Мæскуыйы официалон балцæй æрыздæхгæйæ, Парламенты Сæрдар Æлборты Алан æмæ Парламенты депутаттæ – политикон партиты сæргълæуджытæ Тадтаты Алан, Уырыгаты Инал, Бесаты Зитæ, Дриаты Заза фембæлдысты дзыллон информацийы минæвæрттимæ.

Парламенты Сæрдар Æлборты Алан радзырдта балцы фæстиуджыты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы политикон боны фæтк  хъæздыг уыд алыгъуызон цаутæй. Ахсджиаг уыд Мæскуымæ официалон балцы  Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци Æлборты Аланы сæргълæудæй, фракциты сæргълæуджытимæ кæй ацыд æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæимæ сразыдзинадыл къухтæ кæй æрфыстой, уый.

«Официалон балцы хайад райстой Парламенты партитæ иууылдæр. Партиты политикон боны фæтк у алкæмæн дæр иугъуызон. Алкæцы парти дæр æй æмбары, нæ сæйраг стратегион партнер, цæдисон æмæ хæлар Уæрæсе кæй у.

Ног сразыдзинады руаджы Хуссар Ирыстоны сæвзæргæ проблемæты тыххæй оперативонæй æмæ эффективонæй уынаффæ кæндзыстæм Паддзахадон Думæйы комитеттимæ, Уæрæсейы Федерацийы æххæстгæнæг хицауиуæгады къухдариуæггæнджыты хайадистæй, æмæ куыд гæнæн уа, афтæ сæ скъуыддзаг кæндзыстæм æнæкъуылымпыйæ», – банысан кодта Парламенты спикер.

Куыд радзырдта, афтæмæй фыццаг рады уæрæсейаг парламентаритимæ банысан кодтой, фæстаг бонты Хуссар Ирыстоны цы проблемæтæ сæвзæрд, таможнæйон фиддонтæ 4 процентæй 7 проценты онг кæй фæфылдæр сты, уый тыххæй æмæ сын бамбарын кодтой, ацы проблемæ æвзæрæрдæм кæй бандавдзæн нæ амалиуæггæнджытыл дæр æмæ республикæйы бюджетыл дæр.

Таможнæйон фиддонтæ кæд алкæцы товарæн нæ фæфылдæр сты, уæддæр магазинты æргътæ алцæуыл дæр бирæ фæфылдæр сты. Ацы проблемæйы тыххæй Бесаты Зитæ банысан кодта, зæгъгæ, проблемæйыл контроль кæндзысты куыд Хицауад, афтæ Парламент дæр. Ныртæккæ дæр республикæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан æмбæлы амалиуæггæнджытимæ æмæ куыд гæнæн ис, афтæ уавæр рараст уыдзæн.

Æлборты Алан радзырдта Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкоимæ фембæлды тыххæй дæр.

Куыд банысан кодта, афтæмæй Матвиенкоимæ уынаффæ кодтой финанскæнынады фарстаты тыххæй дæр, цæмæй ма фæкъаддæр уа Уæрæсейæ финанскæнынад 2024, 2025, 2026 азтæн.

Æлборты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Федерацийы Советы Сæрдар развæлгъау зонгæ уыд таможнæйон фиддонты фæфылдæры проблемæйы æмæ Хуссар Ирыстоны финанскæнынады фарстатимæ.

«Махæн тынг ахсджиаг уыд, цæмæй ныртæккæ Уæрæсейы цы цаутæ цæуы, уыдон бахынцгæйæ,  Хуссар Ирыстоны бюджет ма фæкъаддæр уа.

Бахатыдыстæм, цæмæй æндæр фæсарæйнаг бæстæты уæлдай Хуссар Ирыстоны сисой таможнæйон фиддонты реестрæй», – загъта Парламенты спикер.

Банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе Хуссар Ирыстонмæ ахасты æххæст кæны йæхимæ райсгæ æппæт хæслæвæрдтæ дæр, сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй кæд йæхæдæг вазыгджын уавæры ис, уæддæр.

Фембæлды рæстæджы Валентина Матвиенко банысан кодта Хуссар Ирыстонимæ Уæрæсейы æнгом бастдзинæдтæ, æмæ хуссарирыстойнаг парламентаритæн бацамыдта, цæмæй сæ куыст фæактивондæр кæной æмæ æнгомдæр бастдзинæдтæ саразой Уæрæсейы Федерацийы регионтимæ, уæлдайдæр та  Хъырым æмæ иннæ ног регионтимæ.

Æлборты Алан куыд загъта, афтæмæй нæ Парламент Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы Парламентимæ цы сразыдзинад сарæзта, уый руаджы Хуссар Ирыстонæн йæ бон уыдзæн Уæрæсейы Федерацийы регионтимæ æнгом бастдзинæдтæ сæрибарæй саразын.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.