Бæрæгбон у, адæймаджы уæларвон тыгъдадимæ æнахуыр хуызы баст чи æрцæуы æмæ комкоммæ фæткон архайдыл нымад чи вæййы, ахæм рæстæджы скъуыддзаг. Бæрæгбон уыди хъæуы царды астæумагъз, мыггагмæ мысинаг цаутæй-иу сфидауцджын. Бæрæгбон-иу фæхайджын алæмæттаг æмæ зæххон æууæлтæй,  æнæмæнг æххæсткæнинаг æмæ сæрибар æууæлтæй, архайдтой-иу дзы хъæздыг дæр æмæ мæгуыр дæр, гæвзыкк уды хицау æмæ адæмы уарзон дæр, хайджын уыди зонд æмæ нæрæмондзинадæй. Бæрæгбоны-иу фесæфти æрвылбоны æнтъыснæг, кæрæдзимæ фыдæхы цæстæй кæсджытæ-иу бафидыдтой. Бæрæгбон-иу райхæлдта зæрдæты æлхынцъытæ, дуне-иу ирд ахорæнтæй сфæлыста.

Куадзæнæй фæндзай боны фæстæдæр ирæттæ бæрæг кодтой кæрдæгхæссæн. Рагацау-иу æм хи бацæттæ кодтой. Аргæвстой-иу далыс, скодтой-иу цæхæраджынтæ. Кувæг-иу æнæмæнг скуывта, фæззæджы бæркæдтæ куывдты хæринагæн æнæмæнг куыд бахъæуой. Уыцы бон лæппутæ æмæ чызджытæ æртæ чъирийы хастой доны былмæ кæнæ хуымтæм. Скуывтой-иу чъиритæй æмæ-иу æнæхъæн бон фæкафыдысты. Фæстæмæ куы здæхтысты, уæд хæдзармæ хастой дон æмæ кæрдæджытæ. Уыцы бон чи бакуса, уый тыхджын къæвда кæнæ их кæй расайын кæндзæн, ууыл æууæндыдысты. Алы зайæгхал-иу кæй æртыдтой, сæ кæртыты æмæ-иу сæ сæ агъуыстыты кæй байтыдтой, ноджы ма Чырыстон бæрæгбон Троицаимæ иу рæстæджы нысан кæй цæуынц, уый дæр у, се ‘хсæн фидар бастдзинад кæй ис, ууыл дзурæг. 

Кæрдæгхæссæны бæрæгбон уыди уалдзыгон быдырон куыстыты фæудимæ баст – зæхх-иу фæцъæх ис, бæлæстæ-иу сыфтæр рафтыдтой. Æппæт дæр уыди, быдырон куыст кæй фесты, ууыл дзурæг, адæм-иу куырдтой хъæздыг тыллæг. Бæлвырддæр дзургæйæ та, уалдзæджы  бæрæгбонтæй æппæты фæстагмæ арæзтой ацы бæрæгбон.

Кæрдæгхæссæнæй къуыри фæстæдæр райдайынц Дауджытæ. Уæд-иу ссардтой Дауджытæн се ‘ппæты нæмттæ дæр.

Фыдæлтæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ-дауджытæм куывтой бахъуыды заман, фæлæ сын æмхуызон нымад нæдæр афонæй уыдысты, нæдæр – бынатæй. Зæдтæм амыдтой комкоммæ сæрмагонд нæмттæй æмæ сын арæзтой кувæндæттæ – дзуæрттæ. Уыдысты сын уæларвон æмæ зæххон, дзырдтой сæм бардуагæй, ахстой бæрæгæй бæрзонд æмæ ныллæг бынæттæ, тахтысты базырджынтæй уæлæрвты, фæлгæсыдысты фылдæр бæрзондæй ныллæгмæ. Дауджытæ бадтысты ныллæджыты æмæ сын нæмттæ нæ уыд. Уыцы уырнынады, æмбарынадыл хъуыстысты фыдæлты ныхæстæ, кувыны хъуыдытæ афон æмæ бынат хынцгæйæ, ахæм хуызты: Хохы зæдтæ æмæ быдыры дауджытæ; Зæдтæ æмæ дауджытæ; Изæры зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ; Сæумæйы зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ; Уæларвон зæдтæ æмæ зæххон дуæгтæ; Цы зæд, цы дуаг дæ, ахъаз бакæн!

