Наниты Асиат, журнал «Фидиуæг»-ы прозæйы хайады редактор:

– Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилеймæ ныммыхуыр кодтон фыссæджы царды тыххæй чысыл уац. Къоста йæ цыбыр царды кæддæриддæр агуырдта йæ удæн æмбал. Куыдта йе ‘мдзæвгæты дæр æмæ æнæуый дæр йæ иунæгдзинадыл. Фæхъуыды кæнын, зæгъгæ, уæд та йæ сыхаг куы уыдаин æмæ йын удылæггад куы бакодтаин, кæнæ йын искуы хъарм хæринаг куы балæвæрдтаин. Тынг зын мын у, йæ рæстæджы йæ фарсмæ ахæм адæймаг кæй нæ уыдис, уый. Къоста æнæхъæн дуне хуыдта йæ рай-гуырæн бæстæ, фæлæ йæ фарсмæ иу адæймаг дæр нæ уыд. Æмæ ууыл тынг маст кодта.

Хъæцмæзты Миланæ, горæт Къуайсайы цæрæг:

– Ирон адæмæй алкæмæн дæр Къоста æввахс хионы хуызæн у.  Уый ирон адæмы историйы егъау бынат бацахста. Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадыл мах хъуамæ хъомыл кæнæм кæстæр фæлтæры. Цы хъуыдытæ æмæ нын амындтытæ ныууагъта, уыдон хъуамæ нæ зæрдæты хæссæм æмæ сæ æххæст кæнæм. Канд хистæр кары адæмæн нæу уарзон поэт, фæлæ чысыл сабитæн дæр.

Гæззаты Каринæ, «ЮОГУ-ТВ»-йы режиссер:

– Къоста стыр æмæ ахсджиаг бынат ахсы мæ зæрдæйы. Куыд, æвæццæгæн, алы саби дæр, афтæ æз дæр мæ мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинад Къостайы сфæлдыстадæй райдыдтон æнкъарын.

Бестауты Валя, Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист:

– Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ Къостайæн мæ зæрдæйы ис стыр æмæ хъарм бынат. Йæ къам, йæ чингуытæ нæ хæдзары сты дзуарау æвæрд æмæ сæм кæсын табуйаг цæстæй. Уымæн æмæ уый у нæ адæмы сæрыстырдзинад, нæ буцдзинад. Æдзух немæ ис нæ хъуыдыты, нæ архайдтыты. Къостайæ мах агурæм дзуаппытæ иууыл судзагдæр фарстыты, хъусæм ын йæ фæдзæхстытæм, йæ зон-дамындтытæм суанг сабийæ зæронды бонтæм. Уый у æнустæм нæ судзгæ цырагъ, рæсугъд æмæ амондджын цардмæ хонæг. Махæй дардæй дарддæр кæндзæнис Къостайы дуг, йæ мæлæты бон, фæлæ нæ цæстыты раз йæ фæлгондз кæндзæнис стырæй стырдæр.

Бестауты Мария, Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы 5-æм къласы ахуыргæнинаг:

– Куыд поэт, афтæ сывæллæттæ Хетæгкаты Къостайæ фылдæр никæй уарзынц.  Йе  ‘мдзæвгæтæ ахæм хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн æвзагыл фыст сты æмæ сæ сывæллон уайтагъд бахъуыды кæны. Къостайы ноджы дæр уымæн уарзын, æмæ ирон адæмы хъысмæтыл тынг дзырдта, тыхсти сын сæ сомбоныл. Йе ‘мдзæвгæты сывæллæттæн амоны раст фæндагыл цæуын, цæмæй зивæг ма зоной æмæ ахуыр кæной сæ бон цы у, уымæй.

Дзеранты Кристинæ, Цъинагары хъæуы сабидоны хъомылгæнæг:

– Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадæн ахсджиаг бынат ис.  Уый у ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг. Йе сфæлдыстад ын абарæн ис абоны цаутимæ, зæгъæм, йе ‘мдзæвгæ «Додой» æмæ «Мæ Иры фæсивæд»-ы. Йæ алы ныхас, йæ алы æмдзæвгæйы дæр дзуры ирон адæмы хъысмæт æмæ сæрибардзинадыл æмæ уыдон  ахсджиаг сты абоны бон дæр. Хетæгкаты Къоста махæн у нæ кад, нæ ирондзинад аразæг. Уымæ гæсгæ мын йе сфæлдыстад мæ зæрдæмæ тынг æввахс у. Йе ‘мдзæвгæтæ йын алы бон дæр ахуыр кæнæм сывæллæттимæ.

Чысиаты Земфирæ, нæ горæты цæрæг:

– Æз сæрыстыр дæн, ахæм стыр поэт Ирыстоны кæй райгуырд, уымæй. Йе ‘мдзæвгæтæ йын ахуыр кæнынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ æмæ сæ адæймаг никуы  сфæлмæцдзæн. Къоста ирон адæмы историйы цы бынат ахсы, ууыл бирæ дзурæн ис. Уый у нæ нацийы аккагдæр минæвæрттæй сæ иу, йæ Райгуырæн бæстæйы æцæг патриот. Йæ уацмыстæ зындгонд сты канд Ирыстон æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.