Уæрæсейы авиациимæ Ирыстоны намысджын фырттæй йæ царды фæндæгтæ баст кæмæн æрцыдысты, цыппор азы дзы йе ‘фсæддон хæс кад æмæ радæй чи феххæст кодта, абон дæр йæ адæмæн зæрдиаг лæггад чи кæны, уыцы разагъды лæгтæй иу у авиацийы инæлар-майор, РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сæрдар, организацион комитет “Уæлахиз”-ы сæрдары хæдивæг КЪАБОЛАТЫ Солтан. Æрæджы стыр цытимæ бæрæггонд æрцыд йæ 85 азы юбилей. Йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йын РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав саккаг кодта нæ республикæйы кадджындæр хорзæх – “Ирыстоны кад”-ы орден.

Нæ кадджын хистæрæн йæ юбилейон бæрæгбонмæ сæ лæвар ракодтой рауагъдæдтæ “Ир” æмæ “Терские ведомости”-йы кусджытæ. Æрæджы ам “Кад æмæ намыс”, зæгъгæ, уыцы серийы рухс фæзынд Солтаны цардыл, авиаци æмæ æхсæнады хъуыддæгтыл дзурæг хуызджын æмæ мидисджын буклет “Нацийы хуыздæртæ службæ кæнынц авиацийы”. Сарæзтой йæ Ветеранты советы сæрдары хæдивджытæ Бедойты Руслан, Сабеты Виктор æмæ рауагъдад “Ир”-ы директор Таутиаты Хъазыбег.

Буклет райдайы, Ирыстонæй нæ бæстæйы авиацийы чи службæ кодта, уæлдæр цинтæ æмæ дзы кадджын нæмттæ чи райста, уыдоны тыххæй бæлвырд æрфыстæй.

Уый фæстæ та дзы лæвæрд цæуы инæлары царды, æфсæддон фæндаджы æмæ æхсæнадон архайды, Фыдыбæстæ æмæ Ирыстоны раз йе сгуыхтдзинæдты тыххæй бæлвырд уац. Ацы æрмæг бæлвырд фактты бындурыл, Солтаны цардæй ист цымыдисаг хабæрттыл амад кæй у, уый фæрцы йæ чиныгкæсджытæ æхсызгонæй бакæсдзысты.

Солтан бирæ хорз хъуыддæгтæ аразы, Ветеранты республикон советы сæргъы лæугæйæ. Йæ фæрцы ацы организацийы уæнгтæн афоныл æмæ æмбæлгæ уагыл лыггонд цæуынц сæ царды тыхстагдæр фарстытæ, йæ хъæппæрисæй æмæ разæнгардæй иудадзыгдæр арæзт æрцæуынц фæсивæдимæ фембæлдтытæ, лæгдзинады уроктæ, рухс фенынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг нæ адæмы лæгдзинадыл дзурæг чингуытæ “Уæлахизы салдæттæ”, æмæ “Ирыстоны фырттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты”. Уæдæ нæ республикæйы ахæм бæрæгбон, æмбырд, кадджын уазджытимæ фембæлд нæ вæййы, Солтан кæм нæ фæархайы, уæзданæй йæ хъуыды кæм нæ фæзæгъы, йæ рæсугъд ирон æгъдау кæм нæ равдисы. Йæ зонды, æфсæддон, æхсæнадон архайды фæлтæрддзинад ма суанг зыны нæ бирæнацион республикæйы адæмты ‘хсæн сабырдзинад тауыны, æфсымæрон Хуссар Ирыстонимæ фидардæр ахастдзинæдтæ аразыны арфæйаг хъуыддæгтыл. Солтан у фендджын, æрхъуыдыджын, дардмæуынаг зонды хицау, намысджын æфсæддон æмæ дзырддзæугæ хистæр. Йæ зæрдæйы ацы æппæт миниуджыты тыххæй бæлвырддæр базонын кæй фæнды, уыдон буклет “Нацийы хуыздæртæ службæ кæнынц авиацийы” æхсызгонæй кæй бакæсдзысты, ууыл дызæрдыг нæ кæнæм. Буклет хорз сфидыдта Солтаны царды намысджын фæндæгтыл дзурæг, йæ хорз бинонтыл куыд ауды, уыцы раппæлинаг миниуджытæ ирдæй чи æвдисы, ахæм къамтæй. Ист æрцыдысты Солтанæн йæхи,  Ветеранты советы,  газет “Рæстдзинад”-ы, зындгонд историк, бæстæзонæг Феликс Киреев æмæ рауагъдад “Ир”-ы директор Таутиаты Хъазыбеджы архивтæй.

Буклет хорз æххуыс уыдзæн музейты, æфсæддон-патриотон хъомылады центрты кусджытæн, историктæн, скъолаты, институтты, университетты ахуыргæнджытæн, студенттæн æмæ скъоладзаутæн.

 ГАСАНТЫ Валери

Газ. «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.