1943 азы 18-æм январы Ленинграды æмæ Волховы æфсæдтæ атыдтой блокадæйы æрхъула. Блокадæ ахаста 900 боны бæрц. Уæлдæр командæгæнæджы бардзырдмæ гæсгæ Ленинграды блокадæйы атынд райдыдта 1943 азы 12-æм январы Ленинградаг æмæ Волховаг фронтты æфсæдты  Сырхтырысаджын Балтион флоты æмæ Ладогæйы æфсæддон флотилийы æмархайдæй, Ладогæйы цады хуссарæрдыгæй. Операци «Искра» уагъд цыд зымæгон уæззау уавæрты. Уый ссис Ленинградаг здæхты Сырх Æфсады фыццаг стыр уæлахиз.

18-æм январы Ленинграды фронты 136-æм æхсæг дивизи æмæ 61-æм тан-кон бригадæ бабырстой  Кусджыты 5-æм поселокмæ æмæ баиу сты Волховаг фронты 18-æм æхсæг дивизийы хæйттимæ. Уыцы бон 86-æм æхсæг дивизи æмæ 34-æм  бригадæ ссæрибар кодтой Шлиссельбург. Ладогæйы цады донбылгæрон айгæрст къæлидоры 18 бонмæ аразджытæ сарæзтой Невæйы доныл ахизæн (переправа), айгæрстой æфсæнвæндаг æмæ автомобилон фæндæгтæ. Знаджы блокадæ атынд æрцыд.

Блокадæйы рæстæджы æрмæст æххормагдзинадæй амардысты 640 мин адæймагæй фылдæр (æндæр бæрæггæнæтæм гæсгæ иу милуанæй фылдæр), дæсгай мин адæймæгтæ та фæмардысты артиллерион æхстыты æмæ бомбæтæ калыны рæстæджы, бирæтæ та амардысты эвакуацийы.

1941 азы 8-æм сентябры, немыцæгтæ Шлиссельбург куы бацахстой, уый фæстæ райдыдта Ленинграды 871-бонон блокадæ. Ацы бон у иууыл трагикондæр бон Уæрæсейы цæгаттаг столицæйы æртææнусон историйы.  Уый уыд горæтыл иууыл дæргъвæтиндæр æмæ тæссагдæр æрхъула адæймагады историйы. Уæд Ленинграды алыварс сырæзт блокадæйы цæг.

Æрхъулайы бахаудтой горæты 2 ми-луан 544 мин æмбæстагон цæрæджы, уыцы нымæцы 400 мины бæрц сывæллоны, горæтгæрон районты – 343 мин цæрæджы, горæт хъахъхъæнæг æфсæдтæ. Хæлцадон продукттæ æмæ æртаджы фæсауæрцтæ уыдысты цъус (æрмæстдæр 1-2 мæйæн). 1941 азы 8-æм сентябры авиацион бабырсты æмæ зынгсирвæзты фæстиуæгæн басыгъдысты  А.Е.Бадаевы номыл хæлцадон æфтауцдæттæ. Баконд æрцыдысты хæлцадон карточкæтæ: 1 октябрæй хуымæтæджы кусджытæ æмæ инженерон-техникон кусджытæн райдыдтой дæттын суткæйы дæргъы æрмæстдæр 400 граммы дзул, иннæтæн та – 200 граммы. Æрлæууыд æхсæнадон транспорт дæр, уымæн æмæ 1941-42 азты зымæджы фесты æртагон фæсауæрцтæ. 1942 азы январы иу адæймагмæ хауд æрмæстдæр 200/150 граммы дзул. 1942 азы февралы кæронмæ Ленинграды уазал æмæ æххормагæй амард 200 мин адæймагæй фылдæр.

Фæлæ горæт цардис æмæ тох кодта, заводтæ дарддæр уагътой хæстон продукци, куыстой театртæ æмæ музейтæ. Æппæт блокадæйы рæстæджы нæ банцад ленинградаг радио, цыран ныхас кодтой поэттæ, фысджытæ. 1942 азы 2 июлы Уралæй фæхæццæ кодтой Дмитри Шостаковичы 7-æм симфони.  9 августы симфони сæххæст кодта Ленинграды Стыр симфонион оркестр, кæцыйæн дирижер уыд Карл Элиасберг. Шостаковичы ног уацмысмæ хъусгæйæ, адæм нæ урæдтой сæ цæстысыг. Симфонимæ хъуыстой æрмæст Ленинграды цæрджытæ нæ, фæлæ немыцаг æфсæдтæ дæр. Уымæй бирæ фæстæдæр, Германæй дыууæ туристы ссардтой Элиасбергы æмæ йын загътой: «1942 азы 9-æм августы мах бамбæрстам, кæй фембылды уыдзыстæм. Мах уæд бамбæрстам уырыссаг адæмы тых. Уыдон фæуæлахиз сты æххормагдзинад, тасдзинад æмæ, æгæрыстæмæй, мæлæтыл дæр…».

