(Кӕрон, райдайӕн нӕ газеты 119 номыры)

Уазæг райсынмæ алы бинонтæ дæр рагацау цæттæ уыдысты. Уый тыххæй-иу æфсин фæфæстæ кодта ссады дзæбæх, цыхт, дзидза æмæ æндæр хæлц. Кавказы адæмӕй уазæджы æгъдау йæхиуыл чи банкъардта, уыдон æмдзыхæй дзырдтой фысымты рæдаудзинады тыххæй. Ирон хъæу Уæллаг Канийы уæвæг (1910) æбæрæг автор фыста: «Диссаг у, хохæгтæм афтæ тагъд куыд фæзыны,  фынгыл цы æрæвæрой, уый. Кæд се ‘хсæн ис абырджытæ æмæ æвзæр адæм, уæддæр сæм хорз æгъдæуттæ тыхджын сты. Ахсджиаг у уый, æмæ сæм хæдзары æгъдау у карз æмæ сæм махау бинонты цард хæлд нæ цæуы».

Фынгыл-иу цы хæринаг ӕрæвæрдтой, уый æрмæст уазæджы социалон уавæрмæ гæсгæ нæ уыд, фæлæ бинонты сæ къух куыд амыдта æмæ уазæгæн цас уыд рæстæг, уымæ гæсгæ. Иу хатт, 1958 азы, мах этнографион экспедицийы Фӕзы Дзомагъмæ цæугæйæ фæдзæгъæл стæм æмæ нæ нарæг къахвæндаг æркодта Садджын Куырфмæ. Хæстæгдæр хæдзары дуар бахостам æмæ хæдзары хицау куы ракаст, уæд æй бафарстам: «Ай Фӕзы Дзомагъ у?» Уый нын «нæ» загъта æмæ нын бамбарын кодта, дарддæр куыд ацæуæм, уый. Мах ын хæрзбон загътам æмæ нæ фæндаг дарддæр кæныныл ныллæууыдыстæм. Фæлæ нæ уый уайтагъд баурæдта æмæ нын бауайдзæф кодта: «Æрлæуут! Кæм федтат афтæ æмæ уазæг къæсæрæй аздæха. Уæхи дæр худинаг кæнут æмæ мæн дæр!» .

Мах хæдзары хицаумæ байхъуыстам æмæ йæ фæдыл хæдзармæ бараст стæм. Хæдзары цæттæ хæринаг нæ баййæфтам. Фысымтæ куы бамбæрстой, æхсæвиуат сæм нæ бакæндзыстæм, рæстæг нын бирӕ нӕй, уæд нын дзыкка акодтой. Хорз нæ федтой, стæй нæ фысым хъæугæронмæ рахизын кодта æмæ нæ афæндараст кодта, Уастырджи уе ‘мбал, зæгъгæ.

Фынгыл уазæгæн æнæмæнг лæвæрдтой нуазæн – кады нуазæн. Куы нæ-иу ын радтой нуазæн, уæд-иу уазæг ууыл тынг фæхъыг, æгады хъуыддагыл-иу йæ банымадта. Йæ бон уыд æмæ сæм бадтаид, цалынмæ сæ рæдыд не сраст кодтаиккой, уæдмæ.

Адæмон таурæгъы æмбæлæм ахæм хабарыл: иухатт иу бæлццоныл æмбæлæг фæцис æмæ йæ бафарста, кæцæй цæуыс, зæгъгæ. Бæлццон ын загъта уазæгуаты кæй уыд. Уæд æй æмбæлæг бафарста: «Æмæ афтæ æнкъард цæмæн дæ, æвзæр дæ райстой?». Бæлццон ын дзуапп радта: «Тынг хорз мæ райстой, фæлæ мын кады нуазæн нæ радтой». Æндæр хатт та уазæг æрдæгвæндагæй раздæхт, куы æрхъуыды кодта, нуазæн ын нæ радтой, уæд.

