Цхинвалы районы Ирыхъæуы цалдæр азы размæ сырæзт арæзтадон æрмæджыты завод. Йæ саразыны нысан уыд фæстаг азты республикæйы цы арæзтæдтæ цæуы Инвестицион программæйы фæлгæтты, уыдоны ифтонг кæна ахæм æрмæджытæй æмæ сæ гъæд мæгуыраудæр ма уа æрласæггæгтæй. Завод кæд æппæт хъомысадæй нæма скуыста, уæддæр абон уадзы тротуарон плиткæ, бордюртæ, электроадæттæн хæххытæн цæджындзтæ, канализацион цæгтæ.

Æрæджы завод æрæвнæлдта арæзтадон блоктæ аразынмæ дæр. Мах фембæлдыстæм арæзтадон æрмæджыты заводы генералон директор Тедеты Сосланимæ æмæ нын радзырдта, заводы продукци æмæ кондады ног гæнæнты тыххæй. «Блоктæ уадзын райдыдтам æрæджы. Ныртæккæ нæ горæты цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ цæуы арæзт, уыдон ифтонг цæуынц мах блоктæй. Горæты цы уынгтæ арæзт цæуы, уыдонæн дæр плиткæтæ, бордюртæ, канализацион цæгтæ махмæ æлхæнынц. Стыр заказ райстам паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-æй. Уыдон хъæуы 1500 цæджындзы электроадæттæн хæххытæн. Æрæджы ма æрластам æмбонды цæджындзты формæтæ дæр æмæ тагъд æрæвналдзыстæм уыдон уадзынмæ дæр», – зæгъы Тедеты Сослан.

Мах цымыдис кодтам, заводы кæрты цы ног дурцъæлгæнæн æвæрд ис, уымæ дæр. Директоры ныхæстæм гæсгæ ацы сæрмагонд дурцъæлгæнæн скусдзæн уалдзæджы æмæ ахъаз уыдзæн, цæмæй республикæйæн æддейæ æрмæджыты иу хай ласын мауал хъæуа.

Нырмæ электроадæттæн хæххытæн цы цæджындзтæ уагъта завод, уыдонæн иуæй-иу æрмæджытæ ласта Цæгат Ирыстонæй. Дурцъæлгæнæн куы скуса, уæд иуæй цæджындзты аргъ уыдзæн къаддæр, аннæмæй та йæ аразыны рæстæг дæр уыдзæн цыбырдæр.

Тедеты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй æмбонды цæдзындзты заказ та райстой нæ республикæйы сæнæфсиры куыст чи кæны уыцы арендатортæй. Заводæн йæ бон у рауадзын 2,5 метры дæргъæн цæджындзтæ. Æрæджы ма завод райста æфсæнбетонон асинты заказ дæр.

Заводы къухдариуæгад куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ бадзырдтæ уадзынц Цæгат Ирыстоны арæзтадон æрмæджыты фирмæимæ, цæмæй сын рауæй кæной бетонон агъуысты формæтæ. Завод ма хъавы ноджыдæр хъæдфадæн цех сывæрынмæ дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй 2019 азæй Арæзтадон æрмæджыты заводы дæлбар бацыд «Эмальпровод» дæр. «Эмальпровод»-ы кусджытæй хицауад дары куыстмызд æмæ ныртæккæ Тедеты Сослан тырны, цæмæй цы арæзтадон æрмæджытæ уæй цæуы, уыцы æхцайы фæрæзтæй сæ фидой.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.