Не стыр Райгуырæн бæстæйы адæмтæ цавддурау фесты, нæ Фыдыбæстæм немыцаг фашисттæ мæнгардæй куы æрбабырстой, уæд. Фæстæ нæ фæлæууыдысты Къостайыхъæу-Цъунары цæхæрцæст фырттæ дæр. О, бæргæ фæллой кодтой сабыр дуджы сæ колхоз æмæ хисæрмагонд хæдзарады, райдзаст æмæ бирæ хорз ныфсытимæ кастысты сæ сомбоны амондджын цардмæ. Фæлæ уыцы рæсугъд бæллицтæ æмæ рухс фæндтæ æмбойны фескъуыдысты, сау мигътæ куы æрбатыгуыр сты, уæд. Хъуыд знагæн ныхкъуырд радтын æмæ тохы быдырмæ агуылф кодтой йæ сæрæн хæстон фæсивæд.

Æвдыстой æхсардзинад, удуæлдайæ архайдтой, цæмæй тагъддæр нæ адæмтæн æрхæссой сабырад æмæ амондджын цард æмæ уый сæ къухты æфтгæ дæр кодта, фæлæ алкæмæн сабыр царды ацæрын нал бантыст. Тохы быдырæй нал сыздæхтысты Тедеты Гиойы æртæ фырты Федя, Ясон æмæ Гоги. Нал бацин кодтой сæ уарзон ныййарджытыл, хиуæттæ æмæ хъæубæстыл. Чындзæхсæвты æмæ цины бонты нал бахъæлдзæг кодтой сæ уарзон адæмты. Ясон бахауд уацары, фæлæ йын бантыст ралидзын æмæ польшæйаг партизантимæ тох кодта знæгты ныхмæ. Уый Польшæйы Адæмон Республикæ йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодта иууыл уæлдæр хæстон хорзæх «Милитари Виртутийы» орденæй. Поэт Асаты Реуаз та йыл ныффыста номарæн æмдзæвгæ «Æз дæу Польшæйы агуырдтон». Хъæуы уынгтæй иу  хæссы Тедеты æфсымæрты  ном.

Карз тохтæй сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты æфсымæртæ Гæбæраты Виктор æмæ Григол; Лаврент, Шаликъо æмæ Георги, Гуццаты Георги æмæ Раман, Чысиаты Сино æмæ Сограт, Лохты Иван æмæ Исидор, Медойты Хъараман æмæ Бежан, Хуыбиаты Тембол æмæ Григол, Хаситы Гоги, Миша æмæ Георги, Хацырты Валодя æмæ Иосиф, Саулохты Никъала, Исидор, Иракъли æмæ æндæртæ – æдæппæт 85 хæстоны.

Фæсчъылдым цы æмбæстæгтæ баззад, уыдонæн дæр æрæнцой нæ уыд. Кæд топпы хъæр нæ хъуыстой, знаджы ныхмæ размæбырсты хайадисджытæ нæ уыдысты, уæддæр сæ тыхтыл нæ ауæрстой алыхуызон фыдæбæтты. Уыдон хорз æмбæрстой æмæ æдзухдæр сæ зæрдыл дардтой, се ‘вæллайгæ куыстæй ахъаз кæй уыдзысты нæ хæстонтæн тохы быдыры, кæй сæ разæнгард кодтой фыдгулыл фæуæлахиз уæвынмæ. Фæсчъылдым ма баззадысты фылдæр сылгоймæгтæ, ацæргæ нæлгоймæгтæ æмæ къаннæг сывæллæттæ. Адæймаг сыл абон дæр дис фæкæны, куыд фæрæзтой æппæт уыцы зындзинæдтæн. Хæдзары, стæй колхозы уæззау куыстытæ иууылдæр се уæхсчытыл æрæнцадысты. Суанг фæсæхсæвæртæм та-иу нæ хæстонтæн хъарм дзаумæттæ цæттæ кодтой. Уæды колхозонтæ, сæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ архайдтой сæ хæдзарады экономикæ сырæзын кæныныл æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Сæ хъазуатон куысты тыххæй 1941 азы 29 январы Сталиниры райæххæстком рахаста уынаффæ Къостайыхъæуы раззагон фæллойгæнджыты Æппæтцæдисон хъæууонхæдзарадон Равдыстмæ сфидар кæныны тыххæй. Кандидаттæй раразмæ кодтой колхоз «Зиууон»-ы фосдарды товарон фермæйы хистæр фыййау Хуыбиаты Зозыр æмæ тракторист Джиоты Казимиры. 1941 азы 3 февралы æмбырд ноджы раразмæ кодта ахæм кандидатты: сортфæлварæн фадыджы агроном Бакрадзе Шалва, колхоз «Зиууон»-ы сæрдар Джиоты Мелитон æмæ хынцæг Тыбылты Лонгийы, стæй ма сорт-фæлварæн фадыджы бригадæйы уæнгтæ Мамиты Беги, Лохты Иликъо æмæ агроном Пучулая Владимиры. Хъæуы цæрджытæ сæ колхозы размæцыдыл æнувыдæй кæй архайдтой, уый тыххæй колхозы бюджет 1940 азимæ абаргæйæ 1941 азы 24000 сомы фæфылдæр. Цъунары колхозæн 1941 азы сæкæры цæхæра байтауыны пълан уыд 21 гектары æмæ йæ æххæст дæр скодта. Хæдзарад 1943-44 азты Ставрополы крайы зымæгон хизæнуæттæм аскъæрдта 3730 фысы. Колхоз ма ставд фосы пълан сæххæст кодта 106 процентæй, уыцы нымæцы хъуццытæй, кусæг фосæй æмæ бæхтæй фæйнæ 100 процентæй, стæй ма хуытæй 173,3 процентæй.

Цæрджытæ хъуыды кæнынц æмæ сæ рухс нæмттæ мысынц. Фыдыбæстæйон хæсты йæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй чи тох кодта амондджын рæстæджы сæраппонд йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыцы хъайтар æмзæххонты. Ивгъуыд æнусы сæ номыл арæзт æрцыд цырт æмæ дзы фыст сты æдзард хæстонты нæмттæ. Цырт саразыныл зæрдиагæй бакуыста скульптор Кокшин, стæй ацы хъæуккаг Джиоты Роланд, æндæр æмæ æндæр куыстыты та активон хайад райстой хъæуы фæсивæд.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.