Уæдæ афтæ…

Транскамы фæндаг – царды фæндаг та нæ байгом уыдзæн августы мæйы райдайæны дæр… Зын у. Алкæмæн дæр. Нæй ахæм адæймаг Хуссар Ирыстоны, æппынкъаддæр мæй иу хатт уæддæр кæй нæй хъуыддаг Цæгат Ирыстоны. Уымæн æмæ нæ цард стыр дунеимæ баст у, уыцы стыр дунейы дуары дæгъæл та нын Цæгат Ирыстон у.

Фæлæ уыцы зындзинады рыстæй æрвонг зондæй хъæрзын цæмæннæ зонæм. Нæ рыстæй кæрæдзи хæрыны политикæ цæмæн аразæм?..

Фæндаг августы мæйы дæр кæй нæ байгом уыдзæн, уый базонгæйæ бæсты цъар дæндагæй æхсынынмæ чи бавнæлдта, Бибылты Анатолийæн мард-дзуар дæр чи нал уадзы, уыдонæй ферох, ацы æнæхайыры коронавирус æнæхъæн зæххы къорийы адæмæн тыхæй хъарын куы райдыдтой, иу ранæй йæ иннæ ранмæ йæ хъусæй куы ралас-балас кодтой, уæд сæхи нывонд кæй кодтой Бибылты Анатолийæн, æндæр рæттимæ абаргæйæ йæ адæмы фыдбылызæй кæй бахызта, вирус республикæйы территорийыл апарахат кæнын кæй нæ бауагъта, уый тыххæй?.. Уæдæ ма ныр цы рсырдтат, сфæлмæцыдыстут? Ойы, сфæлмæцыдыстут, алчи дæр сфæлмæцыд! Йе рхъуыдыгæнæджы хурхы чи хъуамæ ныссæдзид, уыцы «коронавирус» нын уый нæ ракодта, ацы æхгæддуарæй бадын нæ куыд сафы!.. Фæлæ афтæ æнхъæлдтат, мæнæ иу-дыууæ къуыри авирус кæндзысты æмæ фервæздзыстæм нæ карантин цардæй?.. Чизоны æцæг уыдыстут афтæ æнхъæл, фæлæ… Фæлæ вирус йæ хъусæй чи ралас-балас кæны, уыдон дунейы хъысмæт скъуыддзаггæнджытæ сты, уыдон сты арвæй зæххы хсæн боныхъæд аразджытæ, мах æдых æмæ æнæбон стæм стыр политикæйы раз – фыдæлтæй нын куы баззад ахæм æмбисонд, къамбецтæ, дам, фæхыл сты æмæ родты сæ быны ныцъæл кодтой…

Ахæм у нæ хъысмæт, æмæ нæхæдæг уæддæр мауал хæрæм нæ кæрæдзи, иу ныхмæлæудæй иннæмæ цæргæйæ бынтондæр баихсыдысты нæ удтæ, нал бæззæм адæмæн… Бафæлладыстæм зноны хабæрттæ мысын æмæ сæ кæрæдзийы цæстмæ дарынæй, фæлæ та… Иуæндæсæм азы Хуссар Ирыстоны холестерин рекордон æмвæзадмæ цæмæн схызт? «Хашлама» хæрынæй!.. Æцæгæйдæр, куыд бафæлладыстæм сæ кой кæнынæй, фæлæ дæ чи уадзы – уæд адæмы фæзуатмæ сыфцæй чи ласта, ныр уыдон фесты къæссавæлдæхт, ныр дæр уыдон змæнтынц!.. Уæд кæй ныхмæ даппы-дыбыры кодтой, уыдонæй ныр та сæхицæн зæххон хуыцæуттæ аразынц. Цæмæн? Исты нæм уæдæй абонмæ хуыздæры йедтæмæ æвзæрдæры ‘рдæм фæивта?.. Аразинаг хæдзæрттæ къаддæр арæзт æр-цыд кæнæ аразинаг уынгтæ? Æви уды сæрибарæй фылдæр хъыгдард æййафæм, тынгдæр тæрсæм нæ ныхас зæгъынæй, ахсынæй, нысæпъæн кæнынæй?.. Кæд знон æмæ абон кæрæдзийыл абарынхъом нал стæм, уæд ма нæ фæндаг дæр цæмæн хъæуы æмæ цард дæр…

