Хæххон Хъарабахы 44 боны тугкалæн хæстон архæйдтыты фæстæ Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины фæрцы ныллæууыд сабырад. 10 ноябры Владимир Путин, Азербайджаны президент Ильхам Алиев æмæ Сомихстоны премьер-министр Никол Пашинян Хæххон Хъарабахы сæвзæргæ уавæры фæдыл фембæлдысты æмæ бадзырдтой, цæмæй ацы регионы хæст æрлæууа. Уыимæ ма сарæзтой æртæфарсон бадзырд æмæ йыл сæ къухтæ бафыстой. Цæмæй сабырад æмбæлон æгъдауæй хъахъхъæд цæуа, уый тыххæй конфликты зонæмæ конд æрцыдысты уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ 5 азы æмгъуыдмæ. Кæд æмæ уыцы рæстæг аивгъуыйыны фæстæ дыууæ бæстæйы къухдариуæгад дæр разы уой фидауынгæнæг тыхты мандат адарддæр кæныныл, уæд ма йæ ноджы 5 азы æмгъуыдмæ бафысдзысты.

Бадзырдмæ гæсгæ дыууæрдыгæй фарс хæстонтæ æрлæу­дзысты сæ ныры позицитыл æмæ дарддæр æхсæнгарзæй æхст нал æрцæудзæнис. Уый тыххæй та фидауынгæнæг тыхтæ бынаты сæ хъус дардзысты ацы хъуыддагмæ. Уымæй дарддæр ма цыбыр æм­гъуыдмæ кæрæдзимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуой уацайрæгтæ æмæ хæсты фæмардуæвджытæ. Азербайджаны территоримæ бафтдзысты горæт Шуши, Кельбаджар æмæ Лачины районтæ. Цæмæй Хъарабахæн Сомихстонимæ комкоммæ бастдзинад уа, уый тыххæй Лачины районы арæзт æрцæудзæнис коридор 5 километры фæтæнæн. Уыйхыгъд Сомихстон та Азербайджаны сифтонг кæндзæнис комкоммæ транспортон бастдзинадæй Нахичеваны Автономон Республикæимæ. Æппæт ацы процесстæм йæ хъус дардзæнис Уæрæсейы Федерацийы арæнхъахъхъæнæг службæ.

Бадзырды ис лигъдæтты кой дæр. Хæххон Хъарабахы территоримæ цы лигъдæттæ хъавынц æрыздæхынмæ, уыцы процесстæм та йæ хъус дардзæнис Иугонд Нациты Организацийы профилон къамис.

Уæрæсейаг æфсæддонтæ та Хæххон Хъарабахмæ æрхастой сабырад

Уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты æфсæддонты нымæц у 1960 æмæ сæм 460 иуæджы та ис æфсæддон техникæ. Ацы æфсæддонтæ сты Централон æфсæддон округы 15-æм хицæн мотоæхсæн бригадæйæ æмæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой сæ службæйон хæстæ æххæст кæнынмæ. Фидауынгæнæг тыхты къухдариуæггæнæгæй нысан æрцыд инæлар-лейтенант Рустам Мурадов. Ныридæгæн фидауынгæнæг тыхтæ контроль кæнынц Лачины район æмæ хæстон архæйдтыты бынæтты та сæвæрдтой 16 хъусдарæн посты.

Ацы бадзырдмæ гæсгæ Хæххон Хъарабах йæ территорийы бирæ зæххытæй афтидæй аззадис. Азербайджанæн кæцы территоритæ хъуамæ æрцæуой лæвæрд, уырдыгæй лидзынц сомихæгтæ æмæ, дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй судзынц сæ хæдзæрттæ æмæ сæ мулк, цæмæй ма баззайой знæгтæн. Уымæй уæлдай ма Хæххон Хъарабахæн нырæй фæстæмæ йæ азмæлæнтæ уыдзысты къуындæг, уымæн æмæ алырдыгæй дæр сæ арæнтыл сты Азербайджаны æфсæддонтæ, ома, æрхъулайы бахаудтой. Уæлдай тынгдæр ацы уæззау уавæрыл бандæвта горæт Шушийы бацахст, кæцы лæууы сæ столицæ Степанакерты тæккæ сæрмæ æмæ йын ис стратегион нысаниуæг.

Ацы бадзырдыл Азербайджа­ны æмæ Сомихстоны цæрджытæ сæмбæлдысты алыгъуызон æнкъарæнтимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, азербайджайнæгтæ сæхи нымайынц уæлахиздзаутыл, уæлдайдæр та сæ президент Ильхам Алиев Хъарабахы хæсты фæстиуджытæ банымадта стыр уæлахизыл.