Фынгыл уазæгæн алцы дæр барстой. Йæхи-иу æнæгъдауæй куы равдыста, уæддæр фысымтæ сæхи хызтой уазæгимæ быцæуæй. Æрмæст хорз фынг æрæвæрын-иу æгъгъæд нæ уыд. Уазæгæн-иу йæ алыварс фæсивæд амбырд сты, йæ кадæн-иу скодтой хъазт, фæндырдзагъдæй-иу æй сбуц кодтой, зарджытæ-иу ын кодтой. Хатгай-иу – бæхтыл уайынæй ерыс, мысанмæ æхст æмæ атӕ дарддӕр. Ахæм уавæр фысымы уазæджы цæсты бæрзонд иста. Стæй уазæгдоны уазæг исгæйæ цас фылдæр адæм уыд, уый фылдæр кад уыд уазæгæн.

Æхсæвæры фæстæ-иу фынæйафон куы æрцыд, уæд-иу уазджыты сæ хуыссæнмæ æрвыстой афтæ: цалынмæ уазджыты хистæр йæхи цæттæ кодта, уæдмæ иннæ уазджытæ æмæ фысымтæ лæууыдысты йæ уæлхъус. Уазджыты кæстæр, кæнæ фысымты лæппутæй исчи-иу ын йæ къахы дарæс раласта, фыццаг æнæмæнг галиу къахæй, стæй йын-иу йæ къæхтæ ныхсадтой. Сæ къахы дарæс-иу иннæ уазджытæн дæр раластой, фæлæ-иу уыдон сæ къæхтæ сæхæдæг ныхсадтой. Дзаума-иу раластой цæппузыртæ уæлейæ бынмæ рафтаугæйæ, дзаума кæнгæйæ та цæппузыртæ æфтыдтой бынæй уæлæмæ.

Уазæг райсыны æгъдау карз уыд, фысымы ахаст уазæгмæ уыд бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Фæлæ ахæм бæлвырд фæтк уыд уазæджы уагæн дæр. Цыфæнды æвзæр дæ куы райсой фысымтæ, уæддæр фысым баивын, сыхæгтæм ацæуын уыд худинаг, адæмы ‘хсæн æгадыл нымад. Уазæг хъуамæ йæхи уæздан дардтаид, хæрд æмæ нозтæй хъуамæ бæрц зыдтаид. Уый уыд æгъдауджын уазæджы нысан. Хистæр уазæг-иу йæ хæрд куы ныууагъта, уæд сæ хæрдæй иннæ уазджытæ дæр хъуамæ æрлæууыдаиккой. Хæрзæгъдауы фæтк домдта уазæгæй, цæмæй дзидзайы хуыздæр хай ӕрӕвæра фысымты лæппуйæн. Абон дæр ма бирæ рæтты уазæгуаты чи цæуы, уымæн хæдзары бахæрын кæнынц.

Йæхицæн кад чи кодта, уый-иу уазæгуаты бирæ нæ бафæстиат. Уазæджы æвиппайды ацыд-иу бинонтæн хъыг уыд, фæлæ дыууæ-æртæ боны уазæгуаты бадын дæр хорз нæ уыд, фысымтæ-иу стыхстысты, кæд-иу сæхи тыхстæй бынтондæр нæ равдыстой, уæддæр. Æгъдаумæ гæсгæ уазæг хъуамæ бинонты ‘хсæн цы ныхас цæуы, уымæ ныхас ма æппара, ма хыл кæна, æвзæр дзыхæй ма дзура, цы бинонтæ йæ суазæг кодтой, уыдон мацæмæй бафхæра.

Уый нæ, фæлæ хъуамæ хæдзарæй куы цæуа, уæд бинонтæн арфæ ракæна. Уазæг-иу куы бафынæй, уæд ын-иу сылгоймæгтæ йæ дзаумамæ базылдысты. Куы-иу хъуыд, уæд ын-иу йæ дзаума æхсгæ дæр ныккодтой, иту-иу ын сæвæрдтой.

Уазæг-иу цæуынвæнд куы скодта, уæд-иу ын фысымтæ дзырдтой, цæмæй ма сæм ноджы афæстиат уа. Уазæджы-иу фæндараст кодтой æрмæстдæр нæлгоймæгтæ. Сылгоймæгты цур йæ бон нæ уыд бæхыл, науæд уæрдоныл сбадын. Цалынмæ-иу бæхыл не сбадт, уæдмæ-иу ын йе ‘ргом хæдзармæ разылдта. Уый нысан кодта фысымтæй райгонд кæй у, уый. Исты-иу йæ зæрдæмæ куы нæ фæцыд, уæд-иу гæнæн уыд æмæ бæхыл сбадтаид йæ чъылдым хæдзармæ здæхтæй, афтæмæй. Бæхтыл бадтысты куыд хистæрæй. Бæхы æрцæвын не ‘мбæлдис, цалынмæ хæдзарæй нæ адард уа, уæдмæ: мыййаг фысым афтæ куы ахъуыды кæна, уазæгмæ цыдæр хъыг фæкаст. Уазæджы фæндарастгæнгæйæ фысым хæдзармæ нæ цыд, цалынмæ-иу уазæг нæ араст æмæ-иу нæ адард хæдзарæй, уæдмæ. Раджы заманы-иу дард бæстæй кадджын уазæджы фысым иннæ хъæумæ ахизын кодта.

