Цхинвалы районы Ирыхъæуы цалдæр азы размæ цы арæзтадон æрмæджыты завод сырæзт, уымæн йæ сæйраг нысан у республикæйы Инвестицион программæйы фæлгæтты цы арæзтæдтæ цæуы, уыдоны цæмæй ифтонг кæна бынæттон арæзтадон æрмæджытæй æмæ сæ гъæд мæгуыраудæр ма уа æрласгæ арæзтадон æрмæджытæй. Завод кæд æппæт хъомысадæй нæма скуыста, уæддæр абоны бон уадзы тротуарон плиткæ, бордюртæ, электроадæттæн хæххытæн цæджындзтæ, канализацион цæгтæ æмæ æндæр æрмæджытæ.

Æрæджы завод æрæвнæлдта арæзтадон блоктæ аразынмæ. Мах фембæлдыстæм арæзтадон æрмæджыты заводы генералон директор Тедеты Сосланимæ æмæ нын радзырдта заводы продукцийы, кондады гуырахсты ног гæнæнты тыххæй. «Блоктæ уадзын райдыдтам æрæджы, ныртæккæ нæ горæты Чиаты Иосифы уынджы цы сабиты рæвдауæндон арæзт цæуы, уый мах ифтонг кæнæм блоктæй. Горæты арæзтцæуæг уынгтæн дæр плиткæтæ æмæ бордюртæ, канализацион цæгтæ махмæ æлхæнынц. Æрæджы та стыр закъаз райстам паддзахадон-унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-æй. Уыдоны хъæуы 1500 цæджындзы электроадæттæн хæххытæн. Æрæджы ма æрластам æмбонды цæджындзты формæтæ дæр æмæ тагъд æрæвнал-дзыстæм уыдон аразынмæ дæр», –  зæгъы Тедеты Сослан.

Мах бацымыдис кодтам заводы кæрты цы ног дурцъæлгæнæн æвæрд ис, уымæ дæр. Директоры ныхæстæм гæсгæ ацы дурцъæлгæнæн скусдзæн æввахс бонты æмæ ахъаз уыдзæн, цæмæй республикæйæн æддейæ æрмæджыты иу хай ласын мауал хъæуа. Уый та æнæмæнг фæтагъддæр кæндзæн кондады процесс.

Нырмæ электроадæттæн хæххытæн цы цæджындзтæ уагъта завод, уыдонæн хицæн арæзтадон æрмæджытæ ласта Цæгат Ирыстонæй. Дурцъæлгæнæн куы скуса, уæд иуæй цæджындзты аргъ уыдзæн къаддæр, иннæмæй та йæ аразыны рæстæг фæцыбырдæр уы-дзæн.

Тедеты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй æмбонд цæджындз-ты тыххæй заказ та райстой нæ республикæйы сæнæфсир-гуыст чи кæны уыцы арендатортæй. Заводæн йæ бон уы-дзæн, 2,5 метры бæрзæнд чи у, ахæм цæджындзтæ уадзын. Æрæджы ма завод райста æфсæнбетонон асинты закъаз дæр.

Куыстуаты къухдариуæгад куыд зæгъы, афтæмæй ныр-тæккæ бадзырдтæ уадзынц Цæгат Ирыстоны арæзтадон æрмæджыты фирмæимæ, цæмæй сын рауæй кæной бетонон агъуысты формæтæ. Завод ма хъавы ноджыдæр хъæдфадæн цех бакæнын дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ивгъуыд аз Арæзтадон æрмæджыты заводы дæлбар бацыд «Эмальпровод» дæр. «Эмальпровод»-ы кусджытæй хицауад дары куыстмызд æмæ ныртæккæ Тедеты Сослан тырны, цæмæй цы арæзтадон æрмæджытæ уæй цæуы, уыдонæй райсгæ фæрæзтæй уыдонæн цадæггай сæ куыстмызд бафида æмæ скъуыддзаг æрцæуа ацы фарста.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.