Зындгонд ахуыргæндты ныхæстæм гæсгæ ахуырад адæмæн хæрзиуæг æмæ тыхтæ хæссы. Уый адæймагæн уды æнцойад у, уыимæ абарæн ницæмæн ис. Уымæ гæсгæ алы адæймаг дæр æмбары æмæ зæгъдзæн – æнæ ахуырадæй цард мидисджын кæй нæ уыдзæн. Ахуырады, зонындзинæдты дуне егъау æмæ æгæрон у, йæ бæрзæндтæм тырны адæймагады фылдæр хай. Адæймаджы иууыл егъаудæр хæрзиуæг ахуырад кæй у, уый дæр нæ хъæуы бæлвырд кæнын. Уымæн æмæ æнæ ахуырадæй адæм уыдзысты гуымир æмæ æнæгъдау. Ахæм стыр нысаниуæг ис ахуырад æмæ зонадæн нæ æрвылбонон царды.

  2020 -2021 ахуыры азты ахуырадон процессыл тынг бандæвта дунейыл цы ног вирусон пандеми апарахат, уый. Хъыгагæн, йæ ахæсты мах дæр фестæм, æмæ уый бандæвта нæ республикæйы скъолаты ахуырадыл дæр. Скъолатæ раконд æрцыдысты дистанцион ахуыры процессмæ, цæмæй низæн къаддæр фадæттæ уыдаид апарахат кæнынæн. Пандеми, дистанцион ахуыры фадæттæ æмæ æндæр фарстыты фæдыл мах бахатыдыстæм Цхинвалы районы ахуырад æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл хайады сæргълæуджытæм, цæмæй нæ базонгæ кæной сæ куыст æмæ архайды фæстиуджытимæ.

Цхинвалы районы администрацийы ахуырады хайадæн ныр цалдæр азы разамынд кæны Лолоты Барис. Уый йæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ архайы районы ахуырад бæрзонд æмвæзадыл дарын, кæд ахуырадон уагдæттæ кадавар кæнынц скъоладзаутæй, уæддæр.

Лолоты Барис нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ районы скъолатæ ацы аз ахуырмæ æрæвнæлдтой 15 январæй хицауады уынаффæмæ гæсгæ – райдианæй астæуккаг кълæсты онг.

Районы скъолатæ чысыл комплектон скъолатæ сты. Дменис æмæ Цъунары фылдæр сты скъоладзауты нымæц, фæлæ уыдон дæр чысылкомплектон скъолатыл нымад сты. Районы скъолатæ ифтонг сты хъармгæнæнтæй, кæм ма хъуаг кодтой, уырдæм дæр самал кодтой районы ахуырады хайад. Уымæн æмæ ныртæккæ сæйраг у уый, æмæ сывæл-лæтты хъарм уавæрты ахуыр кæной. Скъолатæ се ‘ппæтдæр ифтонг сты алы предметты ахуыргæнджытæй. Чингуытæ æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг инвентарæй дæр сты ифтонг.

Дистанцион ахуыр цыд районты скъолаты дæр

Пандемийы рапарахатæй районты скъолаты дæр уагъд цыд дистанцион ахуыр. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ вирусы тæфаг районы цæрджытыл уадиссаг нæ бандæвта, фæлæ уæддæр скъолатæ раконд æрцыдысты дистанцион ахуыры процессмæ. Уый фæзын районы скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæн, уымæн æмæ алчи бынтон ифтонг нæу интернетæй, стæй алы бинонтæн уыцы фадат нæй æмæ алы сывæллонæн зынаргъ телефон кæнæ планшет амал кæной. Районы ахуырады къухдариуæггæнæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæ бацамындмæ гæсгæ скъоладзаутæ дыууæ, æртыгæйттæй иу карантины рæстæджы бацыдысты скъоламæ, сæ хæдзармæ хæслæвæрдтæ иу рахастой, бацæттæ иу сæ кодтой æмæ сын сæ уый фæстæ бæрæг кодта ахуыргæнæг.

Лолоты Барисы ныхæстæм гæсгæ дистанцион ахуырæн нæй раппæлинаг фæстиуæг, уый ахуырады размæ никуы ракæндзæн, фæлæ æндæр фадат куынæ уа, уæд уавæртæм гæсгæ архайын хъæуы.

Скъолатæ æмæ ахуыргæнинæгтæ

Цхинвалы районы иумиагæй сисгæйæ ис 11 скъолайы, уыдонæй иу у скъола дæр æмæ сывæллæтты рæвдауæндон-цæхæрадон дæр.