Стыр кад кодтой æндæр бæстæтæй æрцæуæг уазджытæн. Ирыстоны чи уыд, уыцы ахуыргæндты куыстыты æмбæлæм уазæджы æгъдауы тыххæй фыст æрмæгыл. Уым загъд цæуы ирон адæмæн уазджытæм цы уæздан ахаст уыд, уый тыххæй. Ирон адæмы царды уаг хорз зонæг Вахушти фыста: «Ирæттæ зонынц фæсарæйнаг уазæгæн стыр кад кæнын, хъахъхъæнын, никæй бон у уазæгæн фыдбылыз скæнын, уымæн æмæ йæ сæрыл рахæцдзысты æппæт мыггаг дæр». Цымыдисаг у Ю. Клапроты ныхас: «Фæсарæйнаг адæймаг куы бахауы ирон хъæумæ, æмбал дæр ын кæм нæй, уæд цалынмæ уым уа, уæдмæ йæ хъахъхъæндзысты, хæрд æмæ нуæзтæй хъуаг нæ æййафдзæн, хæстæджы ахаст æм уыдзæн».

Уазæг ирон хæдзары афтæ арæх уыд æмæ дзы уыд хицæн уат-уазæгдон. Цæгат Ирыстоны цæрджыты хъæздыгдæртæм суанг ХХ æнусы райдианмæ дæр уыдис уазæгдон (кунацкая), уый уыд æхсæнадон-мыггагон ахастытæй баззайæг элемент, уæд-иу уазæг нымад уыд æппæт мыггаджы уазæгыл. Хъæуы цæрджытæй кæмæнфæнды дæр йæ бон уыд æмæ спайда кодтаид уазæгдонæй, фысымы нæ фæрсгæйæ дæр. Уымæ гæсгæ уазæгдоны дуар æхгæд никуы уыдис. Иууыл бæлвырддæр уазæгдоны афыстыл æмбæлæм Кокиты С.-мæ: “Уазæгдон арæзт цыдис иннæ цæрæнуæттæй æддæдæр, къулдуармæ хæстæгдæр. Йæ фарсмæ уыд уазæджы бæхæн бæхдон. Уазæгдон сæрмагондæй уазæджы тыххæй кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ дуæрттæ кæддæриддæр уыдысты гом æмæ уазæгæн йæ бон уыд цафонфæнды дæр æрбацæуын. Ам уазæг йæхи хатыдис сæрибар, уазæгдон йæ арæзты бынатмæ гæсгæ дæр уымæн фадат лæвæрдта. Афтæмæй уазæг бинонтæй дæр никæй хъыгдардта. Уазæг тугхæстæг куы нæ уыдаид, уæд бинонты æхсæнмæ ист нæ цыдис, уымæн æмæ уæд уазæг дæр тыхстаид æмæ фысымтæ дæр. Уазæгдонæн уыдис хицæн хуыссæн, хуыссæнгæрзтæ, бандæттæ, саджы царм, хъуывгъан, тас, суанг цъылын дæр».

Уазæг уазæгдоны иунæг никуы уыдис, кæддæриддæр йæ цуры хъуамæ исчи уыдаид.  Уазæгæн йæ бон уыдис æмæ баййæфтаид уазæгдоны фысымы æмæ ма ноджы хъæуæй искæйты, уымæн æмæ-иу хъæуы лæгтæ уым æрвыстой сæ сӕрибар рæстæг. Уазæг хъуамæ хынцфарст ма кодтаид бинонты сæ цардæй. Кæрты рауай-бауай кæнын, иннæ уæттæм цæуын уазæгæн не ‘мбæлдис. «Уазæгдонæй дарддæр уазæг нæ цыдис, – фыста Д.Лавров, – фысымы йæ бинойнагæй æмæ йæ чызджытæй рафæрс-бафæрс кæнын ирон адæммæ тынг худинаг уыдис».

