Президент Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй  ауагъдæуыд Хицауады радон рабадт.

Боны фæткы уыд фарст «Коронавирусон инфекци COVID -19  апарахат кæнынæй фæдзæхсæн мадзæлтты тыххæй».

Рабадты райдиан паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта, йæ архайд Хуссар Ирыстонмæ вирус æрбауадзынæй бафæдзæхсынмæ здæхт кæмæн у, уыдонæн, афтæ ма «сырх зонæ»-йы чи ис, уыцы  медицинон кусджытæн.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, сæвзæргæ уавæрмæ гæсгæ, республикæйы æддейæ чи баз-зад, уыцы æмбæстæгтæ æвзарынц бæрæг зындзинæдтæ.

«Мах къуырисæрæй, 25 майæ сног кæндзыстæм  не ‘мбæстæгты Хуссар Ирыстонмæ кæнын. Уый тыххæй æмбæлон хæслæвæрдтæ лæвæрд æрцыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадтæн», – фехъусын кодта Бибылты Анатоли.

Уымæй дарддæр ма Республикæ Хуссар Ирыстонмæ цы æмбæстæгтæ æрцæудзысты, уыдоны бахъæудзæн дыууæ къуырийы карантины уæвын.

Паддзахадон арæны сæрты рахизыны сæрмагонд фæткы тыххæй Экономикон рæзты министрадæн бахæс чындæуыд, республикæйы хæлцадон продукттæй æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг товартæй сифтонг кæныны механизм дарддæр дæр бæстон кæнын.

Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ, карантины мадзæлттæ фæлæмæгъдæр кæнын хаудзæн иу къорд æхсæнадон бынæттæм дæр. 25 майæ баконд æрцæудзысты æхсæнадон хæрæн бы-нæттæ, компьютерон клубтæ, сывæллæтты хиирхæфсæн ат-тракционтæ, библиотекæтæ, спортивон центртæ æмæ тренажерон залтæ. Уыимæ ма паддзахады сæргълæууæг бамбарын кодта, зæгъгæ,  цæмæй адæм бирæйæ ма æмбырд кæной, уый тыххæй  æхсæнадон хæрæндæтты нæй аразæн чындзæхсæвтæ æмæ æндæр æхсæнадон мадзæлттæ.

Скъуыддзаг ма æрцыд æхсæнадон транспорты куыст сног кæнын дæр.

Куыд раздæр, афтæ ныр дæр куыст чи дæтты, уыдоны бафæдзæхстой, цæмæй куыстæй ссæрибар кæной, йæхи бар чи нæу, уыцы сылгоймæгты, 65 азы кæуыл цæуы, уыцы адæймæгты æмæ хроникон низтæй рынчын чи у, уыдоны, сæ куыстмызд сын бахъахъхъæнгæйæ. Сæ мыздтæ бахъахъхъæнгæйæ ма куыс-тæй  сæрибар æрцæудзысты, 10 азы онг сывæллæттæм чи кæсы, уыцы ныййарджытæ дæр.

Хицауады райсгæ уынаффæмæ гæсгæ, дарддæргонд цæуы хуссарирыстойнаг арæны сæрты бирæфарсон хизæн пункт «Рукъ»-ы  фæткы архайд  2020 азы 30 июны 23 сахат æмæ 59 минуты онг.

Боны фæткы уæлæмхас пункт уыд, Уæрæсейы Федерацийы чи ахуыр кæны, уыцы  курсантты сæ Райгуырæн бæстæмæ æркæныны фарст. Скъуыддзаг æрцыд уыдон транспортировкæйы тыххæй Президенты резервон фондæй 931 мин сомы рахицæн кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.