Раздæры нæргæ скъолатæ ныртæккæ сты хъуаг скъоладзаутæй – районы аст скъолайы ис дæс æмæ уымæй къаддæр ахуыргæнинагæй дæлæмæ. Дменис æмæ Цъунары уавæр чысыл хуыздæр у, уым ис фæйнæ æхсайы бæрц ахуыр-гæнинаджы. Ацы ран æнæбанысангæнгæ нæй уыцы хъуыддагæн, æмæ бирæ ныййарджытæн модæйы хуызы бацыд, сæ сывæллæтты горæты скъо-латæм кæнын. Раздæрау куы архаид ахæм уынаффæ æмæ сывæллæттæ кæм цæрынц, уыцы районы скъоламæ хъуамæ цæуой, уæд æмткæй æгас районты скъолаты уавæр уаид хъуыздæр. Ныр дуг æмæ рæстæджы фæивдæй нал архайынц уыцы принциптæ, уымæй, зæгъгæ, «хæлд цæуынц ныййарджыты бартæ». Абаргæйæ, Дменисы астæуккаг скъолайы ныртæккæ ахуыр кæны 58 скъоладзауы æмæ дзы горæты скъолатæм та цæуы 60 сывæллоны. Афтæмæй та сывæллон ахуырмæ йæ хъус куы дара, уæд горæты дæр ахуыр кæндзæн æмæ хъæуы дæр.

Хæлцы уавæр скъолаты

Куыд зонæм, афтæмæй хæлцы руаджы адæймаджы организм исы æмбæлон энерги æмæ буарадтæ. Уыцы буарадтæ æнæмæнгхъæуæг сты ног чырæгтæ аразынæн æмæ организмы цы процесстæ цæуы, уыдон энергийæ ифтонг кæныны нысанæн. Скъоладзауы организм рæзгæ у, æмæ йæ уый æнæмæнг хъæуы.

Районы скъолаты хæлцы хъуыддаг горæтмæ абаргæйæ мæгуырау у, уымæн æмæ Цхинвалы районы скъолаты фылдæр хай чысылкомплектон у æмæ хæринагаразæгæн цы фæрæзтæ фыст цæуы, уыдон сты хæрзцъус. Ахæм кадавар мыздыл та ничи бакусдзæн. Уымæ гæсгæ хаст æрцыд ахæм уынаффæ, цæмæй чысылкомплектон скъолаты райсомы дыккаг хæлц лæвæрд цæуа скъоладзаутæн. Хуыздæр у ацы фарст Цъунар æмæ Дменисы скъолаты, уымæн æмæ уым сывæллæтты нымæц фылдæр у. Лолоты Барисы ныхæстæм гæсгæ ацы хъуыддагыл ноджыдæр уынаффæ цæудзæн министрады æмвæзадыл, цæмæй алы скъолайы дæр рæстæгыл хъарм хæринаг лæвæрд цæуа скъоладзаутæн.

Фæсивæдон политикæйы хайады архайд

Ацы хайадыл дæр бандæвта пандемийы апарахат. Хайады куыст баст у скъоладзау сывæллæттæ, æмæ ахуыры рæстæджы фылдæр хай карантины кæй уыдысты, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бандæвта йæ куыст æмæ архайдыл. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, Зары хъæуы фæсивæды хайадистæй уагъд æрцыд планон мадзал карантины нормæтæ хынцгæйæ. Хайады сæргълæууæг Козаты Олег нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ма ацы аз сæ къухы бафтыд районы скъола фыццæгæм къласæй фæндзæм къласы онг чи ахуыр кæны, уыдонæн ногазон лæвæрттæ бакæнын. Ахæм лæвæрттæ ма конд æрцыд Цъунар æмæ Дменисы хъæуты рæвдауæндон-цæхæрадоны хъомылгæнинæгтæн. Ног азы æрлæудæй ма районы сывæллæтты фæхуыдтой сывæллæтты сфæлдыстадон галуанмæ президентон назбæласмæ. 

Бирæ фæндтæ æмæ аразинаг хъуыддæгтæ ис районы ацы хайадтæн нæ рæзгæ фæсивæды хæрзæбонæн. Æмæ уадз бантысæд сын ноджы фылдæр, пандеми æмæ æндæр ахæм фæзындтæм æнæкæсгæйæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.