Цалынмæ-иу хæринаг æвæрдтой фынгтыл, уæдмæ-иу уазæгдоны ныхас кодтой, фæлæ æнæмæнг хистæр-кæстæры ахастытæ хынцгæйæ. Уазæгимæ ныхас-иу уыдис сабыр, уæздан, гуырымыхъ ныхасæн дзы уæвæн нæ уыдис, уазæг сæ зæрдæйы фæндон куы нæ уыдаид, суанг сæ туджджын куы уыдаид, уæддæр.

Уазæджы фарсмæ кæддæриддæр уыдис бинонты хистæр, кæстæртæ та лæууыдысты дуары кæнæ рудзгуыты раз. Чи лæууыдаид æмæ чи бадтаид, уый хистæр-кæстæры ахастытæ бæрæг кодтой: кæд уазæг кæстæр уыдис, уæд æй фысым иста бадгæйæ, фæлæ-иу уазæгæн дæр дзырдта, цæмæй æрбада. Уымæй уæлдай-иу сыхæгтæ æмæ хæстæджытæ куы фехъуыстой уазæджы æрбацыд, уæд-иу сæ хæсыл нымадтой уазæгмæ бацæуын арфæйы ныхæстимæ: “Алы бон дæр нæм æгас цу”. Чи-иу æрбауад уазæгмæ, уыдон-иу архайдтой йæ цуры фылдæр афæстиат уæвыныл, уымæн æмæ уазæджы цур цас фылдæр адæм уыдаид, уыйбӕрц кадджындæр уыдис.

Кæд-иу фысымæн фадат нæ уыдис уазæджы цур уæвынæн, уæд-иу йæ бæсты сыхæгтæ уыдысты, кæннод-иу æрбахуыдтой хъæуæй ахæм адæймаджы, уазæджы æгъдау хорз чи зыдтаид.

Уазæгдонæн уыдис æхсæнадон нысаниуæг. Уæлдæр куыд дзырдтам, афтæмæй-иу уазæгдоны сæрибар рæстæг æрæмбырд сты фæсивæд, хъæуы хистæртæ та-иу ам ныхасы бадтысты.

Уазæджы æгъдау ам куыд æвдыст æрцыд, афтæмæй йæ тыхы уыд XIX æнусы дыккаг æмбис – ХХ æнусы райдианы дæр. Фæлæ фæстæдæр, европæйаг культурæйы æндæвдад тыхджындæр куы кодта, уæд уазæджы æгъдауæн дæр йæ фыццаг хуызы карздзинад сæфын райдыдта. Мæнæ куыд фыста æбæрæг автор æнусы райдиан: “Кæд æмæ раздæр Кавказы адæм се ‘ппæт дæр уазæджы æгъдау лæвæрдтой алы цæуæгæн дæр, йæ социалон уавæр æнæ хынцгæйæ, уæд абон мах уынæм æндæр уавæр: горæттæм æмæ æфсæнвæндæгтæм хæстæг цы хъæутæ сты, уыдон уазджыты æвзаргæ кæнынц. Фылдæр исынц хъæздыг зонгæты, уазæг æнæзонгæ куы уа, уæд та йæ йæ æддаг бакаст, йæ конд, йæ уагмæ гæсгæ æвзарынц. Æнæзонгæ адæймаджы уазæгæн зивæгæй исынц». Æмæ дарддæр: «Абоны бон ма уазæджы æгъдауыл æмбæлæм Кавказы ахæм рæтты, æфсæнвæндаг нæ, фæлæ хуымæтæг фæндаг дæр зынтæй кæмæ хæццæ кæны. Уым ма бæлццон зынаргъ уазæгыл нымад у æмæ фысым кæддæриддæр цæттæ у йæ фæстаг къæбæр дæр уазæгимæ адих кæнынмæ».

Уæлдæр загъд хъуыдыимæ разы у ацы рæнхъыты автор дæр. Уый 50-æм азты фæстæ иу-ссæдз азы бæрц Ирыстоны алы хъæутыл зылд этнографион æрмæг æмбырдгæнгæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.