Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Ирыхъæуы цы арæзтадон æрмæджыты завод ис, уый æрнывыл кодта электроадæттæн хæххыты æфсæнбетонон цæджындзты рауагъд.

Куыстуаты директор Тедеты Сослан куыд загъта, афтæмæй цæджындзтæ уадзыны тыххæй æлхæд æрцыдысты специалон формæтæ.

Завод уадзы электроадæттæн хæххыты цæджындзты дыууæ хуызы  9,5 æмæ 11,5 метры. Хомыс ласынц Цæгат Ирыстонæй. Куыстуаты лыстæггæнæн-æвзарæн комплекс нырма нæ кусы.

Тедейы фырт фидарæй зæгъы, зæгъгæ, заводы цы электроадæттæн хæххыты цæджындзтæ арæзт цæуынц, уыдон сæ гъæдмæ гæсгæ не сты æттейæ æрласгæтæй мæгуыраудæр.

Æвæрццаг характеристикæ ма сын дæттынц хуссарирыстойнаг энергетиктæ дæр.

«Бынæттон заводы цы электроадæттæн хæххыты цæджындзтæ арæзт цæуынц, уыдоны гъæд у хорз. Мах райгонд стæм», – банысан кодта «Энергоресурс-Хуссар Ирыстоны»-йы гендиректоры хæдивæг Гæбæраты Анатоли.

«Энергоресурс» у заводы продукцийы ног хуызы сæйраг фæлхасгæнæг. Бынаты арæзт электроадæттæн хæххыты цæджындзтæй пайда кæнынц хуссарирыстойнаг энергетиктæ республикæйы районты электрохызæгты реконструкцийы рæстæджы. Хуссар Ирыстоны электрохызæгты модернизаци æххæст цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты, æххæссы 2018-2019 азы онг. Арæзтадон æрмæджыты заводæн уый дæтты дыууæ азы дæргъы гарантион заказтæ.

Тедеты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз куыстуат план кæны энергетиктæн 1,5 мин цæджындзæй фылдæр саразын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.