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ 2008 азы 21-æм августы Цхинвалы Театралон фæзуаты Мариинаг симфонион оркестр куы ралæууыд, Гергиты Валерийы къухдариуæгадæй, уæддæр Хуссар Ирыстоны хæстæфхæрд зæххыл Петербургаг музыканттæ сæххæст кодтой Шостаковичы «Ленинградаг блокадон» æмæ «Нашествие»-йы эпизодтæ.

ЦАРДЫ ФÆНДАГ

Стыр зæххимæ Ленинградæн бастдзинад кæй нал уыд, уымæ гæсгæ уæлдай стырдæр нысаниуæг уыд Ладогæйы цадыл фæндагæн, кæцы ссис легендарон «Царды фæндаг». 1941 азы сентябрь-ноябры уæзтæ ластой доны фæндагыл æмæ цад куы ныссалд, уæд та хæлцадон продукттæ, æртаг æмæ æндæр уæзтæ ластой ихыл. «Царды Фæндагыл» горæтæй ластой, æххормагæй бынтон чи слæмæгъ, уыцы цæрджыты, фыццаг рады сывæллæтты, сылгоймæгты сабитимæ, рынчынты, цæфты æмæ инвалидты, афтæ ма ахуыргæнинæгты, заводты кусджыты сæ бинонтимæ.

1941 азы фæззæг æмæ зымæджы мæйты Сталин домдта, цæмæй атоной Ленинграды блокадæ æмæ куыдфæндыйæ дæр фæстæмæ аппарой немыцæгты, фæлæ Ленинградаг-Волховаг æфсæдты размæ абырст æнтыстджын нæ рауад. Кæд Дыккаг Синявинаг размæ абырст тынг æнтыстджын нæ уыд, уæддæр фæсыкк кодта немыцаг командæкæнынады плæнттæ. Закъонбæрцон фæстиуæг ссис, Ленинграды бирæ рæстæджы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы блокадон атынд, 1943 азы 18 январы операци «Искра»-йы рæстæджы.

Блокадон Ленинграды чи фæмард, уыдоны ‘хсæн уыдысты ирон адæмы минæвæрттæ дæр. Куыд зæгъæм, Дзауы районы Къусджыты хъæуы цæрæг, фыццаг ирон профессионалон композитор, 265-æм хицæн пулеметон-артиллерион батальоны адæмон хæдæфсады хæстон Гаглойты Зауыр. 1941 азы Зауыр хъæбатырæй фæмард Ленинград хъахъхъæныны раззаг хаххыл тохы. Уыцы тохты ма хайад райста Сланты Леонид, æртæ хæсты хайадисæг. Уый райгуырд Брытъаты комы. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй Сланты Леонид хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй, Сырх Тырысайы æхсæз орденæй, Сырх Стъалыйы æмæ Фæллойы Сырх тырысайы ордентæй, дыккаг къæпхæны Суворовы орденæй.

27 январь нымад цæуы Уæрæсейы æфсæддон кады боныл. 1944 азы 27 январы советон æфсæдтæ æххæстæй ссæрибар кодтой Ленинграды немыцаг-фашистон æфсæдты блокадæйæ. Ленинграды хъæбатыр хъахъхъæнынад ссис советон адæмы æхсардзинады символ. Хæсты æгæрон хъайтардзинады æмæ хиснывонд кæныны аргъæй Ленинграды цæрджытæ бахъахъхъæдтой сæ горæт. Мингай цæрæджы хорзæхджын æрцыдысты хицауадон хорзæхтæй, 486 систы Советон Цæдисы Хъайтары, уыдонæй аст адæймаджы дыууæ хатты. 1942 азы 22-æм декабры фидар æрцыд «За оборону Ленинграда»-йы майдан. Ацы майданæй хорзæхджын æрцыдысты 1,5 милуан адæймаджы.

1945 азы 26-æм январы горæт Ленинград хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй. 1945 азы 1-æм майæ Ленинград у горæт-хъайтар. 1965 азы 8-æм майы горæтæн лæвæрд æрцыд «Сырх стъалыйы» майдан.

Джиоты Екатерина