ терапевт, фæлæ ныртæккæ уыдон хиизоляцийы  кæй сты, уымæ гæсгæ рынчынты йæхимæ рæстæгмæ исы педиатр.  Нæ тагъд æххуысы станцы ис цыппар бригадæйы, фæлæ дзы ныртæккæ  кусы æрмæстдæр иу дохтыр, уымæн æмæ иннæ кусджытæ фæрынчын сты ацы вирусæй. Уымæй дарддæр ма, нæ дохтыртæй иуæй-иутæ сты 65 азæй уæлæмæ кары æмæ нæ Хицауад цы  уынаффæ рахаста, уымæ  гæсгæ уыдон  ацы аз 15 декабрмæ сæ куыстмæ нæ рахиздзысты. Уымæн æмæ сты тæссаг зонæйы. Ныртæккæ нæм стационары коронавирусы рынчынтæ нæй, фæлæ нæм цы рынчынтæ ис, уыдоны нæ республикæйы бирæпрофилон медицинон центрмæ акодтам, уымæн æмæ ныртæккæ уым ис бынæттæ, уавæртæ, фылдæр медицинон кусджытæ, кæцыты руаджы рынчынтæ райсынц комкоммæ медицинон æххуыс. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ ныртæккæ уыцы рынчынтæ уæззау рынчынтыл нымад нæ цæуынц,  нымад цæуынц рæуæгау рынчынтыл», – банысан кодта рынчындоны сæйраг дохтыр. Гассийы фырт ма нын куыд радзырдта, афтæмæй сæ рынчындон медицинон препараттæй цухдзинад не ‘ййафы, афтæ ма  цухдзинад не ‘ййафынц индивидуалон хъахъхъæнæн фæрæзтæй.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы вирусы фæзындимæ нæ республикæйы фæзынд волонтертæ, уыдон егъау æххуыс бакодтой куыд нæ республикæйы тыхст æмбæстæгтæн, афтæ нæ медицинон кусджытæн дæр. Дзауы рынчындоны сæйраг дохтыр нын куыд загъта, афтæмæй уыдоны нæ бахъуыд волонтерты æххуыс, сæхи тыхтæй слæууыдысты карз низы ныхмæ, æмæ йыл кæд нырма кæронмæ нæ фæтых сты,  уæддæр сæ сæ  тыхтæ куыд амыдтой, афтæ фæлæууыдысты вирусы ныхмæ. «Йæ тæккæ тæмæны куы уыд  ацы вирус нæ республикæйы, уæд нын кæд тынг зын уыд кусын, уæддæр нæ къухтæ нæ ауагътам æмæ нæ бон куыд уыд, афтæ æрбалæууыдыстæм не ‘мбæстæгты фарсмæ æмæ æххæст кодтам нæ медицинон хæс. Иууыл уæззаудæрты-иу аластам горæты сæйраг рынчындонмæ, иннæтæн та ам нæ рынчындоны æххуыс кодтам. Иуæй-иу хатт-иу нæм сæвзæрд ахæм уавæр æмæ-иу  иу  адæймаг куыста цалдæр адæймаджы бæсты. Уыцы уавæр нæм фæзынд фæстаг мæйты, уымæн æмæ нæ  медицинон кусджытæ рынчынтимæ кæй архайдтой, уымæ гæсгæ фæрынчын сты сæхæдæг дæр. Ис нæ кусджыты ‘хсæн ахæмтæ, кæцытæ сæнæниз сты, уыдоны ‘хсæн мæхæдæг дæр», – банысан кодта Гасситы Константин. Уый ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй  Дзауы  районы  иууыл дарддæр хъæутæ сты  Синагур, Карзман, Теделет. Ис зæгъæн, æмæ ацы хъæуты цæрджыты  Хуыцау ацы æвзæр низæй бахызта. Чизоны, дæрддаг кæй сты, уый руаджы. Уый фæрцы абоны онг уал сæ уавæр у хуыздæр.

Къуыдаргомы эпидемиологон уавæр

стабилон кæны

Къуайсайы  рынчындоны сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульяна нын куыд загъта, афтæмæй сæ рынчындоны  ныртæккæ коронавирусон инфекцийæ рынчынтæ ис æрмæстдæр 12, уымæ гæсгæ, ис зæгъæн, æмæ Къуыдаргомы уавæр фестабилондæр ис. Куыд зонæм, афтæмæй  ацы низы фæзынд тынг бахъыгдардта Къуыдаргомы цæрджыты дæр. Фæлæ низы тæссагдзинадмæ нæ кæсгæйæ, Къуайсайы рынчындоны медицинон кусджытæ се ‘мбæстæгты фарсмæ фæлæууыдысты цырд, æмæ æппæт амæлттæй дæр сæ кæд сæ къух нæ амыдта, уæддæр æппæт дæр арæзтой низы ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы. «Ацы низ куы фæзынд нæ горæты, уæд  цухдзинад æййæфтам куыд медицинон препараттæй, афтæ туаггуыры баллонтæй дæр. Архайдтам, нæ къухы цы уыд, уымæй, фыццаг бонты нæм уыд туаггуыры чысыл баллонтæ, фæлæ-иу уыдонæн сæ туаггуыр тагъд фæцис. Уымæ гæсгæ-иу тыхст рынчынты ластам нæ республикæйы сæйраг рынчындоны сырх зонæмæ, рæуæгдæр рынчынтæн та-иу ам бынаты хос кодтам. Нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ нæм нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги куы æрбацыдысты,  уый фæстæ туаггуырæй ифтонгад зынгæ фæхуыздæр. Егъау гуманитарон  æххуыс нын бакодтой, не ‘мбæстæгтæй нæ республикæйы æдтейæ чи цæры, уыдон. Стыр бузныг мæ фæнды уыдонæн зæгъын. Афтæ ма ам бынæттон цæрджытæй дæр кæмæдæрты разынд таггуыры стыр баллонтæй æмæ сæ уыдон дæр æрбахастой рынчындонмæ. Гуманитарон  æххуысы рæстæджы нын æрæрвыстой дыууæ  туаггуыр концентраты, æмæ нын уыдон дæр тынг æххуыс сты абоны онг дæр ацы низы ныхмæ тохгæн-гæйæ.  Ныртæккæ нæ рынчындоны  цы рынчынтæ ис, уыдонæн сæ сатураци ныллæг куы вæййы, уæд уыдон  вæййынц концентраттыл. Низы райдианы кæд тыхстыстæм æмæ æййæфтам цухдзинад куыд медицинон препараттæй æмæ хи бахъахъхъæнæн фæрæзтæй, уæд ныртæккæ ифтонг стæм медицинон препараттæй æмæ хи бахъахъхъæнæн фæрæзтæй дæр».

ТАНДЕЛАТЫ Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.