1941-1945 азты Ирыстоны тохвæдис лæппутæ, сæ удтыл æнæауæрдгæйæ, тох кодтой знаджы ныхмæ. Стыр уæлахизмæ сæ хайбавæрд хастой куыд æндæр адæмтæ, афтæ Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæ дæр. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ нæ адæмон хæдзарад куыста фронты интерестæн. Æхцайы фæрæзтæ, лæвæрттæ, колхозон быдырты райсгæ тыллæг æмæ хъæууонхæдзарадон продукттæ лæвæрд цыдысты канд хъахъхъæнынады фондмæ нæ, фæлæ ма фронты хайадисджыты бинонтæн æмæ немыцаг оккупацийæ ссæрибаргонд районты цæрджытæн дæр. 1941 азы Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд хъарм дзаумæттæ æмбырд кæныны фæдыл сæрмагонд паддзахадон къамис. Ахæм къамистæ арæзт æрцыдысты нæ уæды областы цыппар районы дæр. Æрмæст нæ горæты куыстуæттæ, уагдæтты æмæ цæрæн кварталты арæзт æрцыд 90 къамисы. Æмæ алы адæймаг дæр йæ хæсыл нымадта фронтæн æххуыс кæнын. Хуссар Ирыстонæй Сырх Æфсады хæстонтæ æмæ командиртæн æрвыст цыдис хъарм дзаумæттæ.

1941 азы колхозты æхсæн ерыс райтынг Сырх Æфсады фронтмæ хойраг дæттыны тыххæй план. Фронтмæ ма æрвыст цыдысты хъæууонхæдзарадон продукттæ дæр. Ручъы хъæуы колхоз æмæ йæ цæрджытæ стыр æххуыс бакодтой фронтæн, куыд æхцайы фæрæзтæй, афтæ хæлцадон продукттæ æмæ дарæсæй дæр. Колхозы сæрдар Плиты Мартæ йæхæдæг танкты колоннæйы арæзтадмæ бахаста 70 мин сомы, хæдтæхджыты арæзтадмæ та 30 мин сомы. 1942 азæй 1944 азмæ æфсæддон фæсауæрцтæм бахаста 65 мин сомы, лоторейон биллеттæм – 8 мин сомы. Уымæй дарддæр ма хъахъхъæнынады фондмæ бахастæуыд 11 мин 900 сомы, облигацитæн – 2 мин сомы. 1944 азы ноябры Ручъы колхоз се `мзæххон, уæд инæлар-лейтенат Плиты Иссæйæн фронтмæ арвыста англисаг мыггаг бæх, нымæт æмæ ехсимæ, дыууæ ты-ны цухъхъайæн, пакъуы басылыхъхъ, цъындатæ, æрмкъухтæ æмæ æндр ахæмтæ.

Фронты егъау тугкалæн тохтæ куы цыд, уыцы уæззау азты Хуссар Ирыстон йæхимæ иста бæстæйы фронтгæрон регионтæй ралидзæг адæмы, æнæ ныййарджытæй баззайæг сывæллæтты. Ахуыргæнæндæттæм æмæ æндæр æмбæлон куыстуæттæм та райстой 68 æнахъом сабийы. Сидзæр сывæллæттæм уыд лæмбынæг хъусдард. Лæвæрдтой сын уæлæдарæс, хæлцадон продукттæ æмæ æндæр дзаумæттæ дæр. Нæ горæты баконд æрцыдысты госпиталтæ. Иудзырдæй, алчидæр Райгуырæн бæстæйы раз æххæст кодта йæ хæс. Цхинвалы районы Бихъары хъæусоветы Арчънеты хъæуæй 90 аздзыд Чиаты Семен æмæ йæ цардæмбал 80 аздзыд Наталья паддзахадон бангмæ бахастой 10 мин сомы. Зынгæ композитор Галаты Барис дæр хъахъхъæнынады фондмæ бахаста 10 мин сомы. Дзауы хъæды хæдзарады директор Цхуырбаты Лентъо авиацион хотыхтæ самал кæныны фондмæ бахаста 18615 сомы. Уыцы азты нæ фаг кодта кусæгдых æмæ быдырты куыстой æнахъом скъоладзаутæ дæр. Цы куыстой, уыдон æнæвгъауæй лæвæрдтой фронтæн.

Кавказы сæрыл тохмæ Хуссар Ирыстонæй хæстон колоннæтæ æрвыст æрцыдысты Дзауыл. Тохы быдырæй хъуыстысты Хуссар Ирыстонæй ацæуæг хæстонты сгуыхтдзинæдтæ. Волгæйы сæрыл карз тохты хайадисæг Бестауты Суликъойы сгуыхтдзинад дисæн хастой. Уый ард бахордта знæгты кæй цæгъддзæн, цалынмæ удæгас уа, уæдмæ. Ирон адæмæй никуы ферох уыдзысты Сланты Леонид, авиацийы инæлар-майор Харебаты Алекси, Советон Цæдисы Хъайтартæ Остъаты Алекси, Сабанты Григол, Къозонты Сардион, Цхуырбаты Иван, Кобылты Серги æмæ бирæ æндæртæ.

Æхсарджын тæхæг Цоциты Васяйы хæдтæхæг тасы æппæрста знаджы. Уый хайад иста Таганрогы тохты. Уым уæлдæфмæ стахт 170 хатты æмæ куынæг кодта сæдæгай фашистты æд техникæ.

Хъырымы сæрмæ æмæ Севастополь ссæрибар кæныны тыххæй йæ райгуырæн бæстæйы кад бæрзонд систа Советон Цæдисы Хъайтар Хъоцыты Къоста. Хæсты фыццаг бонæй фæтæмæ, капитан-лейтенат Хъоцыты Къостайы катертæ уæззау цæф кодтой немыцæгты. Æрмæст йæхæдæг скуынæг кодта знаджы 3 транспорты, 10 хæдцæугæ науы, 2 цырдцæугæ десантон науы, дондзагнауы. Æрæппæрста знаджы Мессершмидт.

Афтæ, Уæлахизмæ  сæ хайбавæрд хастой, канд нæ хæцæг лæппутæ нæ, фæлæ ма фæсчъылдым чи баззадысты, уыдон дæр.

Æрмæг бацæттæ кодта

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.