Æртæ мæйы бæрц нæ куыста нæ республикæйы Иры хъæуы, цы арæзтадон æрмæджыты завод ис уый.

 Куыд зонæм, афтæмæй ацы завод арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæрæзтæй. Æмæ йæ нысан уыд, республикæйы территорийыл цы арæзтадон куыстытæ цæуы, уыдоны арæзтадон æрмæджытæй – тротуарон плиткæтæ, бордюртæ, электроадæттæн хæххыты цæджындзтæ, канализацион цæгтæй   ифтонг кæнын.

Завод йæ сырæзтæй фæстæмæ хорз темптæй куыста. Цы арæзтадон æрмæджытæ уагъта, уыдон ахъаз уыдысты бирæ объекттæ арæзтадæн. Сæ арæзт æрмæджытæй арæзт æрцыд нæ горæты Чиаты Иосифы уынджы цы рæвдауæндон сырæзт, уый дæр. Бордюртæ  æмæ плиткæтæй та пайда кодтой уынгты хæрзарæзтадæн.  Стыр заказ сæм уыд ног азы фæстæ паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-æй. Фæлæ завод йæ куыст æрурæдта, финансон зындзинæдтæ кæй æййæфта, уымæ гæсгæ. Ныр цадæггай ацы фарст скъуыддзаг æрцыд æмæ завод ацы бонты йæ куыст райдыдта. Æмæ та раздæрау заказтæ исдзысты арæзтадон фирмæтæй æмæ цæрджытæй дæр. «Энергоресурс»-æй сæм цы заказ уыд электроадæттæн хæххытæн цæджындзтæ саразыны тыххæй, уый дæр кæронмæ бакæндзысты. Заводы къухдариуæгад зæгъы, зæгъгæ, сæм дзæвгар ис цементы фæсауæрцтæ, змис æмæ дур та у бынæттон æмæ кусдзысты цы заказтæ исой, уыдон гъæдджынæй сæххæст кæныныл.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.