Хорз, фæуæд сымахырдыгонау: зæгъæм, тæккæ абон республикæйы сæргълæууæг æрæмбырд кодта оперативон штабы уæнгты æмæ рахастой ног, фæндаг фыццæгæм ав-густы бакæныны тыххæй уынаффæ… Сулæфдзыстæм нæ риуыдзаг? Хорз сулæфæм. Фæлæ, зæгъæм, иу къуырийы фæстæ айхъуыст ахæм ныхас, Дзæуджыхъæуæй, дам, чъребамæ æрцыд, коронавирусæй рынчын чи у, ахæм адæймаг, уæд цы уыдзæн?.. Цы уыдзæн цы, æмæ уæд та иннæрдæм ныззилдзыстæм. Æмæ, Хуыцау бахизæд, фæлæ, ахæм исты ай-хъуысыны фæстæ исчи æхснырсгæ дæр æркодта, зæгъгæ, уæд… Уæд фæуыдзыстæм, гъе, уынгæджы, æрдхъирæнтæ æмæ æлгъыстытæ хъусынæй!

Æмбарæм алкæй дæр æмæ алцы дæр, уымæн æмæ не ппæт дæр иу аджы фыцæм. Æмбарæм алкæй тыхст дæр, фæлæ нæ алчи дæр цæмæннæ архайы, зæххыл цы цæуы, уый бамбарыныл…

Нæ йæ хъуыды кæнæм, æнæхъæн дунейыл дæлгоммæ асыкк куыд ныффæлдæхтой? Адæмы æддæмæ ракæсын куыднæ уагътой, дыгæйттæ-æртыгæйттæ-къордтæй лæууæн, дам, нæй гæнæн, уæд, дам, иууылдæр  быныскъуыд суыдзыстæм?.. Æмæ нын æрвылбон æвдыстой, Америкæйы мæрдтæ ралас-балас кæнынæн машинæтæ куыд нал фаг кодта æмæ сæ  поездтыл куыд ластой… Фæлæ  уыцы Америкæйы адæм дыгæйттæ-æртыгæйттæй нæ, фæлæ мингæйттæ-милуангæйттæй,  сылæйнæлæй, æвзонгæй-зæрондæй, сауæй-урсæй кæрæдзийыл куы схызтысты, уæд цыдæр фесты уыцы мардласæн поездтæ…

Уыдæтты кой та цæмæн кæнын? Цæмæй йæ бамбарæм, цахæм æмбыд дунейы цæрæм, уый. Æмæ йæ мах нæ зонæм, цы фыдбылызы нæ ныссаддзысты. Æдых стæм ахæм стыр фыдбылызты ныхмæ дæр – фæндагæхгæнынтæй сæ нæ бауромдзыстæм, фæлæ, дам, сæрсæфæн былæй хауæг ныфсæнхъæл кæрдæджы халмæ дæр фæлæбуры…

Æмæ ма иу хабар: æппынæдзух демократи, демократи куы кæнут, уæд цæмæннæ хынцут, сымах хуызæн чи нæ хъуыды кæны, уыдоны позици?.. Тынг хорз æй зонут, нæ адæмы иу хай кæй сты фæндаг байгом кæныны ныхмæ. Зонут æй, къаддæр кæй не сты афтæ хъуыдыгæнджытæ: цæйнæфæлтау мæ сывæллæттыл исты низ бахæца, уымæй тæрсон, фæлтау сыдæй амæлыныл дæр разы дæн…

Цæмæннæ нымайут уыдоны хъуыды, уыдон мах адæм не сты?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.