Зæды номæй дзырдтой бæрæг бынæттæм – Сæрзæд, Хъæуызæд. Дуаджы номæй уыцы хуызы нæ дзырдтой. Уæдæ зæдтæ фыдæлтæн тахтысты хохæй хохмæ, дзуарæй дзауармæ. Дуаг æртахти, зæгъгæ, фехъусæн нæ уыди, уымæн, æмæ фыдæлтæн дуæгтæ-дауджытæ уыдысты зæххон, æмæ тæхгæ нæ кодтой. Зæдтæй иутæ цардысты уæлæрвты (Аларды, Елиа, Уастырджи, Куырдалæгон, Хуртыхурзæрин), иннæтæн сæ бынæттæ уыдысты зæххыл (Фæлвæрайæн, Тутырæн, Уациллайæн, Ӕфсатийæн, Сафайæн, Сæрызæдæн, Хъæуызæдæн, бынатыхицауæн, Мадизæнæн).

Дауджытæ уыдысты зæххон æмæ бадтысты, змæлыдысты сæ кувæг адæмы  кусæн, улæфæн, цæуæн æмæ кувæн бынæттæм хæстæджыты æмæ хъуыстой алы афæтты царды хъæрмæ, змæлдмæ.

Уыдон дæр зæдтау Хуыцауы фæндонæй афæдз цыппар хатты бадтысты тæрхæтты-уынаффæтты.

Дауджыты бæрæгбонæн йæ ном дæр йæ уæлæ ис – равзæрди дзырд дуагæй (идауæг). Рагон ирайнæгтæм уый нысан кодта “æрвон тых”.

Дауджытæй райдайынц сæрды æмæ фæззæджы бæрæгбонтæ. Сегасы размæ дæр лæууы иу нысан – фæззæджы хортæ æрдзы фыдбылызхæссæг тыхтæй бахизын. Бæрæгбонтæ арæзт цыдысты уæларвон тыхтæн кад кæныны охыл, цæмæй уыдон хъахъхъæдтаиккой зæхкусæджы куыствæллой. Дауджыты бæрæгбон æппæты кадджындæр уыди Куырттаты комы. Йæ кувæндон ис “Дзиридзуары” хохы къабузтæй иуыл. Куырттаты комы кувæндæттæй уый уыди æппæты бæрзонддæр ран æмæ афтæ зыны, цыма комбæсты сæрты тæхы. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой, æппæты цытджындæр дзуæртты бынæттæ æппæты бæрзонддæр рæтты уыдысты.

Бæрæгбонмæ-иу бахсыстой бæгæны, рауагътой-иу арахъ. Кæмæн куыд йæ фадат уыд, ахæм кусарт-иу акодта, фæлæ арæхдæр æргæвстой уæрыкк. Бæрæгбоны фынгыл-иу æрæвæрдтой æртæ чъирийы кусарты хуылфыдзаумæттæй физонæг, афтæмæй-иу скуывтой Дауджытæм.

Кувæндонмæ-иу ахастой æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ нозт. Дзуары лæг-иу скуывта Дауджытæм. Сæ хорзæх сæ куыд уа, азæй-азмæ æртæ чьирийæ куыд кувой. Уый фæстæ-иу æрбадтысты æмæ-иу райдыдта сæ куывд. Куывддзаутæ-иу хъæутæм куы здæхтысты, уæд-иу хъæзтытæ сарæзтой

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.