Цхинвалы районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад (йæ сæргълæууæг Уазæгты Мевлуд) йæ фадæттæ æмæ уавæртæм гæсгæ, зæрдиагæй архайы йæ бæрныуæвæг хъæууон цæрджыты домæнтæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кæныныл. Зæгъын хъæуы, цæрджыты скъуыддзагкæнинаг  фарстатæ та дзæвгар вæййынц, уыдонæй иутæ тыхсынц бынæттон фæндæгты мæгуырау уавæры тыххæй, æндæртæн сæ риссаг фарста вæййы нуазыны доны цухдзинад æмæ æндæртæ. Сæ фæндаджы æдзæллаг уавæры тыххæй тынг тыхстысты Сарабучъы хъæуы цæрджытæ, нæ йæм уыд æркаст дæргъвæтин азты æмæ дзы нæ уыд азмæлæнтæ  къæвда бонты. Уавæр æрбæстон кæныны тыххæй кæд цæрджытæ домдтой æххуыс, хъæстмæ цыдысты районы æмбæлон органтæм, уæддæр сын сæ рæстагон куырдиатмæ дардтой æнæмæт ахаст.

Ныр фæндаджы мæгуырау уавæр скъуыддзаг æрцыд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хъæппæрисон куысты фæстиуæгæн. Æрæджы бавнæлдтой йæ аразынмæ, фыццаджыдæр уал 2 километры бæрц фæндаг алæгъз æмæ ауæрæхдæр кодтой, уый фæстæ та йыл æркалдтой ставд æмæ лыстæг хуыр. Уымæй дарддæр ма цæрджыты хицæн хæдзæртты бынæттæм дæр нæ уыд бахизæнтæ æмæ уымыты дæр бакодтой æмбæлон куыст. Ацы куыстытæ æххæст кæныныл куыстой техникæйы 7 иуæджы. Арæзтады фæстиуæгæн цæрджытæн фенцондæр сты сæ ацæуæнтæ æмæ бузныг зæгъынц, йæ арæзтадыл чидæриддæр бафыдæбон кодта, æппæт уыдонæн.

                                             ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.