Фæлæ ацы бадзырдимæ Сомихстоны хуымæтæг цæрджытæ бынтондæр разы не сты. Ереваны нæ сабыр кæнынц протесттæ, адæм растадысты Никол Пашиняны ныхмæ æмæ бабырстой сæ хицауады бæстыхаймæ. Бынаты нæ баййæфтой бæстæйы сæргълæууæджы, фæлæ мæсты адæмы къухтæм бахаудта Парламенты сæргълæууæг Арарат Мироян æмæ йæ фæнадтой. Алыгъуызон цæфтæ райсыны фæстиуæгæн бахаудта рынчындонмæ. Уый фæстæ митинггæнджытæ араст сты Пашиняны агурæг фæсгорæты паддзахадон дачæмæ, фæлæ та уым дæр нæ разынд. Протестгæнджытæ ма Ереваны бабырстой Гом æхсæнады офисмæ (Фонд открытого общества), кæцыйы ма хоныныц «Фонд Сороса» дæр, æмæ йæ ныппырх кодтой. Ацы фонды æххуысы фæрцы Никол Пашинян 2018 азы ссис бæстæйы сæргълæууæг æмæ Сомихстоны политикæ аивта Америкæйы Иугонд Штатты ‘рдæм, афтæмæй та Уæрæсейы Федерацийæ бонæй-бонмæ дарддæр кодта.

Никол Пашиняны йæ ныхæс­тæм гæсгæ ацы бадзырд бафыссынмæ сразæнгард кодтой Сомихстоны æфсæддонтæ, кæцытæ, зæгъгæ, баййæфтой стыр зиæнт­тæ æмæ ахæм уавæрты хæстхъом нал уыдысты.

«Куыд мæ адæмæн, афтæ мæнæн дæр тынг зын уыд ацы бадзырдыл къух бафыссын. Фæлæ анализ саразыны фæстиуæгæн растыл банымадтон ахæм фæндон рахæссын. Уымæн æмæ не ‘фсæддонтæн нал уыд фадат хæстон архæйдтытæ дарддæр кæнынæн, уыимæ ма ноджы мобилизациимæ дæр уыдис проблемæтæ. Ацы къахдзæф банымайæн нæй уæлахизыл, фæлæ састы бынаты дæр нæ баззадыстæм», – зæгъы Пашинян.

Фæлæ сомихæгтæн сæ фылдæр хай та афтæ нæ хъуыды кæны æмæ дзурынц, ома, хæст фембылды сты. Æмæ сæйраджыдæр уыцы хъуыддаджы азымджын кæнынц бæстæйы къухдариуæгады. Æввахс нымадæй ацы конфликты сомихæгтæй фæмард 5 мин адæймаджы, фесæфтой тынг бирæ хæстон техникæ æмæ æнæхай фесты сæ территоритæй дæр. Хæххон Хъарабахы президент Араик Арутюнаны ныхæстæм гæсгæ хæстон архайдтытæ цыдысты сæ столицæ Степанакерты горæтгæрæтты æмæ ма хæст дарддæр куы ахастаид, уæд азербайджайнаг æфсад цыбыр æмгъуыдмæ бацахстаиккой æгас Хæххон Хъарабах.  Уый фæстиуæгæн Никол Пашинянæн нал уыд æндæр гæнæн æмæ сразы ахæм къахдзæф саразыныл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хæсты зиæнттæ баййæфта Азербайджан дæр, фæлæ сæ нæ хъæр кæны, ома, уый конфиденциалон информаци у. Азербайджанæн ацы хæст пайда дæр æрхаста, уымæн æмæ цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухты бафтыд, æмæ сæ зиæнттыл дæр хъæцынц. Нырæй фæстæмæ ацы регион контроль кæнын Алиевæн уыдзæн бæрæг æнцондæр. Уымæн æмæ Кельбаджары æмæ Лачины районтæ сты ахæм бынæтты, æмæ сомихæгтæн стæлфыны фадат дæр нæ уыдзæн.

Кельбаджары æмæ Лачины районты æндæр нациты æрцæрын кодтой рагзаманты, Персы дæлбар ма куы уыдысты сомихæгтæ, уыцы дуджы. Æмæ йæ нысан та уыд уый, цæмæй Сомихстоны сындæггай ахицæн кæной Хæххон Хъарабахæй. Уый фæстиуæгæн сомихæгтæ уыцы бынæттæй фесты лидзинаг æмæ сæ бынæтты æрцардысты тюркаг знæмтæ, кæцытæ абоны бон стыр проблемæтæ æвзарын кæнынц Хæххон Хъарабахы цæрджытæн.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.