Уацилла ирон зæдты, ирон бардуæгты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы. Тыллæджы хоры, зæххыл адæймаджы хорздзинадæн цыдæриддæр зайы, уыдоныл аудæг бардуаг, арвнæрды бардуаг у (кæс Уацилла).

Уациллайыл сæхи фæдзæхстой ирон адæмы фыдæлтæ – алантæ. Цæгат Кавказы хæхты дæлвæзты куы цардысты, уæд райдыдтой зæх-хы куыст æмæ табу кодтой Уациллайæн.

Уацилла у стыр бархъомысджын хорарæх æмæ фосарæхы бардуаг. Цæмæй уыгæрдæнты æмæ сæрвæтты хорз, сойджын кæрдæг æрзайа, уый тыххæй дæр адæм Уацилламæ кувынц. Хус рæстæг куы скæны, кæнæ бирæ куы фæуары, уæддæр Уациллайæн лæгъстæ кæнынц.

Хистæр цины куывды бады, æмæ Уациллайы ном ма ссара, уый тыххæй гаджидау ма рауадза, уый арæх нæ вæййы.

Уациллайы бæрæгбон кодтой алы комы,  хъæуы дæр. Ис ын бирæ кувæндæттæ, фæлæ йæ сæйраг кувæндон ис Дæргъæвсы, Тбауы хохы. Иæ бæрæгбон арæхдæр вæй-йы, Кæрдæгхæссæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд. Ахæссы цалдæр боны. Бирæтæ Уациллайы бæрæгбон кусарт акæнынц.  Уациллайы бæрæгбон йæ мæгуырдзинад ничи æвдыста. Барджын бардуаг у, æмæ йын куывтой лæгъстæгæнгæйæ. Сылгоймæгтæ чъиритæ кодтой æнæдзургæйæ, сæ комытæф хыссæмæ куыд нæ фæхæццæ уыдаид, афтæ-иу сæ дзыхтæ истæмæй бабастой.

Кусарт-иу куы кодтой, уæд-иу бæгæны æмæ æртæ чъирийæ Уацилламæ скуывтой, цæмæй йын сæ нывонд барст фæуа. Кусæрттагæн-иу цæхх астъæрын кодтой. Йæ сæр-иу ын куы ралыг кодтой, уæд-иу æй артмæ бадардтой, йæ тæф куыд ра-цæуа, афтæ, стæй та-иу æй фæстæмæ бæрзæйыл авæрдтой.

Алы бинонтæ дæр-иу сæ кувинæгтæ Уациллайы кувæндонмæ ахастой. Кувæндонмæ хæстæг-иу æрлæууыдысты: дзуары бынмæ бацæуыны бар уыдис æрмæстдæр дзуары лæгæн.

Уациллайы бæрæгбоны-иу кувæндоны къусы дзаг бæгæны сæвæрдтой. Кæд-иу афæдзмæ бæгæны нæ фæкъаддæр, уæд æй амондджын азыл нымадтой. Адæм-иу дзуары лæджы рацыдмæ цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты, уæдæ нын цы хабар фехъусын кæндзæн, зæгъгæ. Дзуары лæг-иу бæгæны акалдта, æмæ-иу къус фæстæмæ ног бæгæ-ныйæ байдзаг кодта, йæхæдæг-иу куывддзаутимæ хъæумæ рацыд æмæ-иу адæмæн хабар фехъусын кодта.

Уыдис-иу афтæ дæр, æмæ-иу дзуары лæг æхсæвы кувæндоны баззад. Уыцы ‘хсæв, дам, Уацилла йæ кувæн бынатмæ æрцæуы, къусы цы бæгæны вæййы, уый акалы.

Уациллайы бæрæгбон ирон адæм абон дæр бæрæг кæнынц, йæ фадат кæмæн куыд амоны, афтæ йын йæ ном ссары. Бирæ хъæуты скæнынц хъæугуывдтæ. Аргæвдынц гал кæнæ род, фыс. Уыцы бонмæ сæрмагондæй сфыцынц бæгæны æмæ рауадзынц арахъ, фæкувынц, фæбадынц, фæзарынц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.