Спутник-Хуссар Ирыстоны пресс-центры ауагъдæуыд пресс-конференци РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады минæвæртты хайадистæй. Пресс-конференцийы темæ уыд «АрМИ-2021: Хуссар Ирыстон цæттæ у уæлахизмæ». Мадзалы ныхас цыд республикæйы хæстонтæ сæхи Æхсæнадæмон хъæзтытæм куыд цæттæ кæнынц, ууыл.

Пресс-конференцийы хайад райстой министры хæдивæг Сиукъаты Вадим, Хъахъхъæнынады министрады хæстон цæттæдзинады хайады офицер Тедеты Дауыт æмæ ивгъуыд азы танкон биатлоны хайадисæг, танкон взводы командæгæнæг Букуылты Димитр. 

Сиукъаты Вадим куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæ фæнд кæнынц авд хуызы конкурсты хайад райсынмæ, кæцытæ хаст сты Æхсæнадæмон æфсæддон хъæзтыты программæмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæ хайад райсдзысты ахæм конкурсты, куыд: «Снайперский рубеж», «Десантный взвод», «Эльбрусское кольцо», «Танковый биатлон», «Уверенный прием» æмæ «Отличники войсковой разведки».

Министры хæдивæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй «нысæнттæ æмæ хæслæвæрдтæ иннæ азты хъæзтытæй хицæн кæнынц.

«Ацы аз мах фæнд кæнæм æртæ экипажы бацæттæ кæнын. Уыимæ иумæ ма бацæттæ кæндзыстæм ноджы иу экипаж, цæмæй æрмæст индивидуалон ерысты ма исæм хайад, фæлæ – эстафетæйы дæр. Æхсæнадæмон хъæзтыты хайад райсыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадæй хонæн гæххæст райстам ивгъуыд аз. Хæстон хъæзтыты хайад райсыныл сразы стæм æмæ республикæйы æфсæддон службæгæнджытæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой ерыстæм», – банысан кодта Сиукъаты Вадим æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, кæд фарон Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæ æхсæнадæмон хъæзтыты фыццаг хатт истой хайад, уæддæр фенын кодтой хорз фæстиуæг, уæлдайдæр та – танкисттæ. Уыдон  дыккаг дивизионы «Танкон биатлон»-ы конкурсы бацахстой æртыккаг бынат.

«Уый уыд нæ фыццаг хайадист, цыран хайад райстой дыууæ экипажы. Нæ командæйæн уыд, æнхъæл цæмæн нæ уыдыстæм, ахæм фæстиуæг. Танкистты командæ равдыста хорз фæстиуджытæ», – загъта Сиукъаты Вадим.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ерыстæм бацæттæ кæныны тыххæй Хуссар Ирыстоны полигоны алцы дæр арæзт æрцыд, цыран сын фадат ис алыгъуызон цæлхдурты сæрты ахизынæн, æфсæддон службæгæнджыты цæттæ кæныны райиан этапы тыххæй сын ис материалон-техникон базæ.  Иуæй-иу бынæтты ногæй ифтонггонд æрцыдысты æмбæлон ифтонггæрзтæй, модернизацигонд æмæ оптимизацигонд æрцыдысты, ивгъуыд аз цы ерыстæ ауагъдæуыд, уыдон бахынцгæйæ. Цæттæ кæныны иууыл ахсджиагдæр у зонындзинад, æфсæддонты цæттæдзинад, фæлтæрддзинад æмæ физикон æгъдауæй фæразондзинад, ориентаци зонын æмæ цæлхдуртæ иуварс кæнын. «Æппæт уыдæттыл мах ахуыр кæнæм нæ салдатты», – загъта Сиукъаты Вадим.

Министры хæдивæг куыд банысан кодта, афтæмæй цæттæ кæныны радон этапы фæнд кæнынц уæрæсейаг коллегæтимæ кусын, цыран сын уыдзæн Уæрæсейы 58-æм æфсады полигоны цæттæ кæныны фадат.

Йæ рады хæстон цæттæдзинады хайады офицер Тедеты Дауыт куыд радзырдта, афтæмæй 2021 азы Æхсæнадæмон æфсæддон хъæзтыты Хуссар Ирыстонæй хайад райсдзысты 60 æфсæддон службæгæнæджы, уыцы нымæцы административон кусджытæ дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ хæстонтæ сæхи активонæй цæттæ кæнынц Æхсæнадæмон æфсæддон хъæзтытæм. Сæ физикон æмæ моралон-психологон уавæрмæ сын сæ хъус дарынц дохтыртæ. Ныртæккæ уал цæттæ кæнынц куыд сæйраг командæты, афтæ фæсауæрцонты дæр, æфсæддонтæй исчи куы фæрынчын уа, кæнæ æндæр исты цауы тыххæй.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй æфсæддон хъæзтыты хайадисджытæ ерыс кæндзысты æрмæст  сæхи  штатон техникæйыл нæ, фæлæ ма сæ хæстон машинæтæй ифтонг кæндзысты хъæзтыты организатортæ, бæстæтæ-хайадисджыты куырдиатмæ гæсгæ.

Фæнд ма цæуы æфсæддон хъæзтыты хуссарирыстойнаг курсантты хайадист дæр, кæцытæ ахуыр кæнынц Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты. Уыдон хайад райсдзысты ахæм конкурсон хъæзтыты, куыд: «Десантный взвод», «Уверенный прием» æмæ «Саянский марш».

Нæ уацх. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.