Зынгсирвӕзты рӕстӕджы уды зиан не ‘рцыд, фӕлӕ…

28 сентябры Знауыры районы Дзагьинайы хъӕуы Икъоты бинонты дыууӕуӕладзыгон хӕдзар бон сихорафон зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн басыгъд. Афтидæй аззадысты бинонтæ сæхи фæллойæ æлхæд хæдзар æмæ исадæй.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан ацы районмӕ йӕ кусӕгон балцы рӕстӕджы бабӕрӕг кодта бинонты уавӕр. Президентимӕ ма уыдысты Знауыры районы администрацийы сӕргълӕууӕг Гобозты Алан, Парламенты депутат Бесаты Зитӕ, Фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ сӕ эксплуатацимӕ дӕттыны фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Елдзарты Константин, хъӕууон хӕдзарады министр Мӕргъиты Алан ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Гаглойты Алан ныфс бавӕрдта, сӕ уӕззау уавӕр ӕнӕхъусдардӕй кӕй нӕ баззайдзӕн. Районы сӕргълӕууӕг Гобозты Алан ӕмӕ хӕдзары хицау Икъоты Эдуард бауынаффӕ кӕндзысты, куыд ӕмӕ цы амалӕй сӕ фарсмӕ балӕууой, ӕмӕ сын цахӕм ӕххуыс бакӕной, уый фæдыл.

Президент бузныг загъта, ацы бинонты фарсмӕ чи балӕууыд, уыцы ӕввахс сыхӕгтӕн, ныфс бавӕрдта, зынджы амӕттаг цы хӕдзар бацис, уый фӕстӕмӕ сӕндидзын кӕныны рӕстӕджы дӕр кӕй фӕдаргъ кӕндзысты сӕ ӕххуысы къух ацы бинонтӕм. Махӕй дӕр цы кӕнгӕ у, зӕгъгӕ, уымӕй фӕстӕ нӕ фӕлӕудзыстӕм.

Зынджы амӕттаг цы дыууӕуӕладзыгон хӕдзар бацис, уым царди Плиты Этери йӕ дыууӕ фырт Икъоты Эдуард ӕмӕ Сергейимӕ. Этерийы чызг Мальвинӕ нын радзырдта, зæгъгæ, стыр амондӕн ӕмӕ зынгсирвӕзты рӕстӕджы хӕдзары ничи уыд.

 

Уавæртæ – курдиатджын сывæллæттæн

Кусӕгон балцы рӕстӕджы ма бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ йе ‘мбӕлццӕттӕ бабӕрӕг кодтой поселочы Культурӕйы хӕдзар. Президент куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ ацы культурон артдзӕсты хъомыл кӕнынц курдиатджын сывӕллӕттӕ ӕмӕ сын арӕзт хъуамӕ цӕуа ӕппӕт фадӕттӕ дӕр. Гаглойты Алан афтидармӕй нӕ фӕуазӕг ацы бынатмӕ. Уый размӕ сын куыд баныфсӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ сын балӕвар кодта музыкалон аппаратурӕ ӕмӕ ноутбук.

Культурӕйы хӕдзары директор Кокойты Светланӕ арӕхстджын разамынад кӕны ацы уагдонӕн. Йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ хайад исынц ӕрмӕст районы нысаниуӕгджын мадзӕлтты нӕ, фӕлӕ республикон нысаниуӕджы ӕмӕ бӕстӕйӕн ӕддейӕ мадзӕлтты дæр.  Светланӕ стыр райгондӕй баззад бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы лӕварӕй ӕмӕ ма радзырдта иу проблемӕйы тыххӕй. Уый баст у хъармгӕнӕн системӕимӕ, уымӕн ӕмӕ хатт ӕййафынц ӕртаджы хъуагдзинад.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бамбарын кодта, зæгъгæ ацы проблемӕтӕ ӕв-зӕрынц Уӕрӕсейы территорийыл дӕр, Хуссар Ирыстон дӕр уырдыгӕй ифтонг цӕуы ӕртагӕй. Ууыл баст сты Инвестицион программӕйы объектты арӕзтад дӕр, ӕмӕ йæ реализацийы уымæн ӕвзарӕм мах дæр къуыхцытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ.

Кокойты Светланӕ ма бахатыд Президентмӕ, цӕмӕй районы Культурӕйы хӕдзар ма ӕййафа хъуагдзинад хореограф ӕмӕ аивадон разамонджытӕй, аккомпаниатортӕй. Уыдон горӕтӕй цӕуынц сӕхи тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзты руаджы ӕмӕ уыцы специалисттӕй хъуагдзинад ӕвзӕрырдӕм бандавдзӕн культурӕйы хӕдзары куыстыл.

Паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта, цӕмӕй районы къухдариуӕгад бацӕттӕ кӕной сӕ фӕндӕттӕ фарсты тыххӕй республикæйы ӕмӕ къухдариуӕгадыл баст цыдæриддæр у, уый сараздзысты.

 

Ахуырадон уагдоны проблемӕтӕ

Знауыры поселочы астӕуккаг скъолайы ахуыры хайады сӕргълӕууӕг Чилӕхсаты Мая бӕстӕйы сӕргълӕууӕгӕн радзырдта, скъола арӕзт кӕй ӕрцыд 1973 азы ӕмӕ дзы нӕдӕр актон зал ис нӕдӕр, ахуыргӕнинӕгтӕ кӕм хӕрой, ахæм бынат. Нӕ фаг кӕнынц ахуыргӕнӕн къластӕ дӕр.

Кусæгон Балц Знауыры районмæ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, скъолайы кусын куы райдыдта, уӕд дзы ахуыр кодта 76 сывӕллоны, ныртӕккӕ сӕ нымӕц у бӕрӕг фылдӕр – 191. Уый ӕхсызгон хъуыддаг у, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕлӕ аннӕмӕй та нӕ фаг кӕнынц бынӕттӕ, нӕдӕр – ифтонггӕрзтӕ. Скъолайы бӕстыхаймӕ бафтыдтой ӕртӕ къласы, фӕлӕ дзы нӕдӕр партӕтӕ, нӕдӕр бандæттæ ис, афтæмæй та – уыдон ӕнӕмӕнгхъӕуӕг сты.

Маяйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кълӕстӕй иуӕй рацарӕзтой хӕрӕндон, фӕлӕ къуындӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы сывӕллӕттӕ нӕ цӕуынц ӕмӕ къордгӕйттӕй сихор кӕнынц. Уый ма дзырдта ӕвӕстиатӕй ӕрбӕстон кӕнинаг чи у, ахæм къорд фарстайыл дæр.

Цӕрджытимӕ фембӕлды кӕрон Гаглойты Алан бацыд ахуырадон уагдонмӕ, бабӕрӕг кодта ахуыргӕнӕн кълӕстӕ. Ныфс бавӕрдта, кӕй баххуыс кӕндзӕн уӕвӕг проблемӕтӕ ӕрбӕстон кӕнынӕн. Скъолайы фарс балӕууынӕй ныфс бавӕрдтой политикон парти «Ныхас»-ы минӕвӕрттӕ дӕр.

КЪӔБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.