Сæрды тæмæны сарæх вæййынц джыбытæ. Уыдон тæссаг сты канд фосæн нæ, фæлæ ма адæмæн дæр. Джыбытæ сты бирæ тæссаг низтæ парахатгæнæг, тугцъиртæ. Æмхиц сты сывæллæттæм дæр. Сабитæ арæх фæхъазынц кæрдæгыл, сæ къухмæ фæисынц дзæгъæл къæбылатæ æмæ гæдыйы лæппынты. Ахæм рæстæджы тæссаг у исты низ бахæцынæй. Бирæ хатт сывæллон æмбаргæ дæр нæ бакæны, джыбы йыл кæй фæхæцыд. Хæдзармæ куы бацæуы уынгæй, уæд ныййарæг хъуамæ лæмбынæг æркæса сывæллоны буармæ. Специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй джыбыйæн йæ сæты цы буарадтæ ис, уыдон риссын нæ кæнынц æмæ уымæ гæсгæ йæ бон у бирæ  рæстæг буары ныхстæй цæра æмæ  цъира фосы дæр æмæ адæймаджы туг дæр. Туг æнцъирынæй дарддæр ма расайы низ дæр. Адæймаг джыбыты аххосæй гæнæн ис фæрынчын уа, ахæм низтæй куыд боррелиоз, здæхгæ тиф, туляремия. Уыдон иууылдæр сты тæссаг инфекцион низтæ.

«Нæхи цы фæкæнæм, уый нын нæй. Сывæллон тæлфаг у æмæ йæ аирхæфсын нæ бирæуæладзыгон хæдзары раз сывæллæттæн цы фæзуат ис, уым. Ам, сывæллæттæ æппынæдзух вæййы бирæ. Уыдон сæхи фæирхæфсынц, зæххыл змис фæкъахынц. Æз мæ лæппуйы кæрдæгмæ, змисмæ хæстæг нæ уагътон, фæхсбандоныл æй сбадын кодтон аууоны. Уалынмæ кæсын æмæ къахыл джыбы ныныхæст. Æз ыл архайдтон йæ раппарыныл, фæлæ джыбы читт дæр нæ фæкодта æмæ уæд мæ цардæмбалмæ бадзырдтон. Сывæллоны рынчындонмæ баластам æмæ джыбыйы уым йæ буарæй», – зæгъы нæ горæты цæрæг Джиоты Элинæ.

Ивгъуыд аз та джыбы ныххæцыд мæ хистæр лæппуйы гуыбыныл. Санэпидстанцы йын æй систой. Анализ ын сарæзтой æмæ къуырийы фæстæ райстам ахæм дзуапп, уыцы джыбы, дам, боррелийæ хъæстæ уыд. Бахъуыд нæ антибиотиктæй сывæллоны дзæбæх кæнын», – зæгъы дыууæ чысыл сабийы мад Цхуырбаты Жаннæ.

Ныййарджытæ ацы цаутæ уымæн радзырдтой æмæ сæ хъуыдымæ гæсгæ ацафон сывæллæтты фæзуæттæ æмæ улæфæн парктæ хъуамæ цæуиккой дезинфекцигонд. Уыцы фарсты тыххæй Санэпидстанцы загътой, зæгъгæ, уый хауы горæты администрацимæ. Уыдон хъуамæ саразой бадзырд «Югосет-потребнадзор»-имæ. О, фæлæ фарст скъуыддзаг хъæуы тагъдыл, сæрды тæвд бонтæ сæ тæмæны сты…

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.